Æхсызгон мын у, сымахæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт æрсидтыты Парламенты цытджын депутаттæ æмæ æппæт æрæмбырдуæвджытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзты 25 азы бæрæгбоны сæраппонд раарфæ кæнын. Сæрмагонд бузныджы ныхæстæ æрвитын нæ зынаргъ уазджытæн, кæцытæ, кæд тынг æнæвдæлон уыдысты, уæддæр рæстæг æмæ фадат ссардтой махмæ æрцæуын æмæ нын нæ цин адих кæнынæн. Уый, æцæгæйдæр, у нысаниуæгджын зæрдылдарæн бон. Нымайын, æнæмæнгхъæуæг кæй нæу, æнусы цыппæрæм хайы дæргъы фæдфæдылонæй æмæ æнтысгæ кæй аразæм, уыцы демократон паддзахады царды адæмы æвзæрст хицауиуæгады органы историон æмæ æхсæнадон-политикон нысаниуæгмæ уæ хъусдард аздахын. Мах, æцæгæйдæр, сæрыстыр стæм нæ бæстæйы нырыккон историйæ, кæцыйы сæйраг æмæ ирд фарс лæвæрд цæуы паламентаризмы историйæн.
Саргъгæнæн нæй Хуссар Ирыстоны царды Парламенты нысаниуæг, роль æмæ бынатæн, йæ архайды æппæт 25 азы дæргъы, йæ депутатты фыццаг æвзæрстытæй райдайгæйæ абоны бонмæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентаризмы азфыст у, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм фæлтæрддзинад Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæзтады, кæцымæ абон дæр сæ хъусдард здахынц иуæй-иу æндæр адæмтæ, кæцытæ хæдуагæвæрды тыххæй сæ бар реализаци кæныны сæрыл тохы тырыса систой хæрдмæ. Уый у ахсджиаг скондон хай, зæгъæн ис нæ паддзахады политикон историйы хæзнадон, нæ имиагадæмон стыр исад.
Бар мын радтут Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауиуæгады æххæсткæнынады къабазы номæй, бæстæйы æппæт адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдæбынæй раарфæ кæнон æппæт æрсидтыты депутаттæн, æппæт уыдонæн, кæцытæ бар дарынц парламентаризмы историмæ, нæ бæстæйы æппæт цæрджытæн, нæ паддзахады ногдæр историйы зæрдалдарæн бон — Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзты 25 азы сæраппонд. Алкæмæндæр мæ цæст уарзы сабырад æмæ фæрныгад, нæ уарзон бæстæйæн та тагъддæры рæзт æмæ дидинрафтыд. Мах аккаг стæм æмæ нын бар ис аккаг цард кæнынæн! Залы уынын Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы Парламенты фыццаг, историон æрсидты депутатты, кæцы арæзт æрцыд 64 адæймаджы скондæй 1990 азы 9 декабры æппæтадæмон хъæлæсдæттыны фæстæ.
Мæ сæрæй ныллæг кувын сымахæй алкæмæн дæр, æз нымайын, растдæр сымахæй иттæг æхсарджын патриоттæй нæ адæм бузныг кæй сты сæ паддзахаддзинадæй, сæ уæвынадæй. Æмæ абон мах Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты сырæзты æнусы цыппæрæм хайы юбилей нысан кæнгæйæ, хæсджын стæм цытимæ дзурæм фыццаг æрсидты депутаттæй алкæй ном дæр. Мах хъуамæ кæддæриддæр æмбарæм уый æмæ сымах карз блокадæйы уавæрты æмæ уыл стыр æндæвдад куы уыдис, уæ цардæн тас уæвгæйæ, æвдыстат æнæфæтасгæ фæндондзинад уæ адæмы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ, зæгъæн ис сымах слæууыдыстут национ-сæрибаргæнæн слæуды сæргъ, фидар, барадон цæстæнгасæй æнæлаз бындур æрæвæрдтат Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинадæн. Кад æмæ уын æппæтадæмон уарзт æнустæм!
Хъыгагæн, уыцы кадджын депутаттæй алчи нæ фацард абоны бонмæ. Иутæ сæ цард рауæлдай кодтой сæ адæмы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл, кæмæн та йе ’нæниздзинад фадат нал радта æмæ сæ рыст зæрдæтæ не сфæрæзтой æндыгъд æмæ цардæн тасæвзарæг куысты режим. Сæ нæмттæ рох никуы уыдзысты. Кæддæриддæр уыдзысты ирд цæвиттон Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæныны. Уыдон сты: Хъылымбегты Тъорез Георгийы фырт, Гасситы Знауыр Никъалайы фырт, Уалыты Димитр Тараганы фырт, Гæбæраты Рутен Иваны фырт, Джиоты Алан Сограты фырт, Зæгъойты Евгения Павелы чызг, Дзуццаты Хадзы-Мурат Аранбеджы фырт, Задишвили Нодар Федыры фырт, Къæбысты Рутен Семены фырт, Къæбысты Ацæмæз Никъалайы фырт, Остъаты Сослан Уасилы фырт, Плиты Ацæмæз Гацыры фырт, Пухаты Арон Михаилы фырт, Цхуырбаты Александр Ясоны фырт.
Уыдон нæ зæрдæты баззайдзысты, куыд æцæг хъайтартæ, куыд сæ адæмы сæрибардзинады сæрыл æцæг тохгæнджытæ, афтæ!
Уыдон уыдысты æндæр удысконды адæймæгтæ, хайджын уыдысты адæмы æууæнкæй, кæцыйы аккаг уыдысты æххæстбæрцæй.
Цытджын залыбадджытæ! Алы бæстæ, алы адæм дæр сæ рæзты æндæр æмæ æндæр этапты февзæрынц сæхицæн хъысмæтхæссæн историон уынаффæ райсыны æнæмæнгхъæуындзинады раз. Æмæ цахæм уа йæ равзæрст, уымæй бирæбæрцæй æвдисы бæстæйы фидæн, адæмы фидæн.
Ахæм этап махæн сымахимæ уыдысты 20-æм æнусы 90-æм азтæ. Растдæр уæд равзæрст æрцыд иунæг раст фæндаг, кæцыйыл мах сымахимæ цыдыстæм бирæ, драматизмæй йедзаг хæстон азтыл хи сбæлвырд кæныны нæ æнæ-байсгæ бары фæуæлахизмæ. Æнæмæнгхъæуæгыл нæ нымайын фыццаг сæвзæрст депутатон корпусы лæггæдтыл дзурын, фæлæ æз уæддæр банысан кæндзынæн, уыдон кæй бакуыстой æмæ кæй райстой бындурæвæрæн документтæ, кæцытæ бындур æрæвæрдтой нæ паддзахаддзинадæн. Уартæ ма Хуссар Ирыстоны Автономон областы адæмон депутатты 12 уæлвæткон сессийы, кæцытæй бирæтæ фæстæдæр систы Уæлдæр Советы депутаттæ, 1989 азы 10 ноябры райст æрцыд автономон областæй автономон республикæ саразыны тыххæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны рæзты хъуыддаджы скъуыддзаггæнæн къахдзæф арæзт æрцыд 1990 азы 20 сентябры, Хуссар Ирыстоны Автономон областы адæмон депутатты областон советы сессийы област рацарæзт куы æрцыд республикæмæ. Сессийы уынаффæ, кæцыйыл йæ къух æрфыста Зассеты Феликс Михаилы фырт, бындур æрæвæрдта Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад æмæ парламентаризмæн. Стыр бузныджы ныхæсты аккаг у фыццаг Централон æвзарæн къамисы архайд, кæцыйы сæргъ лæууыд Цоциты Барис Елиозы фырт. Иттæг вазыгджын уавæрты 1990 азы фæззæджы, Хуссар Ирыстоны гуырдзыйы милици куы бацахстой, уæд Централон æвзарæн къамисы уæнгтæ стыр хъарутæ бахардз кодтой æвзарæн компани сорганизаци кæнын æмæ ауадзыны тыххæй.
Фыццаг æрсидты депутатты лæггæдтæм ма ахæссын хъæуы 1992 азы 29 майы пад-дзахадон суверенитеты тыххæй историон Акт райсын. Сæ бавæрд стыр у ногсырæзгæ рес-публикæйы фыццаг Конституци бакусынмæ, кæцы райст æрцыд 1993 азы 2 ноябры. РХИ-йы Парламенты депутаттæ иууыл активондæр хайад райстой Хуссар Ирыстоны къорд рефе-рендумы сорганизаци кæнын æмæ ауадзыны. Патриотизм, фæндвидардзинад, хъуыддагон-дзинад æмæ парламентаризмы ног гуыргæ тра-дицитæ æнтысгæйæ размæ кодтой фæстæдæр æрсидтыты депутаттæ.
Хæдуагæвæрды сæрыл тохы эстафетæ лæвæрд цыдис адæмы радон æвзæрст депутатты ныфсджын къухтæм. Хуссар Ирыстоны парламентаризмы рæзты алы ног этап нысан цыдис политикон цæттæдзинады рæзтæй. Уый фадат лæвæрдта парламентон тох кæныны стыр фæлтæрддзинад исынæн, кæцы фæстагмæ махæн фадат лæвæрдта бæллиццаг нысан къухты бафтын кæнынæн. 1994 азы 27 марты нæ бæстæйы уыдысты Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Ныхасмæ æвзæрстытæ — уæд афтæ хуындис республикæйы хицауиуæгады уæл-дæр закъондæттæн орган. Уый уыдис Рес-публикæ Хуссар Ирыстоны дыккаг æрсидт Парламент.
Æвзарæн фадгуытæм æрцыдысты, æвзар-джыты номхыгъдтæм кæй бахастой, уыдонæн сæ 82 проценты. 5 апрелы Паддзахадон Ны-хасы фыццаг сессийы йæ сæрдарæй æвзæрст æрцыд депутат Цыбырты Людвиг Алексейы фырт, фыццаг хæдивæгæй — Гасситы Знауыр Никъалайы фырт æмæ хæдивæгæй та — Къæбысты Ацæмæз Никъалайы фырт. Æвзæр-стытæ, кæцыты легитимондзинад Гуырдзыстон дызæрдыджы сæвæрдтой, ацыдысты дунеон барады нормæтæм гæсгæ æмæ уый бафидар кодтой бирæнымæц дунеон хъусдарджытæ дæр.
Дыккаг æрсидт Парламенты архайд нысан æрцыд къорд ахсджиаг закъæттæ æмæ æндæр нормативон акттæ райсынæй. Уыдоны нымæ-цы фыццаг рады банысан кæнын хъæуы РХИ-йы Конституцийы проект, æмбæстагдзинады тыххæй, паддзахадон символикæйы тыххæй, фиддонты тыххæй закъæтты проекттæ бакусын. Æппынфæстагмæ, 1996 азы ноябры, Цыбырты Людвиг Алексейы фырты РХИ-йы Президентæй сæвзаргæйæ, Хуссар Ирыстон разамынады парламентон формæйæ рахызт президентон формæмæ. РХИ-йы Парламенты Сæрдарæй æвзæрст æрцыд Дзугаты Къоста Георгийы фырт. Мах хъуыды кæнæм, цахæм уæззау уавæрты хъуыд кусын депутатты. Уый уыд карз æфсæддон-политикон, финансон-экономикон æмæ транспортон-энергетикон блокадæйы рæстæджы. Ахæм фоны фæкарздæр мидполитикон ситуаци дæр. Фæлæ республикæ иста политикон фæлтæрддзинад, æнæраз-дæхгæ характер райста хицауиуæгады органты демократон рæзты процесс. Уымæн бирæбæр-цæй ахъаз кодта гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ æртæфарсон фидауынгæнæн тыхтæ 1992 азы Дагомысы сразыдзинæдтæм гæсгæ бакæнын.
Æртыккаг æвзæрстытæ уыдысты 1999 азы 12 майы. РХИ-йы Парламенты скондмæ æв-зæрст æрцыдысты 29 депутаты. Йæ сæргъ та слæууыд фæуæлахизуæвæг Коммунистон пар-тийы лидер Коцты Станислав Яковы фырт. Республикæйы хицауиуæгады уæлдæр закъон-дæттынадон органы архайд нысан æрцыд РХИ-йы Конституцийы ног проект бакусынæй, кæцы референдумы фæстиуæгæн ист æрцыд 2001 азы 8 апрелы. Ситуаци цæхгæр куы скарз, уыцы уавæрты, 2004 азы 23 майы, уыдысты цыппæрæм æрсидт Парламентмæ æвзæрстытæ. РХИ-йы Парламенты къухдариуæггæнæг ссис æвзæрстыты фæуæлахизуæвæг ногсырæзгæ политикон парти «Иудзинад»-ы минæвар фæлтæрд политик Гасситы Знауыр Никъалайы фырт. Ацы æрсидты депутатты рæстæгмæ æрхаудысты Гуырдзыстоны дыууæ агрессийы: 2004 æмæ 2008 азты. Фæлæ уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, депутаттæ куыстой æнтысгæйæ, райстой къорд ахсджиаг, æз зæгъин, республикæйæн хъысмæтхæссæг документтæ. Цып-пæрæм æрсидты æххæстбарты æмгъуыд фæуынмæ æмæ ног фæндзæм æрсидт Парламен-ты сæвзарынмæ Хуссар Ирыстон цардис ног по-литикон реалиты. Республикæ уыдис дунейы нымад паддзахады статусы. Уый йæ фæд ныу-уагъта æвзæрстыты агъоммæ кампанийыл æмæ æвзæрстытæн сæхиуыл дæр, кæцытæм стыр цымыдисимæ кастысты дунеон æхсæнады ’рдыгæй. 2009 азы 31 майы чи уыдысты, уыцы хъæлæс дæттыны фæстиуджытæм гæсгæ РХИ-йы Парламенты фылдæр бынæттæ бахъахъхъæдта парти «Иудзинад», уыимæ сæрдарæй æвзæрст æрцыд коммунистты лидер Коцты Станислав Яковы фырт. Нымæцмæ гæсгæ 5-æм Парламенты активмæ ахæссын хъæуы къорд ахсджиаг программон документтæ æмæ закъæттæ райсын.
Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæзæм æрсидт Парламенты депутаттæ дарддæр кæнынц парламентаризмы райсгæ традициты, хъæздыг кæнынц райсгæ фæлтæрддзинад ног конкретон уавæрты. Республикæйы минæварджын хицауиуæгады æххæстбартæй хайджын уæвгæйæ, депутаттæ скъуыддзаг кæнынц æхсæнады царды уæрæх спектры фарстатæ. РХИ-йы æхсæзæм æрсидт Парламенты депутатон корпусы сты, патриотон зæрдæйы равг кæмæн ис, не ’хсæнады уыцы минæвæрттæ, уый сын фадат дæтты сæ архайд æнтысгæйæ æххæст кæнынæн Парламенты къабазон комитетты æмæ къамисты.
РХИ-йы Парламенты архайдыл дзургæйæ, банысан кæнын хъæуы, йæ уæвынады 25 азы дæргъы хицауиуæгады закъондæттынадон æмæ минæварадон органы сæйраг функцитæй дарддæр уый кæй у серьезон скъола политикон кадртæ, республикæйы иууыл уæлдæр æмвæзады къухдариуæггæнджытæ хъомыл кæныны. Фаг у зæгъынæн уый, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг æмæ дыккаг президенттæ Цыбырты Людвиг Алексейы фырт æмæ Кокойты Эдуард Джабейы фырт кæй уыдысты РХИ-йы фыццаг æрсидт Парламенты депутаттæ. Æмæ ма зæрдыл æрлæууын кæндзынæн уый дæр, æмæ паддзахады дыккаг æрсидт уæлдæр закъондæттынадон органы депутат кæй уыдтæн æз дæр.
Мæ арфæйы раныхас фæуд кæнгæйæ мæ фæнды сæрмагондæй банысан кæнын, абон хицауиуæгады æппæт къабæзтæ дæр æмзæр-дæйæ кæй хъуамæ скъуыддзаг кæной паддзахадон арæзтады, бæстæйы æдасдзинад ифтонг кæныны, адæмы фæрныгад рæзын кæныны иумæйаг хæстæ. Ацы æнæивгæ постулат æм-барын у ахсджиаг уавæр барадон-демократон паддзахад æнтысгæйæ аразыны. Æз æхсыз-гонæй нысан кæнын, ахæм æмбарынад кæй ис ныры æрсидты депутатон корпусмæ.
Зынаргъ хæлæрттæ!
Бар мын радтут ноджыдæр зæрдæбынæй раарфæ кæнон сымахæн иууылдæр бæрæгбоны сæраппонд. Уадз, уæ хæдзæртты æлдариуæг кæнæд амонд, сабырад æмæ ирон фарн! Мах иумæ аиуварс кæндзыстæм æппæт зындзинæдтæ æмæ нæ бæстæйы, нæ адæмы акæндзыстæм дидинрафтыдмæ!
Уастырджы не ’мбал!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.