Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы фæзынд тæссаг тенденци, социалон хызæгты къордтæ кæй фæфылдæр сты, уый фæдыл, кæцытæ æнахъомты ‘хсæн пропагандæ кæнынц хиамарыны фыдвæнд. Уый у сывæллæтты хиамарыны онг бакæныны фæдыл хорз ахъуыдыгонд, планонбæрцон кампани. Æруадзæн нæй, цæмæй ацы тæссагдзинад апарахат уа уæрæхæй æмæ æнæ ныхдуртæй. Æнæмæнгхъæуæг у механизмтæ бакусын, кæцытæ ма бауадзой хиамарыны пропагандæимæ цавæрдæр æмæхсæнадты æмæ æндæр информацийы фæзындæн фадæттæ саразын, кæцытæ тæссаг сты сывæллæтты цардæн. Æмбæлон органтæн æнæмæнгхъæуæг у интернет-æмæхсæнадты бæрæг кæнын, кæцытæ пропагандæ кæнынц æнахъомты ‘хсæн хиамарыны æмæ мадзæлттæ райсын тæссаг сайттæ сæхгæныны тыххæй.

Мах сидæм республикæйы æхсæнадмæ, æмбæлон органтæм, ныййарджытæм, цæмæй уой цырддзаст, сæ хъус дарой рæзгæ фæлтæрмæ, æмæ сæ афтæмæй бахизæм мæлæтхæссæг интернет-æмæхсæнадтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, алцы ма бауадзын Интернеты гæнæн нæй. Сæйраг у не ‘хсæнады ацы тæссаг тенденцимæ раст ахаст дарын. Æрмæстдæр иумæ суыдзæн нæ бон ацы тæссагдзинады ныхмæ фæлæууын æмæ нæ сывæллæтты цард бахъахъхъæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.