Уырыссаг историон рухсад «Двуглавый орел»-ы рæзты æхсæнады уыдис РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы фембæлд æхсæнады советы сæрдар, телевизион канал «Царьград»-ы Хъусдарæг советы сæрдар, æддагон развæдсгæрсты инæлар-лейтенант Леонид Решетниковимæ.

Мадзалы хайад райстой Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим. Æхсæнад «Двуглавый орел»-æй та дзы уыдысты эксперттæ Андрей Малюткин, Евгения Волоскова æмæ Артур Атаев.

Леонид Решетников Бибылты Анатолийы базонгæ кодта æхсæнады куысты сæйрагдæр здæхтытимæ,  акцент Уæрæсейæн ног тæссагдзинæдтæм саразгæйæ, ныгуылæйнаг антиуæрæсейаг коалицийы рæзты контексты. Дарддæр æхсæнады советы сæрдар загъта ныфсдзинад æхсæнады æмæ Хуссар Ирыстоны организациты ‘хсæн æмгуысткæнынад дарддæр кæныны тыххæй.

Йæ рады Хуссар Ирыстоны Президент банысан кодта, зæгъгæ,  Хуссар Ирыстон раздæрау у иууыл æнувыддæр геополитикон æмцæдисон Уæрæсейæн Кавказы. «Ацы хъуыддагæн фæивæн нæй», – банысан кодта йæ раныхасы Бибылты Анатоли. Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг бузныг загъта Леонид Решетниковæн Хуссар Ирыстонимæ, бæлвырддæрæй та Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетимæ æмгуысткæнынадмæ стыр хъусдард кæй здахы, уый тыххæй.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, цæттæ у æхсæнад «Двуглавый орел»-æн Хуссар Ирыстоны æххуыс кæнынмæ æмæ уыцы хъуыддагмæ сæ хъусдард аздæхта фембæлды уæвæг республикæйы минæвæрттæн.

Ныхасы рæстæджы ма дзырд цыд дыууæ паддзахады æмгуысткæнынады динон-политикон хаймæ, афтæ ма гуманитарон къабазы æмгуысткæнынады рæзтмæ.

Леонид Решетников Хуссар Ирыстоны Президентæн балæвар кодта бузныджы нысанæн, «Двуглавый орел»-ы æхсæнад кæй рауагъта, ахæм чингуытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.