29 июны уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æстæм сессийы фарас-тæм рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал уынаффæ кæнынмæ рахаста «Иумæйаг хъæууонхæдзарадон сфысты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект.

Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, ацы закъоны проектыл уынаффæ кодтой РХИ-йы Парламенты сессийы рабадты рæстæджы, фæлæ æрвыст æрцыд, цæмæй йыл лæмбынæгдæр бакусой, æмæ уый фæстиуæгæн хаст цæуынц иуæй-иу ивддзинæдтæ.

Ацы фарсты фæдыл æрныхас кодта РХИ-йы    Президенты æххæстбарджын минæвар Парла-менты Гобозты Вячеслав. Уый банысан кодта, РХИ-йы Конституци æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны исады тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ гæсгæ, зæхх нæ Республикæйы ис æрмæстдæр паддзахады къухы. Уымæ гæсгæ ацы закъоны 6-æм статьяйы хъуамæ аиуварс кæнæм дзырд «исады хицæуттæ» æмæ хъуамæ фыст æрцæуа ахæм хуызы:

«6-æм статья. Хъæууонхæдзарадон сфысты объекттæ:

Хъæууонхæдзарадон сфысты объекттæ, зæгъгæ, уыдон æмбарын хъæуы, куыд юридикон æмæ физикон гоймæгтæ, кæцытæ сты зæххы фадгуытæй пайдагæнджытæ, сæ хицæуттæ кæнæ та арендатортæ, кæцытæ лæвæрд сты, кæнæ сæ  пайда кæнынц хъæууонхæдзарадон продукци уадзынæн, кæнæ та фос дарынæн.

Хъæууонхæдзарадон сфысты объект ма у паддзахад»

Ацы Закъоны проект депутаттæ райстой æм-хъæлæсæй.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игорь уынаффæ кæнынмæ рахаста «2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивын-дзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект.

Ацы фарсты фæдыл æрныхас кодта РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы закъоны проектыл бакусыны   ахсджиагдзинад ис уый мидæг, цæмæй корректировкæ æрцæуа 2018 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджет æфтиæгты хаймæ фæрæзты бацыд, афтæ ма хицæн здæхтыты бюджеты хæрдзтæ фæфылдæр кæнын хынцгæйæ.

Бюджеты æфтиæгты   хайыл дзырд куы цæуа, уæд уый та хъуамæ фæфылдæр уа 51640, 68 мин сомы.

РХИ-йы террриторимæ цы тамакойы продукци ласт цæуы, уыдоны акцизтæй æфтиæгтæ хынцгæйæ   цы товартæ (куыстытæ, лæггæдтæ) реализаци цæуынц, уыдонæй фиддонты æфтиæгтæ сты 5 904, 01 сомы бæрц РХИ-йы территорийы.

Уымæй уæлдай, Хæбæлаты Азæ депутатты бæстон базонгæ кодта РХИ-йы паддзахадон бюджеты хæрдзты хаимæ, алы дæлхай дæр хицæнæй, банысан кодта фæндон кæй хастæуы 99 544, 69 мин сомы бæрцæй фæфылдæр кæныны тыххæй.

Закъоны проектыл æруынаффæ кæныны фæстæ, Цоциты Игорь банысан кодта, ацы фарстыл кæй уынаффæ кодтой профилон комитеты æмæ РХИ-йы Парламенты Президиумы дæр, æрвыст кæй æрцыд æппæт парламентон комитеттæм. Уый фæстæ æппæт фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ хынцгæйæ хаст æрцыд сессийы рабадтмæ.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Чилæхсаты Владимир æмæ Тедеты Нонæ.

Ацы закъоны проектыл депуаттæн сæ фылдæр сразы сты.

Уыцы комитет ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «2017 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджет сæххæст кæныны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Ацы фарсты фæдыл парламентариты раз раныхас кодта РХИ-йы Пенсион фонды сæрдар Тасойты Азæ. Нысан æрцыд, 2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджет æххæст кæй цæуы «2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проектмæ гæсгæ. Рабадты рæстæджы уынаффæ цыд 2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджеты æфтиагон æмæ хардзон хæйттæ æххæст кæныны сæйраг фарстатыл.

«2016 азмæ абаргæйæ пенсиисджытæ фæфылдæр   сты   263   адæймаджы   онг  кæнæ  та   7 проценты уыимæ иумæ иумæйаг фиддонты рæстæджы æхгæд æрцæуынц дыгай номхыгъдтæм чи бахауд, уыдон пенсион хъуыддæгтæ.  2018 азы 1 январæй Республикæйы астæуккаг пенси  у 6 250 мин  сомы  бæрц,  астæуккаг  фæллойадон – 6 740 мин сомы бæрц, астæуккаг социалон – 4 334 сомы бæрц. Уыимæ иумæ 400 адæймаджы бæрц пенси исынц 2 900 сомы бæрц, цалдæр адæймаджы та 1 400 мин сомы бæрц», – загъта Тасойты Азæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæхъæн аз фонд сфидар кодта, фæдзæхсæн фиддонтæ чи нæ фиды, уыдонæн инкассон хæслæвæрдтæ,  цæмæй аиуварс кæной 18 367 мин сомы бæрц хæс, æмæ персонификацион хыгъд сфидар кæныны тыххæй мадзæлттыл та бахардз ис 4 193, 9 мин сомы бæрц.

Ацы фарстыл уынаффæ кæныны хайад райстой Парламенты депутаттæ Тедеты Руслан, Плиты Агуындæ, Плиты Александр, Дьяконты Амыран æмæ Тасойты Барис.

Ацы закъоны проект бавдисгæйæ, Цоциты Игорь банысан кодта, закъоны проектæн арæзт кæй у хъæуæг документаци æмæ бахатыд депутаттæм, цæмæй ист æрцæуа.

Закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй .

Дарддæр сессийы рабадты уынаффæ кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны капиталон арæзтцæуæг  объекты реконструкци æмæ капиталон цалцæг кæныны, арæзтады фадыджы фæткхалæнты фæдыл администативон бæрндзинады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект. Æрбавдыста йæ Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинæдты æмæ æрдзон фæсауæрцты фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Руслан.

«Ацы фарстыл нæ комитет ныхас кодта ацы аз майы, фæлæ нæ коллегæтæм фарстатæ кæй сæвзæрд барадон æгъдауæй йæ æххæст кæныны тыххæй, уымæ гæсгæ скъуыддзаг æрцыд, лæмбынæгдæр ыл бакусыны, æмæ уый фæстæ сессийы рабадтмæ бавдисыны тыххæй. Ног редакцийы ууыл куыст æрцыд æмæ йæ Парламентмæ бавдыста РХИ-йы Хицауад . Арæзт сты æнæмæнгхъæуæг  документтæ  дæр», – загъта  Тедеты Руслан.

Нысангонд æрцыд, зæгъгæ, закъоны ног редакцийы райсыны æнæмæнгхъæуындзинад уый мидæг ис, цæмæй фыццаджыдæр РХИ-йы территорийыл арæзтадон цæстдарды фадыджы æххæстбарджын цæстдарæг орган сфидар кæнын, афтæ ма капиталон арæзтады объектты капиталон реконструкцийы æмæ цалцæг кæныны, арæзтады фадыджы фæткхалæнтæ ма уадзын æмæ аиуварс кæныны тыххæй.

«Ацы закъоны проекты райст сараздзæн æнæмæнгхъæуæг барадон бындур респуб-ликæйы æххæстгæнæг хицауады органты эффективондæр куыстæн», – банысан кодта Тедеты Руслан.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Бесаты Зитæ, Мамиты Инал, Къозонты Алан, Хуыбиаты Альберт, афтæ РХИ-йы Уæлдæр тæрхондоны Сæрдар Коцты Олеся.

Уынаффæ кæныны фæстæ, закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Сессийы рабадты боны фæткы иннæ пункт уыд «Персоналон бæрæггæнинæгты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект. Ацы закъоны проект уынаффæ кæнынмæ рахаста Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуынаффæйы фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Нонæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æвзаргæ паддзахадон бынатмæ цы кандидаттæ цæуынц, уыдон ног закъондæттæн нормæтæм гæсгæ хъуамæ фыстæй бар радтой сæ персоналон зонæнтæ трансарæнон æгъдауæй адæттын æмæ сыл бакусыны тыххæй.

«Мах куыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, афтæ нын бар ис æндæр паддзахады æмбæстагдзинад нын уа, фæлæ кæд РХИ-йы территорийыл цæрæм, уæд хъуамæ цæрæм республикæйы закъонмæ гæсгæ.

– Адæймаг фондз азы ам куынæ цæра, уæд йæ бон нæу Парламентмæ депутатæй йæхи раразмæ кæнын», – загъта Тедеты чызг.

Закъоны проекты ныхмæ раныхас кодтой цалдæр депутаты. Бестауты Зитæ куыд банысан кодта, афтæмæй закъоны проект у республикæйы Конституцийы ныхмæ. «Пад-дзахадæн йæ бон нæу, æмбæстаг бынатмæ æвзарыны тыххæй йæхи куы раразмæ кæна, уæд ын йæ персоналон зонæнтæ равдисын кæнын. Уый халы Хуссар Ирыстоны закъондæттынад æмæ дунеон конвенциты. Уымæй дæр не ‘мбæстæгтæй сæ фылдæрмæ ис дывæр æмбæстагдзинад, Уæрæсейы та уыцы фадыджы архайынц æндæр нормæтæй, уый тыххæй уæрæсейаг фарс нæ æвдисдзæн йе ‘мбæстæгты тыххæй бæрæггæнæнтæ хуссарирыстойнаг хицауиуæгады органты домæнмæ гæсгæ», – банысан кодта депутат.

Депутат Уалыты Розæ рахæцыд закъоны проекты фарс,  афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ, республикæйæн уæззау рæстæджыты сæ адæмы фарсмæ чи нæ уыд, уыцы адæймæгтæн бар нæй сæхи раразмæ кæной, хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн цы бынæтты нысан кæнынц, уырдæм.

Барасткæнинæгтæ бахæссыны фарс рахæцыдысты депутаттæ Тасойты Барис, Гæбæраты Юри æмæ æндæртæ.

Йæ рады депутат Харебаты Сергей фæндон бахаста министрты æмæ æндæр бæрнон бынæтты кусæг чиновникты тыххæй æдзух республикæйы цæрыны ценз бахæссыны тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, адæмы раз уыдон дæр депутаттæй къаддæр бæрндзинад нæ хæссынц.

Сæйраг тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся дæр комментаритæ сарæзта бараст-кæнинæгты тыххæй, ома, æвзарæгæн бар ис, цæмæй зона, цы кандидаты фарс хæцы, уый кæм æмæ цы архайы.

«Фылдæр хатт ЦÆК нæ фæзоны, Хуссар Ирыстоны æддейæ кандидатæн цы исад ис, цы архайы æмæ афтæ дарддæр. Æвзарæгæн та бар ис, цæмæй зона, кандидат цы архайы, уый», – загъта Коцты Олеся.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хæцы, паддзахадон бынæттæм цы адæймæгты снысан кæнынц, уыдонмæ ахасты дæр ахæм нормæтæ бакæныны фарс.

Парламенты спикер Гасситы Петр дæр банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, кæцытæ æдзухæй цæрынц республикæйы, уыцы нымæцы ацы сæвзæрсты депутаттæ дæр, нæ хауынц ацы закъоны проекты æндæвдадмæ.

Ацы закъоны проекты фарс  рахæцыдысты 19 депутаты, æхсæзæй схъæлæс кодтой йæ ныхмæ, æртæйæ та сæхиуыл фæхæцыдысты.

Парламентаритæ уынаффæ кодтой ОАО СК «Югосетгосстрах»-ы архайд сбæрæг кæнын РХИ-йы Генералон прокуратурæйæн бахæс кæныны фарсты фæдыл. Фарст уынаффæмæ раразмæ кодта Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр куыд банысан кодта, афтæмæй ацы компанимæ автомашинæты хицæуттæ фидынц фæдзæхсты тыххæй æхца, фæлæ сæ къухмæ райсынц æрмæстдæр ахæм гæххæтт, кæцы æппындæр ницы скъуыддзаг кæны.

«Раст зæгъгæйæ, та мах уыцы фæдзæхстон компанийæн æхца уый тыххæй нæ фидæм, цæмæй райсæм æрмæстдæр гæххæтт мыхуырæвæрдимæ. Машинæйы хицау фæдзæхстгонд машинæйыл аварийы куы бахауы, уæд фæдзæхстон компанийæ иу къапекк дæр нæ райсы. Автотранспорты хицæуттæ аварийы рæстæджы ныфс февæрынц, фæдзæхстон компанийæ нæ, фæлæ кæй аххосæй æрцыд авари, цæмæй уый йæхимæ райса бæрндзинад æмæ машинæ сцалцæг кæна», – банысан кодта Гасситы Петр.

Йæ рады Джиоты Инал банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы территорийыл йæ уæвынады рæстæджы компани нæ фиды хъалонтæ.

Гасситы Петр фæндон бахаста, цæмæй Генералон прокуратурæйæн бахæс чын-дæуа компани ОАО СК «Югосетгосстрах»-ы фæдзæхстон финансон архайды фæдыл фæдагурæн мадзæлттæ ауадзын.

Ацы фæндоны фарс æмхъæлæсæй рахæцыдысты депутаттæ иууылдæр.

Рабадты рахастæуыд фарст РХИ-йы Парламенты депутатты парламентон ка-никулты тыххæй дæр.

Парламенты Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ,  депутатон каникултæ аххæсдзысты ацы азы 2 июлæй 5 августмæ. Парламентон каникулты рæстæджы депутаттæ дарддæр дæр æмбæлдзысты æвзарджытимæ.

Ууыл йæ куыст фæцис æхсæзæм сæвзæрст Парламенты æстæм сесси.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.