17-æм январы уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æхсæзæм сессийы фыццаг рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся уынаффæ кæнынмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты бон снысан кæныны тыххæй фарст. Уый банысан кодта, зæгъ-гæ ацы аз апрелы фæуд кæны РХИ-йы Президенты æххæстбарты æмгъуыд æмæ Парламент хъуамæ райса уынаффæ æвзæрстыты бон снысан кæныны тыххæй РХИ-йы Конституцийы 61-æм статьяйы 10-æм пунктмæ гæсгæ. Афтæ ма банысан æрцыд, зæгъ-гæ, раздæр ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъонмæ, кæцытæ фадат нæ ратдзысты дывæрсыг формулировкæтæ ма æруадзынæн æмæ РХИ-йы Президенты æвзæрстытæ ауадзыны æмгъуыд сбæлвырд кæнынæн. Афтæмæй æв-зæрстыты бон нысан цæуы мæйы дыккаг хуыцаубоны,  Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ раздæры æвзæрстытæ цы бон уагъд цыдысты, æмæ æвзæрст æрцыд, уыцы бон. Уымæ гæсгæ депутаттæн фæндон бахастæуыд, цæмæй райсой РХИ-йы Парламенты уынаффæ 2017 азы 9 апрелы æвзæрстыты бон снысан кæныны тыххæй.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы уынаффæйыл.

Сессийы рабадт æхгæнгæйæ Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли дзуапп радта къорд депутатты фарстытæн РХИ-йы Парламент бюджет  кæй нæ райста, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ 2016 азы 28 ноябры Парламентмæ бацыд 2017 азæн Паддзахадон бюджет, фæлæ йæ нæ райсыны аххосаг ссис РХИ-йы Уæлдæр арбитражон тæрхондонæн фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй пункт. «Депутаттæ æнæзакъоныл банымадтой уый, æмæ Конституцийы кæй нæй арбитражон тæрхондон, фæлæ уый бюджеты ис, куыд бюджетон фæрæзты сæйрагдæр дихгæнджытæй сæ иу, афтæ. Уымæй дарддæр ма бюджет райсыны тыххæй хъæуы бакусын паддзахадон къабазон программæтæ, æмæ уый дæр арæзт не ‘рцыд. Фæлæ иууыл сæйрагдæр претензи хауд, бæстæйы сæйраг финансон документы арбитражон тæрхондоны финанскæнынады тыххæй пункт кæй ис, уый.  Уый та у æнæзакъонон.

Парламентæй домдтой бюджет райсын, фæлæ уыимæ депутаттæ не сразы сты æмæ бахастой ахæм фæндон, цæмæй фадат лæвæрд æрцæуа республикæйы бюджет райсынæн æмæ уыимæ кæронмæ фæуа æппæт тæрхондонон системæйы реформæкæнынад, кæцы райдыдта 2014 азы 7 майæ æмæ дыууæ азæй фылдæр йæ бынатæй нæ феггуырст. Хицауад конституцион закъоны архайд æнæзакъонæй кæй дарддæр кæны, уымæ мах цалдæр хатты нæ хъусдард аздæхтам æххæсткæнынадон хицауиуæгадмæ. 2015 азы кæрон 2016 азы бюджетыл уынаффæ кæныны рæстæджы мах ацы фарсты фæдыл хицауадимæ сразы стæм, радон хатт хъусдард аздæхтам Конституцийы ныхмæдзинæдтæ аиуварс кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ, кæцытæ баст уыдысты финансон фæрæзты сæйраг дихгæнæг  Уæлдæр арбитражон тæхондоны формулировкæимæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Парламенты спикер банысан кодта, зæгъгæ, æххæсткæнынадон хицауиуæгадимæ цы консультацитæ ауагъдæуыд, уыдоны рæстæджы закъондæтджытæ бамбарын кодтой сæ фæндæтты мидис, кæцытæ фадат радтаиккой сæвзæргæ ситуацийæ рахизынæн.

Парламентаритæ цæттæ уыдысты хицæн хъуыддæгтыл сразы уæвынмæ, цæвиттон сразы сты, цæмæй архайæг тæрхонгæнджытæ экзаменацион къамисы бæсты цæуой квалификацион къамисы. Уæрæсейы Федерацийы кæд тæрхондонон реформæйы рæс-тæджы Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджытæн, кæцытæн ис цæрæнбонтæм æххæстбартæ,  æрурæдтой сæ æххæстбарты,  уæддæр уыдон иууылдæр ногæй нысан æрцыдысты. Уыцы нымæцы Уæлдæр тæхондоны сæрдар дæр. Къухтыбафтгæ компромис фадат радтаид Конститутци ма фехалын, тæрхондонон реформæ ауадзын æмæ бюджет райсынæн. Фæлæ уый фæстæ, – банысан кодта Бибылты Анатоли, –  бахаст æрцыдысты æндæр фæндæттæ æххæсткæнынадон хицауиуæгадæй, кæцытæн иумиагæй ницы уыд Конституциимæ. Парламент раздæрау цæттæ у бюджетмæ æркæсынмæ сессийы радон рабадты, афтæ ма тæрхондонон реформæ фæуыны фарст дæр, фæлæ уый хъуамæ ма уа Конституци халыны хыгъдæй.

Уымæй дарддæр ма Парламенты Сæрдар хъусдард аздæхта, бюджетон къабазы кусджытæн бюджет нæ райсыны тыххæй куыстмызд нæ бафидыны фæдыл хъусынгæнинагмæ. «Бюджет ист цæуы 1 азмæ æмæ алы мæй дæр хъуамæ хицæн цæуа, бюджеты æвæрд чи сты, уыцы фæрæзтæн сæ дыууадæсæм хай. Никæмæн ис бар æрвылмæй дæр финансон фæрæзты дыууадæсæм хай ма рахицæн кæнын æмæ адæмæн сæ  куыстмыздтæ  ма  бафидын. Алы адæймаг дæр хъуамæ закъонмæ гæсгæ рæстæгыл иса йæ куыстмызд, ацы фарсты цахæмфæнды къуылымпыдзинæдтæн дæр æруадзæн нæй. Уый хауы министрадтæ æмæ ведомствотæн фæрæзтæ рахицæн кæнынмæ дæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.