19-æм декабры уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æвдæм сессийы æхсæзæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал. Сессийы куысты хайад райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Парламенты Мандатон къамисы сæрдар Бекъойты Геннади æруынаффæ йыл кæнынмæ рахаста вакантон депутатон мандат радтыны тыххæй фарст. РХИ-йы Политикон парти «Иугонд Ирыстон» кæй раразмæ кодта, уыцы республикон номхыгъды сконды сæвзæрст РХИ-йы æхсæзæм æрсидты Парламенты депутат Коцты Олесяйы æххæстбартæ æмгъуыдæй раздæр æруромыны сæраппонд æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты æвзæрстыты тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны 80-æм статьямæ гæсгæ РХИ-йы Парламент уынаффæ кæны:Æнæмæнгхъæуæгыл нымад æрцæуæд æхсæзæм æрсидты РХИ-йы Парламенты депутаты вакантон мандат республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» кæй раразмæ кодта, уыцы кандидатты республикон номхыгъды регистрацигонд РХИ-йы Парламенты депутаттæм кандидат Цоциты Игорь Гедеваны фыртмæ адæттын банымадта, чи йæ раразмæ кодта, уыцы парти æмæ йыл уынаффæ кодтой РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадты.

Цоциты Игорæн вакантон бынат радтыны тыххæй депутаттæ схъæлæс кодтой æмзæрдæйæ, дыууæ депутаты та сæхиуыл фæхæцыдысты. Бюджет æмæ хъалонты фæдыл Парламенты комитеты сæрдар Коцты Жаннæ депутатон корпусмæ æркæсынмæ йæм рахаста «2018 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы За-къоны проект. Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ, кæцы депутатты базонгæ кодта фидæн азæн бæстæйы  финансон документы сæйраг барæнтимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2018 азæн паддзахадон бюджеты æфтиагджын хай бæрæг æрцыд 7 миллиард 672 милуан 260 мин сомы бæрцæй, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстонæн цы финан-сон æххуыс кæны, уый гуырахст хынцгæйæ.  Æдæппæтæй уæрæсейаг финансон æххуысы хайы æфтиæгты иумиаг гуырахст у 86,5 проценты кæнæ та 6 миллиард 592 милуан 100 мин сомы. Ацы суммæйæ 4 миллиард 498 милуан 50 мин сомы сты РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн финансон æххуыс.

2 миллиард 93 милуан 600 мин сомы сты 2018 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ æххæст кæныны фæлгæтты бюджетон инвестицитæ сæххæст кæныны нысæнттæн.

2018 азы паддзахадон бюджеты хисæрмагонд хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгтæ уыдзысты 1 миллиард 80 милуан 160 мин сомы, кæцы паддзахадон бюджеты æфтиæгты иумиаг гуырахстæн у йæ 14,1 проценты. (паддзахадон бюджеты æххæст текст мыхуыр æрцæудзæн дзыллон информацийы фæрæзты).

Финансты министр ма депутаттæн фехъусын кодта, зæгъгæ, 2018 азы дæр бюджетон фадыджы кусджытæн фæбæрзонддæр уыдзæн сæ куыстмызд. Уымæй дарддæр ма, 880 милуан сомы хицæн æрцæудзысты Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн уæлæмхас сразыдзинæдтæ, алыгъуызон социалон программæты план сæххæст кæныны тыххæй. Хæбæлаты Азæ банысан кодта, зæгъгæ, 2018 азæн бюджет аразыны рæстæджы нæ нысан уыд 2017 азы бюджетимæ абаргæйæ базæйон бæрæггæнæнтæ ма фæныллæгдæр кæнын, æмæ уый нæ къухты бафтыд.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы Президенты архайды руаджы нæ къухты бафтыд æнæдефицитон бюджет саразын, развæлгъау прогнозтæм нæ кæсгæйæ. Республикæйы Парламент профессионалон бындурмæ кæй хизы, уый фæдыл бюджеты æрбавдисгæ проекты фæрæзтæ хаст кæй нæ уыд, уый фæдыл финансты министр банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг суммæтæ ссардзысты, æмæ бюджетмæ æмбæлон барасткæнинæгтæ хаст æрцæудзысты 2018 азы январы кæрон. «Ис бæрæг фæсауæрцтæ, кæцытæ ратдзысты бюджеты хардзон хаймæ æркæсыны фадат. Уымæ гæсгæ чысыл æмæ астæуккаг  бизнесы льготон кредиттæ дæттын æмæ профессионалон парламент бюджеты ссардзысты сæ хай», – загъта Хæбæлаты Азæ .

2018 азæн паддзахадон бюджеты фæдыл фарстытæ радтой депутаттæ Чилæхсаты Владимир, Плиты Агуындæ, Диакъонты Амиран, Мамиты Инал, Бесаты Зитæ æмæ æндæртæ. Сæрмагондæй Чилæхсаты Владимир бацымыдис кодта хъæууон хæдзарады фадыджы  хицæнæй сплангонд хæрдзты дих кæныны фарстмæ. Диакъонты Амиран банысан кодта социалон-экономикон рæзты программæтыл бакусын æмæ сæ Парламенты сфидар кæныны фарст.

Парламенты Сæрдары уынаффæ-гæнæг Санахъоты Георги зæрдыл æрлæууын кодта, Парламентæн æндæр ведомствотæ кæмæй спайда кодтой, уыцы бюджетон фæрæзтæ æрбаздахыны тыххæй фарст. 2018 азы бюджеты фæдыл ныхас кæнгæйæ, профилон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ банысан кодта, зæгъгæ, Парламенты куыст нæу,  хицауад цы документалон матрицæ æрбавдыста, уыимæ æнæсымæй сразы уæвын.

«Фæнды мæ банысан кæнын, бюджет аразыны депутаттæ кæй ницы хайадисынц. Махæн æрмæст фехъусын кæнынц, зæгъгæ, цахæмдæр суммæтæ хицæнгонд æрцыдысты иу кæнæ иннæ фадыгæн. 2018 азы бюджет тынг нæ хицæн кæны ивгъуыд азы бюджетæй. Фæлæ ацы бюджет æнæдефицитон кæй у, уый у æвæрццаг бæрæггæнæн абоны куысты. Кæд æмæ махмæ бюджетмæ æркæсыны райдианы дефициты уыд 50 милуан сомы, уæд абон уавæр рарастгонд æрцыд, уыцы нымæцы президенты æмархайды руаджы», – загъта Коцты Жаннæ.

Депутат Мамиты Инал куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ бюджетыл иумиаг куыст хъуамæ райдайа, министрадты æмæ парламентон структурæты бюджеты æмæ социалон-экономикон рæзты фæдыл сæ фæндæттæ цæттæ кæнын куы райдайынц, уæд. «Уый фæрцы махæн уыдзæн хорз фæстиуæг», – загъта уый.

Уынаффæйы фæстæ парламентаритæ æмхъæлæсæй рахæцыдысты 2018 азы бюджеты проекты фарс, йæ райсыны пайдайæн схъæлæс кæнгæйæ.

Парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ ма æруынаффæ йыл кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы дыккаг хайы архайды райдианы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 1 ста-тьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Ацы фарстыл уынаффæ кодтой профилон комитеты æмæ Парламенты Президиумы рабадты.

2015 азы 30 декабры райсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты ацы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссын æнæмæнгхъæуæг ссис уымæн, æмæ ивгъуыд азы цæрджыты материалон уавæры æмвæзад кæй нæ фæбæрзонддæр. 2016 азы январæй РХИ-йы Хъалонты кодексы архайды райдианимæ, фæбæрзонддæр иурæстæгон æфтиаджы хъалон, кæцы æнæразыдзинад сæвзæрын кодта амалиуæггæнджытæм. Кæд æмæ 2018 азы январы йæ тыхы бацæуа Хъалонты кодексы 25 сæр, уæд уый зындзинæдтæ æрхæсдзæн цæрджытæн. Уымæй дарддæр ма, æнæмæнгхъæуæг у РХИ-йы Хъалонты кодексы дыккаг хайы 25 сæрæн йæ тыхы бацæуыны æмгъуыд адарддæр кæнын æппынкъаддæр иу азы æмгъуыдмæ.

«Ивгъуыд аз мах æрурæдтам Хъалонты кодексы статьяйы архайд, кæцыйы хынцыд уыд паддзахадон хъалон цалдæр хатты фæфылдæр кæнын куыд юридикон, афтæ физикон цæсгæмттæн дæр. Сæрмагондæй, Хъалонты кодексы хынцыд уыд бынтæ радтыны тыххæй,  æвдисæндар радтыны, паспорт радтыны фæдыл фиддонтæ фæфылдæр кæнын æмæ афтæ дарддæр. Фиддонтæ хъуамæ фæфылдæр уыдаиккой æртæ хатты, æмæ паддзахадон фиддонты хицæн хуызтæ та  – 8 хатты онг. Фæлæ республикæйы цæрджыты цардуагон æмвæзад кæй нæ бæрзонддæр кæны социалон фадыджы, кæд куыстмыздтæ рæзынц, уæддæр, уый тыххæй ист æрцыд уынаффæ президенты æмразыйæ Хъалонты кодексы ацы статья йæ тыхы бацыд ноджы иу азмæ æруромыны тыххæй. 2019 азмæ профилон комитет Хъалонты комитетæн амынд дæтты фиддонты ацы хуызтæ юридикон æмæ физикон цæсгæмттыл ахицæн кæныны тыххæй, æрмæстдæр юридикон цæсгæмттæн паддзахадон фиддонтæ фæфылдæр кæнгæйæ», – загъта Коцты Жаннæ.

Депутаттæ æмзæрдæйæ схъæлæс кодтой ацы закъоны проекты тыххæй.

Экономикæ, чысыл амлиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады парламентон комитет æруынаффæ йыл кæнынмæ рахаста 2018 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты План. Ацы фарсты фæдыл рауæрхгонд информаци  радта Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, «2018 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты Планы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады уынаффæйы проект арæзт æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон стратегион планкæнынады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 15 статьямæ гæсгæ, кæцы ист æрцыд 2011 азы 25 ноябры. План здæхт у РХИ-йы социалон-экономикон рæзты фыццаградон хæстæ аскъуыддзаг кæнынмæ, экономикон æмæ социалон фадыджы фидар рæзтмæ рахизынмæ, сæ бæстон цæрæн бынæттæй хъæууон цæрджыты æндæр рæттæм цæуыны хъуыддаг æруромынмæ. Планы бакуыст æрцыд 2030 азты онг Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты стратегийы нысæнттæм гæсгæ.

Нæ разылæууæг хæстæм гæсгæ:

– анализ арæзт æрцыд социалон-экономикон уавæрæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзты сæйраг проблемæтæн;

– бæлвырдгонд æрцыдысты нысæнттæ æмæ хæстæ, рæзты приоритеттæ, ныртæккæйы уавæры спецификæ хынцгæйæ;

– бæрæг æрцыдысты 2018 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзты сæйраг здæхтытæ.

Докладгæнæг радзырдта, документты фæдыл куыст куыд цыд, йæ аразыны рæстæджы цахæм приоритеттæ æвæрд æрцыдысты, уый тыххæй. Дарддæр уый лæмбынæг æрлæууыд документы сæй-раг уагæвæрдтыл (йе ‘ххæст текст мыхуыр æрцыд). Уымæй дарддæр ма, планыл бакусæг сбæрæг кодта «риссаг бынæттæ» республикæйы социалон-экономикон ныртæккйы уавæры, йæ аххосæгтæ, кæцытæ æркодтой ахæм уавæрмæ æмæ экономикæйы рæзты фæндæгтæ.

Ацы фарсты фæдыл дискусситы раныхас кодтой депутаттæ Къозонты Алан, Къацты Филипп, Диакъонты Амиран, Бесаты Зитæ æмæ æндæртæ. Уынаффæ кодтой æгуыстдзинад, æххуысхъуаг бинонты, физикон цæсгæмтты æфтиæгты хъалонæвæрды, райсгæ фæрæзты хардз кæныны, хисæрмагонд хъомысæй спайда кæнын, туризмы рæзт, деморгафион уавæр, бастдзинад, антимонополон закъондæттынад æмæ æндæр проблемæтыл. Æппæт фарстытæн дæр лæвæрд æрцыдысты лæмбынæг дзуаппытæ.

Профилон комитеты сæрдар Джиоты Инал раарфæ кодта Планыл бакусджытæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй, æмæ æппæт раныхасгæджытæн та – ацы документмæ сæ цымыдисон ахасты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фарстыл уынаффæ кодтой йæ дæлбар комитеты, Планы текст æрвыст æрцыд æппæт депутаттæм æмæ йæ хорзыл банымадтой РХИ-йы Парламенты Президиумы. Депутаттæ æмхъæлæсæй хорзыл банымадтой  2018 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзты План.

Сессийы рабадтæн хатдзæгтæ сарæзта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал.

Сессийы куысты хайад райстой Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, РХИ-йы Хицауады аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Алан, Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты сæрдар Къадзты Владимир, Парламенты РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Гобозты Вячеслав, Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон

управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.