7-æм февралы РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурковимæ, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд дыууæбонон кусæгон визитимæ. Ныхасы рæстæджы кæрæдзийæн раарфæ кодтой æмæ банысан кодтой конструктивон æмгуыстад рæзын кæнынмæ цæттæ кæй сты, уый.

«Хуссар Ирыстоны цыдæриæддæр арæзт цæуы, уыдон комкоммæ баст сты Уæрæсейы Федерациимæ, уыцы нымæцы Инвестпрограммæйы реализаци дæр. Æппынæдзухон хъусдард, уыцы нымæцы УФ-йы Президенты Администрацийы ‘рдыгæй æмæ кокоммæ дæхи ‘рдыгæй дæр, фидар ныфс дæттынц, зæгъгæ,  Инвестпрограммæйы фæлгæтты æрæвæргæ нысæнттæ æмæ хæслæвæрдтæ æххæст кæй æрцæудзысты æххæст гуырахстæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Владислав Сурков хъусдард аздæхта æхсæнпаддзахадон æмгуыстады процессы фæстаг азты кухты бафтгæ æнтыстытæм, ацы фарсты РХИ-йы Парламенты роль банысан кæнгæйæ. «Сымах стыр аргъ скодтат Хуссар Ирыстоны æндидзынады æмæ рæзты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы архайдтытæн, фæлæ æз хъуамæ арфæйы ныхæстæ зæгъон уыцы нымæцы дæуæн дæр, уымæн æмæ уый у иумиаг процесс.

Бæрæг у фæстаг азты Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн къухты бафтыд ахæм ахастытæ æрбæстон кæнын, æмархайды ахæм механизмтæ саразын, кæцытæ фадат дæттынц эффективонæй Уæрæсейы Федерацийы рахицæнгонд финансон фæрæзтæ хардз кæнынæн, афтæ ма рæзты программæйыл иумæ уынаффæ кæнынæн. Хуссар Ирыстоны хицауиуæгады æппæт къабæзты руаджы  не ‘хсæн сæвзæрд æууæнкдзинад. Кæд æмæ раздæры рæстæджы гæнæн уыд æмархайды эффективондзинадæн æнæиунысанонæй аргъ кæнын, уæд ацы азты та нæ иумæйаг куысты эффективондзинад бирæ уæлдæр схызт, дзырд цæуы стабилон æгъдауæй æрбæстонгонд æмгуыстадыл. Уый тыххæй раарфæ кæнын хъæуы дæуæн дæр æмæ Хуссар Ирыстоны иннæ коллегæтæн дæр», – банысан кодта УФ-йы Президенты æххуысгæнæг.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.