Цытджын æмбæстæгтæ!

Зæрдæбынæй арфæ кæнын сымахæн нæ ногдæр историйы зæрдылдарæн бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт райсыны боны цытæн. Уый у ахæм базæйон документ, кæцыйы историон-политикон нысаниуæгæн у зын саргъгæнæн. 1992 азы 29 майы нæ бæстæйы Сæйраг Советы фыццаг æрсидт депутатты райсгæ Акт уыдис ахсджиаг къахдзæф Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад барадон æгъдауæй æрбæстон кæныны зын фæндагыл, хæдбар паддзахад саразын расидгæйæ,  йæ территори йын æнæдихæй расидгæйæ, кæцыйыл йæ тыхы сты æрмæстдæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ закъæттæ. Уый фидар барадон бындур æрæвæрдта дарддæры паддзахады арæзтадæн, нысан кодта хуссайраг ирæттæн сæ хæдуагæвæрды бар реализаци кæнын, уыдис адæмы фæндонравдысты демократон нормæтæ практикон æгъдауæй сбæлвырд кæнын.

1992 азы цы æмбæстагон æхсардзинад, бæрзонд патриотондзинад æмæ политикон фæндвидардзинад равдыстой фыццаг æрсидты депутатон корпусы уæнгтæ, уый фадат радта нæ адæмы дарддæры хъысмæт сбæлвырд кæнынæн уыцы вектор сбæрæг кæнынæн, кæцыйыл æнусы цыппæрæм хайы бæрц фидар къахдзæфтæй цæуы республикæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акты бындурыл райст æрцыдысты æппæт паддзахадон атрибуттæ, арæзт æрцыдысты хицауиуæгады æнæмæнгхъæуæг институттæ æмæ райста нырыккон демократон паддзахады реалон хуыз. 90-æм азты уæззау уавæрты йæ райсгæйæ, уый ныртæккæ дæр нæ сафы йæ нысаниуæг, паддзахадон арæзтады дарддæры фæндæгтæ æвзарыны махæн ныфсджын æмæ раст ориентир уæвгæйæ.  Махæн хъысмæтхæссæн чи уыд, уыцы документы нысан чи сты, уыцы уагæвæрдтæ дырысæй æххæст кæнгæйæ, мах рахызтыстæм паддзахаддзинады ног, бæрзонддæр æмвæзадмæ.  Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны территориалон æнæхъæндзинад æмæ суверенитет, йæ паддзахадон æмæ национ æдасдзинад ныфсджынæй хъахъхъæнынц РХИ-йы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ, кæцы нын нæ паддзахаддзинад банымадта 2008 азы августы. Стыр Уæрæсейы æххуысæй мах бахъахъхъæдтам нæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, абон та æнтысгæйæ фæуд кæнæм фæсхæсты æндидзынады вазыгджын процесс æмæ ныфсджынæй аразæм барадон-демократон паддзахад, оптимизмимæ кæсæм фидæнмæ. Нæ абоны æнтыстыты æмæ, бындур кæмæн ис, уыцы оптимизмы фидар бындур у Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Акт, кæцы расидт æрцыд 1992 азы 29 майы.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт, зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ! Мæ цæст сымахæй алкæмæндæр уарзы сабырад æмæ амонд, фæрныгад æмæ æмразыдзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.