20-æм февралы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æхсæзæм сессийы æртыккаг рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Рабадты райдианы парламентаритæ сфидар кодтой боны фæтк, депутат Плиты Александры фæндонимæ сразы уæвгæйæ, боны фæткмæ «Алыгъуызон фарстаты» хай бахæссыны тыххæй. Парламенты мандатон къамисы сæрдар Бекъойты Геннади уынаффæмæ рахаста æхсæзæм æрсидты Парламенты депутат Тедеты Гермагены æххæстбартæ æмгъуыдæй раздæр æруромыны тыххæй фарст. Бекъойты Геннади куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Адæмон партийы генералон советæй æрбацыд куырдиат йæхи фæндонмæ гæсгæ депутатон корпусы скондæй Тедеты Гермагены ракæныны тыххæй. «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаты статусы тыххæй» уагæвæрдмæ гæсгæ, кæцы хынцыд у РХИ-йы Закъоны, РХИ-йы Парламенты депутат Тедеты Гермагены æххæстбартæ æмгъуыдæй раздæр урæд æрцыдысты. Парламенты депутаты вакантон мандат «РХИ-йы Парламенты депутаты æвзæрстыты тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ гæсгæ лæвæрд æрцæудзæн Къуезерты Арсенмæ, кæцы æхсæзæм æрсидты РХИ-йы Парламенты депутаттæм кандидатæй регистраци æрцыд Адæмон парти кæй раразмæ кодта кандидаты, уыцы номхыгъдæй.

Ротацион фæндон хорзыл банымадтой æмхъæлæсæй.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся æркæсынмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Федерацийы административон тæрхондонон кондады Кодекс архайды тыххæй фарст. Уæрæсейы Федерацийы административон тæрхондонон кондады Кодексы хынцыд æрцыд цалдæр инстанциты административон хъуыддæгтæм æркæсын, уыцы нымæцы апелляцион инстанци дæр. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ РХИ-йы тæрхондæттынад хынцыд нæу апелляцион инстанциты хъуыддæгтæм æркæсын, æмæ кассацион æмæ цæстдарды инстанциты кондад та æххæст цæуы УФ-йы административон тæрхондонон кондады кодекс æй куыд сфидар кодта афтæ нæ, фæлæ æндæр фæткы. Уымæ гæсгæ сæвзæрд æнæмæнгхъæуындзинад РХИ-йы территорийыл УФ-йы административон тæрхондонон кондады Кодекс æмæ архайды фæтк сфидар кæныны тыххæй.

Коцты Олеся куыд бамбарын кодта, уымæ гæсгæ ацы закъоны проектмæ æркæсыны тыххæй фæндон бахаста РХИ-йы Президент æмæ ныридæгæн у ныртæккæ архайгæ нормативон уагæвæрдтæй сæ иу, кæцытæ развæлгъау æмбарын кæнынц (оговаривают) РХИ-йы территорийыл процессуалон кодификацион актты архайд. Сæрмагондæй, РХИ-йы территорийыл ныридæгæн архайынц Уголовон процессуалон кодексы, Арбитражон процессуалон кодексы æмæ Æмбæстагон процессуалон кодексы нор-мæтæ.

Коцты Олеся ма банысан кодта, зæгъгæ, уæлдæрзагъдгонд документтæ архайдмæ баконд цыдысты РХИ-йы Парламенты Уынаффæйы хуызы уый тыххæй дæр, цæмæй хъахъхъæд æрцыдаид иугъуызон ахаст. Комитет нымайы æнæмæнгхъæуæгыл ацы документ райсын закъондæттынадон акты хуызы нæ, фæлæ РХИ-йы Парламенты Уынаффæйы формæйы, кæцы йæ тыхы бацæудзæн официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

Профилон комитеты фæндоны æвварс æмхъæлсæй рахæцыдысты депутаттæ.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Жаннæ депутатон корпусмæ уынаффæмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 152-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект, цыран сæрмагондæй хастæуы РХИ-йы Хъалонты Кодексы 152-æм статьяйы 7-æм пункт равæрд æрцæуæд ахæм редакцийы: «кондадон-технологон ифтонггæрзтæ, уыцы нымæцы уымæ комплектон æмæ фæсауæрцон хæйттæ, кæцыты аналогтæ уагъд нæ цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл».

Коцты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, профилон комитет хæцы ацы фæндоны æвварс, уымæн æмæ дзырд цæуы амалиуæггæнджытæн паддзахадон æххуысы формæ-тæй сæ иуыл, кæцыты фæнды РХИ-йы сæ архайд æххæст кæнын.

«Бахæсгæ ивындзинæдтæ хауынц æр-мæст инвестортæм нæ, фæлæ ма амалиуæггæнджытæм æмæ уыцы паддзахадон уагдæттæм, кæцытæ кондадон-технологон ифтонггæрзтæ ласдзысты комплектонтимæ иумæ», – загъта Коцты Жаннæ.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы закъоны проекты 2-æм статьяйы фыст ис, зæгъгæ, закъоны проект йæ архайд апарахат кæндзæн уыцы ахастытæм дæр, кæцытæ нысан æрцыдысты 2016 азы 1 январы. Фæлæ профилон комитет равдыста йе ‘нæразыдзинад ацы фæндоны фæдыл, ацы закъоны проекты æвварс рахæцыны тыххæй депутатон корпусæн срекомендаци кæнгæйæ, 2-æм статья рацух кæнгæйæ æмæ бацамонгæйæ, зæгъгæ, закъон йæ тыхы цæуы йæ райсыны бонæй.

Йæ рады Бибылты Анатоли рахæцыд Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты фæн-доны æвварс. «Ацы проекты развæлгъау нысан цæуы пункт, кæцы хъуамæ хъалонтæй ссæрибар кæна ифтонггæрзты, кæцыты РХИ-йы территоримæ 2016 азы 1-æм декабры æрбаласта «Мегафон-Хуссар Ирыстоны». Æз дæн «Остелеком»-æн цахæмфæнды льготæтæ радтыны ныхмæ, уымæн æмæ ацы компани йæ адæмæн хорзæй ницы аразы нæдæр бастдзинады, нæдæр тарифон аргъты политикæйы, нæдæр интернеты тагъдад æмæ аргъ фæхуыздæр кæныны фæдыл. Уымæй дарддæр ма, «Остелеком» иу хатт дæр акциты 25% æфтиæгтæ никуы ахынцыдта, кæцытæ сты паддзахады», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Йæ рады, депутат Диакъонты Амиран банысан кодта, зæгъгæ, «Мегафон» у Хуссар Ирыстоны сотон бастдзинады иунæг оператор æмæ закъондæтджытæ куынæ райсой барасткæнинæгтæ, æмæ бастдзинадимæ проблемæтæ куы сæвзæра, уæд аххос æвæрд æрцæудзæн Парламентыл.

Ацы фарст комментари кæнгæйæ, Бибылты Анатоли фæндон бахаста депутатон корпусмæ ацы темæйыл парламентон байхъуыстытæ ауадзыны тыххæй æмбæлон структурæтæ йæм æрбакæнгæйæ. Уынаффæйы фæстæ депутаттæ райстой закъоны проект профилон комитеты бахæсгæ ивындзинæдтæ бахынцгæйæ.

Ацы комитет ма парламентариты размæ æркæсынмæ рахаста «Таможнæйон тарифы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект, кæцы здæхт у РХИ-йы амалиуæгадон архайды рæзтæн барадон уавæртæ баххæст кæнынмæ. Сæрмагондæй, «Фиддонтæй ссæрибар кæныны» тыххæй закъоны проекты 26-æм статья баххæст æрцæуæд ахæм мидисы пунктæй: «кондадон-технологон ифтонггæрзтæ, уыцы нымæцы уымæ комплектон æмæ фæсауæрцон хæйттæ, кæцыты аналогтæ уагъд нæ цæуынц РХИ-йы территорийыл». Депутаттæ ацы закъоны проект райстой æмхъæлæсæй.

Сессийы рабадты боны фæткы сæйраг пункттæм æркæсгæйæ, депутаттæ рахызтысты «Алыгъуызон фарстыты» хаймæ бахæсгæ фарстытыл уынаффæ кæнынмæ. Сæрмагондæй, депутат Диакъонты Амиран равдыста Адæмон партийы позици æвзæрстыты агъоммæйы компанийы алыварс сæвзæргæ уавæры ахасты. «Фæнды нæ æруынаффæ кæнын уыцы негативон процесстыл, кæцытæ цæуынц æвзæрстыты агъоммæйы компанийы алыварс æмæ нæ партийы цæстæнгас равдисын. Нымайæм æнæрайсгæйыл хицæн бæрнон адæймæгты ныхæстæ æмæ комментаритæ дзыллон информацийы фæрæзты æвзæрстытæм президенты бынатмæ хицæн кандидаты ма бауадзыны тыххæй. Нымайæм афтæ, æмæ уый гуымирæй халы «РХИ-йы Президенты æвзæрстыты тыххæй» Конституцион Закъон, æппæт кандидаттæн æмхуызон бартæ сифтонг кæныны хайы», – фехъусын кодта Диакъонты Амиран, афтæ ма административон ресурс райсыны ныхмæ раныхас кæн-гæйæ.

Йæ рады, Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ акцент арæзт хъуамæ æрцæуа закъондæттынад бахъахъхъæнынмæ. «Мах алы хатт дæр сидтыстæм æмæ сиддзыстæм, цæмæй æппæт æмбæстæгтæ дæр, уыдон Президенты бынатмæ кандидаттæ сты æви хуымæтæджы æвзарджытæ, архайой закъонмæ гæсгæ. Иууылдæр, Президентæй райдайгæйæ, æмæ рæнхъон æмбæстагæй фæугæйæ, ЦÆК, Парламент æмæ Хицауад хъуамæ кусой закъонмæ гæсгæ нæ адæмы сабырдзинад бахъахъхъæныны тыххæй», – банысан кодта Парламенты Сæрдар.

Адæмон партийæ депутат Плиты Александр фæндон бахаста, цæмæй раныхас кæна депутатон корпусы номæй хъусынгæнинагимæ æвзæрстыты агъоммæйы процессы æппæт хайадисджытæм, цæмæй уагъд æрцæуой раст æвзæрстытæ закъондзинад бахъахъхъæнгæйæ.

Уый фæстæ депутаты раз раныхас кодта Парламенты Сæрдары хæдивæг Мамиты Инал, кæцы загъта йæ хъуыды республикæйы ном аивыны фæдыл референдум ауа-дзыны тыххæй 2017 азы 7-æм февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындмæ ахасты. Мамиты Иналы ныхæстæм гæсгæ, РХИ-йы Конституцийы 1-æм статьяйы 1-æм хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй фарст фаг нæу референдум снысан кæныны тыххæй, уымæн æмæ бахæсгæ ивындзинæдтыл нæ æруынаффæ кодтой нæдæр паддзахады сæргъ-лæууæджы цур конституцион закъондæттынад баххæст кæныны фæдыл комитетимæ, нæдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентимæ.

«2017 азы 7-æм февралы РХИ-йы Президенты Барамынды нæй ныхæстæ ног редакцийæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци райсыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй нæ бæстæйы ног номы фæдыл æмæ йæ тексты бирæнымæц кæронмæ æнæ-бакуыстытыл. Референдум снысан кæнын йæхæдæг у æнæзакъонон, уымæн æмæ фарстытæ, кæцытæ хаст хъуамæ æрцæуой æппæтадæмон хъæлæсæппæрстмæ, бæрæг кæны Президенты Барамынд нæ, фæлæ РХИ-йы Конституцион Закъон (кæс «Республикæ Хуссар Ирыстоны æм-бæстæгты референдумы æвзарæн бартæ æмæ хайад райсыны барты сæйраг гарантиты тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны 12-æм статья). Уымæй дарддæр ма, Уæ-рæсейы Федерацийы æмæ бирæ æндæр бæстæты закъондæттынадмæ гæсгæ бар нæй уыцы иурæстæджы бæстæйы Президентон æвзæрстытимæ æндæр æвзарæн мадзæлттæ æмæ референдумтæ уадзын», – загъта Мамиты Инал.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, нæмттæ «Республикæ Хуссар Ирыстон» æмæ «Паддзахад Алани»-йæн нæй æмхуызон нысан. «УФ-йы Конституцийы æмнысаныл нымад цæуынц нæмттæ «Уæрæсейы Федераци» æмæ «Уæрæсе» æмæ æмбæрст цæуынц уымæй, æмæ уыдонæн ис иумиаг бындур. Нæ цауы æмнысаныл нымад хъуамæ цæуой «Республикæ Хуссар Ирыстон-Алани» æмæ «Хуссар Ирыстон», – банысан кодта Мамиты Инал.

Парламентари зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2016 азы 19 февралы адæммæ æмæ Парламентмæ РХИ-йы Президенты Ныстуаны паддзахады сæргълæууæг загъта, цæмæй йæ ном ивд æрцæуа «Республикæ Хуссар Ирыстон-Алани»-йæ, алайнаг национ тыгъдады иудзинад сфидардæр кæныны æмæ Ирыстоны историон цивилизацион æхсæнад бахъахъхъæныны нысанæн. Мамиты Иналы ныхæстæм гæсгæ ма, РХИ «Республикæ Хуссар Ирыстон-Алани»-мæ ивд куы æрцæуа, уæд уый фадат ратдзæн ирон адæмы баиу кæнгæйæ иугонд Республикæ Алани саразынæн.

Парламенты сессийы куысты хайад райстой РХИ-йы Экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильям, РХИ-йы Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитеты сæрдар Къацты Владимир æмæ РХИ-йы Паддзахадон Таможнæйон комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Гуыцмæзты А.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.