Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламентыл 25 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд Парламенты æмбырдгæнæн залы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, республикæйы разамынады æндæр æмæ æндæр бæрнон кусджытæ, РХИ-йы Парламенты æмæ раздæры æрсидтыты депутаттæ, афтæ ма æндæр æмæ æндæр рæттæй æрцæуæг делегацитæ. Уыдон уыдысты Уæрæсейы Федерацийы Федералон æмбырдæй (делегацийы сæргълæууæг — Дунеон хъуыддæгты фæдыл УФ-йы Федерацийы Советы Комитеты Сæрдар Константин Косачев), Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйæ (делегацийы сæргълæууæг — Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазбег), Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ (делегацийы сæргълæууæг — РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев), Республикæ Абхазæй (делегацийы сæргълæууæг — Республикæ Абхазы Адæмон Æмбырды — Парламенты Сæрдар Валери Бганба), Донецкы Адæмон Республикæйæ (делегацийы сæргълæууæг — Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Денис Пушилин), Луганскы Адæмон Республикæйæ (делегацийы сæргълæууæг — Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Дегтяренко Владимир), Хæххон-Къарабахы Республикæйæ (делегацийы сæргълæууæг — Парламентон фракци «Родина»-йы къухдариуæггæнæг Артур Товмасян).
Цытджын æмбырд байгом кодта РХИ-йы Парламенты цалдæр æрсидты депутат Кокойты Тарзан. Уый цыбыртæй æрдзырдта, Парламент цы вазыгджын уавæрты сырæзт æмæ цы ахсджиаг хæстæ скъуыддзаг кодта, йæ депутаттæй бирæты закъондæттынадон куыст кæнынæй дарддæр кæй хъуыд хæцæнгарзимæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын дæр.
Дарддæр уый ныхасы бар радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийæн. Йæ раныхасы уый куыд банысан кодта, афтæмæй æмбырды бадынц ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сæ ныфс бахастой сæхи æмæ сæ адæмы хъысмæт скъуыддзаг кæныны ахсджиаг къахдзæф саразынмæ, сæхимæ райстой стыр бæрндзинад мингай адæймæгты царды интерестæ хъахъхъæныны. Уыдон сты Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадон органы фыццаг, дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм, фæндзæм æмæ ныры — æхсæзæм æрсидты депутаттæ.
Раныхасгæнæг æрымысыд, абон не ’хсæн чи нал сты, уыдоны æмæ иу минут æмырæй алæугæ-йæ, æмбырды хайадисджытæ уыдонæн ссардтой сæ рухс нæмттæ.
Парламенты Сæрдар йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй республикæйы Парламенты сырæзт комкоммæ баст уыдис, ССР Цæдисы ивгъуыд æнусы 90-æм азты цы политикон процесстæ цыдысты, уыдонимæ. Хæлдис Советон паддзахад, бирæ цæдисон республикæтæ тырнын райдыдтой Советон Цæдисы скондæй рацæуынмæ. Уыдоны ’хсæн уыд Гуырдзыстон дæр, цыран хицауиуæгадмæ бырстой националистон фашистон тыхтæ. Уыдон æргомæй хъусын кодтой, цахæм Хуссар Ирыстон кæй нæй æмæ ивд кæй хъуамæ æрцæуа. Ахæм уавæры скъуыддзаг кæнын хъуыд Хуссар Ирыстоны хъысмæт. Хъуыд ын йе статус фæбæрзонддæр кæнын æмæ 1990 азы 20 сентябры адæмон депутатты Хуссар Ирыстоны областон советы 14-æм сессийы Хуссар Ирыстоны област рацарæзт æр-цыд Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæмæ. Раст-дæр уæд райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны ногдæр истори. Уыцы аз 9-æм декабры уагъд æр-цыдысты депутатты æвзæрстытæ республикæйы фыццаг æрсидт Уæлдæр Советмæ. Сæ разы лæууыд иттæг ахсджиаг хæс — Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвына-дæн закъондæттынадон бындур æрæвæрын.
Сессийы рабадтытæ уагъд цы-дысты вазыгджын æхсæнадон-политикон уавæры. Æнæгуырдзиаг цæрджыты расидтысты уазджы-тæй, æрцæуæггаг адæмæй. Фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ, уæддæр фыццаг æрсидты депутаттæ сæ разылæууæг хæс сæххæст кодтой. Растдæр уыдон æрæвæрдтой хъомысджын юридикон бындур нæ паддзахады арæзтадæн æмæ йæ хæдбардзинадæн Гуырдзыстонæй. Уыдон райстой, иттæг ахджиаг нысаниуæг кæмæн уыдис æмæ паддзахадон институтты арæзтад чи райдыдтой, ахæм закъондæттынадон акттæ.
Кæд рæстæг уæззау уыдис, адæм нæ истой сæ куыстмыздтæ, пенситæ æмæ æндæр æххуыстæ, сæфтой се ’хцайы бавæрдтытæ, уæддæр хицауиуæгады закъондæттынадон æмæ æххæсткæнынадон къабæзтæ хъуыстой сæ кæрæдзимæ æмæ æмбæрстой кæрæдзийы, быцæуаг фарстатæн ардтой се скъуыддзаг кæныны фæндæгтæ.
Парламенты Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы рæзты æппæт этапты дæр нæ фарсмæ уыдис нæ сæйраг стратегион партнер — Уæрæсейы Федераци, кæцыйы руаджы абон мах уæвæм æмæ стыр бузныг загъта йæ разамынад æмæ адæмæн сæ фарсхæцынад æмæ æххуысы тыххæй.
Дарддæр уый æрдзырдта ныры, æхсæзæм æрсидт Парламенты куысты тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, зынгæ фæивта дунеон уавæр, фæзындысты мидпаддзахадон арæзтады ног фарстатæ æмæ уыдæттæ та махæй алкæуыл дæр æвæрынц стыр бæрндзинад. Ис приоритетондæр здæхтытæ, кæцытыл кусы ныры æрсидт Парламент. Уыдон сты социалон политикæйы фарстатæ, экономикæйы рæзт, паддзахады институттæ фидардæр кæнын, политикон системæйы модернизаци, Уæрæсейы Федерациимæ максималон интеграци æмæ фæстагмæ та йе скондмæ бацæуын. Ныры Парламенты ис цыппар политикон партийы æмæ кæд тактикон æгъдауæй се ’хсæн иу кæнæ иннæ фарсты фæдыл æнæразыдзинæдтæ вæййы, уæддæр стратегион планы сæ позицитæ вæййынц иууылдæр иугъуызон. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыдонæн сæйраг у æхсæ-нады стабилондзинад бахъахъхъæнын, хицауиуæгады æппæт къабазты кæрæдзиæмбарынад. Ныры Парламент афæдз æмæ æрдæджы дæргъы райста ахæм закъæттæ æмæ нормативон барадон акттæ, кæцытæ хауынц республикæйы социалон-экономикон царды æппæт къабæзтæм. Ныртæккæ куыд Парламент, афтæ хицауиуæгады иннæ къабазтæ дæр кусынц Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн 2015 азы 18 марты къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы бадзырды практикон æгъдауæй реализаци кæныныл. Бадзырд фидар кæны стратегион партнердзинад, нæ республикæйы æдасдзинад, ахъаз кæны æрмæст æндидзынадæн нæ, фæлæ нæ бæстæйы рæзтæн дæр.
Дарддæр Бибылты Анатоли æрдзырдта республикæйы экономикон æндидзынады хæсты тыххæй. «Экономикон рæзты темптæ бæрзонддæр кæнын, республикæйы цæрджыты фæрныгад рæзын кæнын сты Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон политикæйы сæйрагдæр здæхтытæ», — банысан кодта уый. Сæрмагонд хъусдард хъуамæ здæхт цæуа чысыл æмæ астæуккаг бизнесы рæзтмæ. Уый фæдыл депутаттæ закъон-дæттынадон æмвæзадыл аразынц конкретон къахдзæфтæ, цæмæй æххуыс цæуа, йæ бизнес байгом кæнын кæй фæнды, ахæм адæй-мæгтæн. Активон куыст цæуы республикæмæ инвестортæ æрбахоныныл. Инвестицитæ хъахъхъæныны тыххæй, Парламенты Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, ис закъондæттынадон базæ, уый дарддæр хуыздæр кæндзæ-нис ныры уавæртæ хынцгæйæ.
Дарддæр уый æрдзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты активон архайдыл Уæрæсейы Федерацийы хицæн субъектты паддзахадон хицауиуæгады закъондæттынадон органтимæ æхсæнпарламентон бастдзинæд-тæ аразыны фæдыл. Æнгом бастдзинæдтæ йын ис Приднестроваг-Молдоваг Республикæ, Республикæ Абхазы, Хæххон Карабахы республикæйы, уæлдæр закъондæттынадон органтимæ. Бастдзинæдтæ фидарæй-фидардæр кæнынц Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæтимæ. Фæлæ Бибылты Анатоли сæрмагондæй банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Совет æмæ Паддзахадон Думæимæ æнгом æмæ æнтысгæ æмгуысткæнынад.
Йæ раныхасы кæрон Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентаризмы истори кæй фысдзæн ирд сыфтæ, аккаг бавæрд кæй хæсдзæн нæ бæстæйы паддзахаддзинады рæзты æмæ фидар кæныны хъуыддагмæ, социалон фæрныгад æмæ национ иудзинад къухты бафтын кæнынмæ, æмбæстæгты царды гъæд бæрзонддæр кæнынмæ.
Парламенты царды ахсджиагдæр цаутыл кæрæдзи ивгæйæ, дзырдтой нæ горæты 2-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ дæр. ныхасы рацыд РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид (йæ раныхас мыхуыр цæуы)
Дарддæр ныхасы бар лæвæрд цыдис уазджытæн. Фыццаг ныхас кодта УФ-йы Федерацийы Советы Дунеон хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Константин Косачев. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй абоны бæрæгбон махæн у иумиаг, уымæн æмæ уыцы азты дæргъы мах стæм иумæ. Махæн, зæгъгæ, зын уыдис, сымахæн зын куы уыдис, уæд. Æмæ ныр та цин кæнæм иумæ æнтыстытыл. Сымах æнæмæнгдæр стут, цæмæй аккаг цард кæнат.
Константин Косачев йæ раныхасы кæрон УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойы номæй Федерацийы Советы Кады нысанæй схорзæхджын кодта Бибылты Анатолийы парламентаризмы рæзтмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй. Федерацийы Советы Арфæйы гæххæттытæй та хорзæхджын æрцыдысты РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал æмæ фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Игорь.
Ныхасы бар лæвæрд æрцыд УФ-йы Паддзахадон Думæйы комитеты сæрдары хæдивæг Тайсауты Хъазбегæн. Уый дæр арфæйы ныхæстæ загъта Паддзахадон Думæйы сæрдар Сергей Нарышкины, æппæт депутатты æмæ йæхи номæй бæрæгбоны сæраппонд. Уый банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы разамынад Тыбылты Леониды сæргълæудæй бирæ аразы адæмы цард фæхуыздæр кæныны тыххæй. Мæскуыйы, зæгъгæ, Ирыстоны нæ дих кæнынц Хуссар æмæ Цæгатыл. Тайсайы фырт Нарышкины номæй арфæйы адрес радта Бибылты Анатолимæ.
Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, алы Парламентæн дæр 25 азы сты рацæугæ фæндагæн фæстиуджытæ саразын, цас закъæттæ райст æрцыдысты, цахæм мадзæлттæ уагъд æрцыдысты, уыдæттæ. Хуссар Ирыстоны Парламентæн йæ фæндаг чысыл æндæрхуызон рауад. Уый хъуыд архайын, Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнын куы хъуыдис, уыцы уавæрты. Ахæм рæстæджы уæлдай тынгдæр сырæзы адæмы æвзæрст депутатты роль. Æмæ уыцы уæззау фæлварæн аккагæй сфæрæзтой республикæйы Парламенты депутаттæ. Уый тыххæй сын зæгъын стыр бузныг. Æвæццæгæн Парламентæн бындур чи æвæрдта, уыдон дæр нæ уырныдтаид йæ сырæзтыл 25 азы хæдбар паддзахады кæй нысан кæндзысты, загъта Мачнев.
Алексей Мачнев дæр банысан кодта фыццаг æрсидт Парламенты æмбаргæ, ахъуыдыгонд архайд, уæлдайдæр та информацион блокадæ атоныны хъуыддаджы. Раныхасгæнæг ма æрдзырдта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны Парламентты æмахастытыл дæр. Алексей Мачнев дæр арфæйы адрес æмæ зæрдылдарæн лæвар радта Бибылты Анатолийæн. Афтæ ма РЦИ-Аланийы Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта РХИ-йы Парламенты депутаттæ Диакъонты Амиран æмæ Къозонты Аланы.
Республикæ Абхазы Адæмон Æмбырды Парламенты Сæрдар Валери Бганба йæ ныхас райдыдта Абхазы æмæ Ирыстоны адæмты ’хсæн хæларадон ахастытæй. Уый дæр Республикæ Абхазы разамынады, Парламент æмæ адæмы номæй арфæйы ныхæстæ загъта бæрæгбоны сæраппонд. Хуссар Ирыстоны Парламенты 25 азыл дзургæйæ, дзырд цæуы Хуссар Ирыстоны ногдæр историйыл. Адæймаджы цæстыл, зæгъгæ, ауайынц нæ дыууæ адæмы тох сæрибардзинады сæрыл. Уымæн йæ цæст бауарзта нæ Парламенты депутаттæн, республикæйы æппæт адæмæн дарддæры æнтыс-тытæ, сыгъдæг арвы бын цæрын æмæ фидæны рæсугъд цард аразыны хъуыддаджы.
Арфæйы ныхæстæ загътой Хæххон-Карабахы Республикæйы мидхъуыддæгты министрады аппараты къухдариуæггæнæджы генералон секретарь Семен Афиян, Луганскы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Владимир Дегтяренко æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы Сæрдар Денис Пушилин дæр.
Цытджын æмбырды ма бакастысты Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ, Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты Управленийы хистæр Олег Говорун æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Суркоаы арфæйы фыстæджытæ.
БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.