30-æм июны уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æхсæзæм сессийы æстæм рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Гасситы Петр рабадт гом кæнгæйæ, фæндон бахаста, цæмæй сессийы боны фæткы æртыккаг æмæ цыппæрæм фарстытæм æркæсын хаст æрцæуа иннæ къуыримæ, кæцытæ баст сты Парламенты Сæрдары хæдивæг Тасойты Димитрæн æнæууæнкдзинад рахæссынимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый баст у Парламенты Регламент бахъахъхъæныны æнæмæнгхъæуындзинадимæ, кæцымæ гæсгæ депутатон корпус æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ хъуамæ райса фарстытæм æркæсынæй иу къуырийы размæ. Ацы фарсты фæдыл ма раныхас кодта Тасойты Димитр, кæцы хъусынгæнинаг сарæзта Регламенты къорд пунктты фæтк фехалыны тыххæй.

Уый фæстæ РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал æркæсынмæ рахаста дыууæ фарсты: «РХИ-йы Парламенты Закъондзинад, за-къондæттынад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл комитеты персоналон скондмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» æмæ «РХИ-йы Парламенты Нымайæн къамисы скондмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй». Депутат Гасситы Петр Парламенты Сæрдарæй æвзæрст кæй æрцыд, уый фæдыл фæндон бахастæуыд йæ бынатмæ комитеты дæр æмæ къамисы дæр, депутат Тедеты Нонæйы сæвзарыны тыххæй. Уый размæ Парла-менты Президиумы ацы кандидатурæйы хорзыл банымадтой. Хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæм гæсгæ депутаттæ хорзыл банымадтой Тедеты Нонæйы кандидатурæйы.

Парламентаритæ ма байхъуыстой 2016 азæн РХИ-йы Национ бангы хыгъдмæ, кæцы уынаффæмæ рахаста Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ. Ивгъуыд азы бангы куысты тыххæй информациимæ раныхас кодта Национ бангы сæргълæууæг Зассеты Феликс. Хыгъды уыд РХИ-йы бангон секторы анализ, Национ бангы азы финансон хыгъд æмæ уый фæдыл аудиторон хатдзæг. Национ бангы къухдариуæггæнæг  депутатон корпусæн лæмбынæг информаци радта Хуссар Ирыстоны бангон системæйы азы дæргъы цы процесстæ цыд, уыдоны тыххæй, æвæрццаг моменттæ банысан кæнгæйæ. Сæрмагондæй, Зассеты Феликсы информацимæ гæсгæ, хыгъдон азы банг йæ куыст адарддæр кодта бангон картæтæ «Золотая корона»-йы бындурыл нырыккон фиддонон системæйы республикæйы ныббиноныг кæныны фæдыл. 2016 азы горæты банкоматон хызæг фæфылдæр кæныны тыххæй самалчындæуыд 4 банкоматы, уыцы нымæцы уынгты æвæргæ 4 антиванадалон банкоматы, кæцытæ æвæрд æрцæудзысты 2017 азы. 2016 азы кæронмæ Хуссар Ирыстоны картæты хицæуттæ сты 7 мин адæймаджы.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Гасситы Петр, Къозонты Алан æмæ Мамиты Инал. Сæрмагондæй, фарст æвæрд æрцыд бангон картæтæй фæрæзтæ исыны проблемæты тыххæй, кæцытимæ æмбæлынц сæ хицæуттæ Хуссар Ирыстоны, фыццаг рады  уыцы пенсиисджытæ, кæцытæ исынц уæрæсейаг пенситæ. Депутаттæ банысан кодтой сæвзæргæ уавæрæй рахизыны фæндæгтæ ссарыны æнæмæнгхъæуындзинад æмæ цæвиттонæн æрхастой Абхазы, цыран ацы проблемæ æнтыстджынæй скъуыддзаг æрцыд йæ рæстæджы.

РХИ-йы Национ бангы хыгъдмæ байхъусгæйæ, депутаттæ ацы фарсты райстой сæ хъусдардмæ.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.