Республикæ Хуссар Ирыстоны разамынады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын сымахæн. Уый иттæг ахсджиаг у, ацы форум йæ тырысайы бынмæ кæй æрсидт Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссары æрыгон минæвæрттæм, æввахс æмæ дард фæсарæнтæй æрцæуджытæм. Форумы куысты программæ махæн ноджыдæр бауырнын кодта, тынг æнæмæнгхъæуæг кæй у ахæм æнгæс мадзæлттæ уадзын. Æхсызгон у, растдæр Цæгат Ирыстоны фæсивæд кæй ссис Уæрæсейы Федерацийы Президенты гранты аккаг. Æз зæрдæбынæй арфæ кæнын нæ цæгатирыстойнаг кæстæр æфсымæртæ æмæ хотæн ацы егъау æнтысты тыххæй. Уырны мæ, сымахæй алчи дæр йæ зонындзинæдтæ æмæ практикон цайдагъдзинæдтæ кæй фæхъæздыгдæр кæндзæн ам райсгæ фæлтæрддзинадæй.

Æвæццæгæн, сымахæй алкæмæн нæма бантыст Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын. Ныфс мæ ис, форумы фæлгæтты сымах кæй базонгæ æмæ схæлар уыдзыстут уæ хуссарирыстойнаг æмкарæнтимæ. Фадатæй пайда кæнгæйæ, æз сымах иууылдæр хонын нæ бæстæмæ. Форумы куысты хайад райсынмæ Хуссар Ирыстонæй ацыдысты РХИ-йы фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты  фæдыл Комитеты къухдариуæггæнджытæ дæр. Æз сымахмæ бахатин, цæмæй сæ ацы фæхуынд нымайат, куыд Президенты хæслæвæрд, афтæ. Ныфс мæ ис, уыдон рæстæг кæй ссардзысты, цæмæй сæ цæгатирыстойнаг коллегæтимæ æрныхас кæной дарддæры æмгуысткæнынады перспективæтыл. Æнхъæлмæ кæсын сымахæй конкретон фæндæттæм. Ныр та мæхицæн бар ратдзынæн, цæмæй цыбыртæй радзурон Хуссар Ирыстоны тыххæй, бæстæ абон цæмæй цæры, йæ адæмы раз цы аудинæгтæ æмæ проблемæтæ ис, уыдоны тыххæй.

Республикæ, кæцыйæн къухдариуæг кæнын адæм баууæндыдысты мæныл, æстдæс даргъ æмæ уæззау азты дæргъы цыдис дæрзæг фæндагыл хæдуагæвæрды æнæбайсгæ бар реализаци кæнынмæ. Мæ æмфыдыбæстæйонтæй мингæйтты цард хаст æрцыд Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Сæ тохы рæстдзинадыл æнæфæцудгæ æууæндын, адæмы æнæхæлгæ фæндвидардзинад, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты стыр хъайтардзинад æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Стыр Уæрæсейы æфсымæрон æххуыс – æппæт уыдæттæ фадат радтой уыцы тохы къухты стыр уæлахиз бафтын кæнынæн.

Фæстаг аст азы республикæ фæдфæдылонæй хос кæны йæ хъæдгæмттæн. Стыр Уæрæсейы æххуысæй, кæцы объективонæй у не стратегион партнер, мах æндидзын кæнæм нæ экономикæ æмæ социалон къабаз, аразæм ног цæрæнуат, рынчындæттæ, скъолатæ, социалон-цардуагон, культурон объекттæ, аразæм фæндæгтæ, электроэнерги æмæ газæй ифтонг кæнæм цæрæн пунктты. Абон махæн нæ бон фидарæй зæгъын у, Хуссар Ирыстоны æндидзынгæнæн процесстæ кæй хæццæ кæнынц кæронмæ æмæ боны фæткмæ кæй рахызтысты бæстæйы социалон-экономикон рæзты фарстатæм.

Мах оптимизмимæ кæсæм нæ фидæнмæ!

Сымахæн, форумы зынаргъ хайадисджытæ, мæ цæст уарзы æнтысгæ куыст. Ныфс мæ ис, ацы бонты сымах цы пайдайаг зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад райсат, уыдонæй эффективонæй кæй пайда кæндзыстут уæ дарддæры куысты Ирыстоны хæрзиуæгæн. Сымах хъуамæ аразат ног Ирыстоны, сымах дзы хъуамæ цæрат. Нæхи, Хуссар Ирыстоны, æмæ зæгъин Цæгат Ирыстоны абоны къухдариуæггæнджытыл куы дзурæм, уæд мæ фæнды банысан кæнын, мах æппæт хъарутæ дæр кæй аздахдзыстæм уымæ, цæмæй уæ фидæн уа ирд æмæ амондджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.