АЗЫЛДЫСТЫ АРÆЗТÆРЦÆУÆГ ОБЪЕКТТЫЛ

Ленингоры район республикæйы иууыл дæрддагдæр район кæй у, стæй йæ фылдæр хай бирæ азты дæргъы Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы сæвзæрыд бирæ проблемæтæ, кæцыты скъуыддзаг кæнынмæ сæрмагонд хъусдард цæуы æрмæст нæ республикæйы разамынады æрдыгæй нæ, фæлæ Уæрæсейы Федерацийы разамынады æрдыгæй дæр. Уымæн æвдисæн сты Мæскуыйæ цы бæрзонд уазджытæ æрцæуынц Хуссар Ирыстонмæ, уыдон дæр кæй бабæрæг кæнынц район, кæй базонгæ вæййынц йæ цæрджыты проблемæтимæ æмæ мадзæлттæ ист кæй æрцæуы сæ сæххæст кæныны тыххæй.

Районы цæрджыты проблемæтæй скъуыддзаг цы æрцыдис, ныртæккæ куыст цы проблемæтæ аиуварс кæныныл цæуы æмæ дарддæр куыст цæуыл цæудзæн, уыдæттыл бæстондæр æруынаффæ кæныны нысанæн Ленингоры уагъд æрцыд РХИ-йы Хицауады цæугæ æмбырд, кæцыйы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, министрадты æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ.

Райдианы уал уыдон бабæрæг кодтой, цы объекттæ дзы арæзт æрцыдысты, уыдоны.

Сывæллæтты цæхæрадонмæ бацæугæйæ, паддзахады сæргълæууæг бафиппайдта сывæллæттæ цы хатæны фæхъазынц, уымæн астæрды арæзт хуыздæрхъуаг кæй у æмæ подрядон организацийы сæргълæууæгæй æрдомдта, цæмæй баивд æрцæуа æндæр æрмæгæй. Президент ма бацымыдис кодта сывæллæттæн рæвдауæндон фаг кæны, æви нæ, уымæ.

РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали куыд загъта, афтæмæй уый арæзт у 100 сывæллонæн.

Ногарæзт скъолайы бæстыхайы Президент æмæ йе ‘мбæлццæттæ азылдысты кълæстыл, сæхи цæстæй федтой скъолайы ифтонгдзинад, бацымыдис кодтой хæринаггæнæн æмæ спортзалы, кæрты хæрзарæзтад æмæ спортивон фæзуæтты уавæрмæ æмæ баззадысты райгондæй. Президент подрядон организацийы сæргълæууæг Беппиты Иналæн загъта бузныджы ныхæстæ йæ цæсгомджын куысты тыххæй.

Бабæг ма кодтой, кæй арæзтад фæуд кæны, уыцы канализацион дæтты биологон æгъдауæй сыгъдæггæнæн станц. Сентябры мæймæ кæронмæ бахæццæ уыдзысты нуазыны доны æмæ канализацийы хызæгтæ баивыны фæдыл æппæт куыстытæ дæр. Уыдæтты тыххæй Президентæн радзырдта генералон директоры хæдивæг Зассеты Сергей.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй зæххы бын хызæгтæ аразыны сæйрагдæр куыстытæ фесты – уынгты æвæрд æрцыдысты магистралон хæтæлтæ æмæ сæ иу кæнын райдыдтой цæрджыты хæдзæрттæм. Доны хæххыты иумæйаг дæргъ у 15 километры æмæ 815 метры. Уыцыиу рæстæджы иуварс кæнынц, раздæры арæзтадон организаци цы цухдзинæдтæ æруагъта, уыдоны.

 

ХЪУЫДДАГОН  НЫХАС  – РХИ-йы ХИЦАУАДЫ ЦÆУГÆ РАБАДТЫ

Объекттыл азилыны фæстæ районы администрацийы агъуысты ауагъд æрцыд РХИ-йы Хицауады цæугæ рабадт.

Рабадты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, дзырд кæй цæудзæнис райцентры æмæ хъæууон цæрджытимæ баст фарстытыл, бæлвырддæрæй та республикæ æмæ районы разамынады архайдыл, афтæ ма цæрджытæ цы фарстатæ æвæрынц, уыдоныл.

Рабадты хайадисджытæ райдианы байхъуыстой районы сæргълæууæг Хацырты Филиппы информацимæ районы хъуыддæгты уавæры тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, районы куыст цæуы социалон-экономикон уавæр хуыздæр кæныныл. Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдон хорзæрдæм æндавынц уавæрыл иумиагæй сисгæйæ. Кæронмæ фæхæццæ кæны Орчъосаны хъæуы астæуккаг скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндоны бæстыхайы арæзтад. Сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы фæндæгты арæзтадмæ. Цы фæндæгтæ арæзт æрцыдысты, уыдонæн сæ иумиаг дæргъ у 120 километры бæрц. Нуазыны дон та рауагъд æрцыд ахæм хъæутæм, куыд Гдулет, Цъинагар, Дзукъатыхъæу, Монастъер, Абреу æмæ Орчъосанмæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ хицæн хъæуты доны проблемæ кæй уыд Советон дуджы дæр, фæлæ скъуыддзаг цæуынц ныртæккæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ иуæй-иу хъæутæм цы дон рауагъдæуыд, уый кæй нæ фаг кæны, уымæ гæсгæ дарддæр куыст цæудзæн, цæмæй фæфылдæр уа сæ гуырахст. Ныртæккæ та куыст цæуы Цъубен æмæ Захъхъоры хъæутæм дон рауадзыны куыстытыл. Уый тыххæй сын æппæтхъæуæг æрмæджытæ дæр сты цæттæ. Уымæй дарддæр ма планы ис Ахмадз, Раздахæны æмæ Цъубены хъæутæм дон рауадзын. Цалцæг æрцæудзæн Болы хъæумæ цы донуадзæн хæтæл цæуы, уый.

Арæзт æрцæудзæн, Чысаны цæугæдоныл Икъоты æмæ Коринтайы хъæуты ‘хсæн хид ныккалд 6 азы размæ, уый. Йæ уæрх у 2 метры æмæ йæ дæргъ та 54 метры. Йæ арæзтад ахсджиаг у дыууæ хъæуы цæрджытæн дæр æмæ хъуамæ арæзт æрцæуа ацы аз.

Ныридæгæн куыстытæ цæуынц сæрдыгон лагерь Чысангомы Садзегуры хъæуы, кæцы ис райцентрæй 15 километры æддæдæр. «Уыцы хъæуы ис, нырма бирæ азтæ кæуыл нæ цæуы, ахæм скъолайы бæстыхай, ам æрцардысты бынæттон цæрджытæ. Фæлæ йæ мах ссæрибар кодтам æмæ дзы ныр арæзт цæуы лагерь», – зæгъы районы сæргълæууæг. Уыцы хъуыддаг цæрджытæн уыдис æхсызгон, фæзындзæнис дзы кæмæндæрты куысты бынæттæ. Президент йæ рады бафæдзæхста, сывæллæттæн æй кæй аразынц, уымæ гæсгæ дзы арæзт хъуамæ æрцæуа сæ цардæн æдасдзинады уавæртæ.

Уымæй дарддæр ма районы администрацийы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй уырдæм хъуамæ уагъд æрцæуа гъæдджын нуазыны дон дæр.

Хацырты Филиппы ныхæстæм гæсгæ хъусдард здæхт цæудзæн районы егъаудæр хъæутæ – Орчъосан æмæ Цъинагармæ. Сметæтæ арæзт æрцыдысты ацы хъæуты схæрзарæзт кæныны фæдыл. Афтæ ма бакусдзысты, цæмæй сæ сæйрагдæр уынгтæ, адæм фылдæр кæм змæлынц, ахæм бынæттæ рухс цæуой. Ахæм куыстытæ баконд  цæудзысты Абреу, Гдулет, Дзукъатыхъæуы дæр.

Ныртæккæ цалцæггæнæн куыстытæ фæуд кæнынц Орчъосаны æмæ Цъинагары Культурæйы хæдзæртты. Уыдонæн Краснодарæй æнхъæлмæ кæсынц сценæйон æмæ æндæр ифтонггæрзтæ райсынмæ, афтæмæй сæ æппæт уавæртæ дæр уыдзæнис культурон-дзыллон мадзæлттæ æмбæлон уагыл уадзынæн. Уымæй дарддæр ма план цæуы Цъинагары астæуккаг скъолайы спортзалы арæзтад.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл дзургæйæ, районы сæргълæууæг банысан кодта æппæт медицинон уагдæттæ дæр куыстхъом кæй сты, фондз акушерон-фельдшерон пунктæй дарддæр, кæцыты хъæуы цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын.

Президент цымыдис кодта медицинон кадртæ æмæ хостæй ифтонг кæныны, фельдшерон-акушерон пункты архайды фарстытæм.

Хацыры фырт ма куыд банысан кодта, афтæмæй ис ахæм проблемæтæ, кæцыты скъуыддзаг кæнын администрацийæн йæ бон нæу æнæ уæлдæрлæууæг органты æххуысæй. Уыдонæй сæ иуыл уый банымадта, зæронд, цæрынæн чи нал бæззынц, ахæм хæдзæрттæ сæндидзын кæнын. Уый ма банысан кодта арæнгæрон хъæуты цæрджытæн кæй ис проблемæтæ. Сæ фос ахизынц сыхаг бæстæйы территоримæ æмæ фæстæмæ нал æрбаздæхынц.

Президент фæндон бахаста, цæмæй ахæм фадгуытæ бæлвырд æрцæуой æмæ арæзт æрцæуа афтæ, цæмæй фос мауал хизой арæнæй æддæмæ. Æмæ ма банысан кодта, ацы фарстыыл уынаффæ кæй цæудзæнис республикæйы Æдасдзинады советы дæр.

Банысан кодта, зæгъгæ, Советон дуджы административон арæнтæ дырысæй бæлвырд нæ цыдысты, гæнæн уыд хуссарирыстойнавг цæрæджы зæххы фадыг хаудаид Гуырдзыстоны территоримæ æмæ афтæ иннæрдæм дæр, уымæ гæсгæ æрсидт, цæмæй æмбарынгæнæн куыст цæуа цæрджыты ‘хсæн, абон уавæр кæй фæивта, уымæ гæсгæ.

Хацырты Филипп ма æрæмбырдуæвджыты рæгъмæ рахаста, цæрджытæй зæххы фадгуытæ арендæйы чи райста, уыдон цæмæй æмбæлон документаци фæткмæ æркæной, уый тыххæй сæ кæй фæхъæуы горæтмæ цалдæр хатты ацæуын. Президент дæр банысан кодта, кусæг лæгæн бон-изæрмæ кабинетты рахау-бахау кæнын тынг зын кæй у, уый æмæ юстицийы министр Лалаты Залинæйæн бабар кодта, цæмæй ацы фарстмæ аздаха йæ хъусдард æмæ оперативонæй бакусой ацы хъуыддагыл.

Рабадты дзырд цыдис ахæм ахсджиаг проблемæйыл куыд Цъинагар, Орчъосан, Абреуы зонæты донхæргæнæн донæй сифтонг кæнын. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы зонæйы ис, хъæздыг тыллæг райсæн кæмæй ис, ахæм зæххытæ, фæлæ сæ тыллæгæрзад кæнгæ вæййы боныгъæдтæй. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта куыст кæй цæуы ацы проблемæ скъуыддзаг кæныныл дæр. Донхæргæнæн системæйы арæзтадæн арæзт æрцыд сметæйон документаци.

Æмбырды ма дзырд цыдис, районы æмбæстæгты бынæттон пасторттæй сифтонг кæныны фарстыл. Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, цæмæй ацы хъуыддаджы фæтк æврæд æрцæуа æмæ Хуссар Ирыстоны паспорттæй ифтонг æрцæуой, сæ сомбон республикæйы цардимæ чи бæттынц, уыцы æмбæстæгтæ.

Президент йе ‘нæразыдзинад равдыста, йæ рæстæджы Цхинвалы уынгтæ аразгæйæ, уыдоны æмхуызон куы сфæйлыдтой,уыцы хъуыддаг фæлхаттгонд кæй æрцыдис 2016 азы Ленингоры районы дæр уый фæдыл. «Афтæ гæнæн нæй. Уыдон хъуамæ арæзт æрцыдаиккой кварталгай. Æмæ абон цæрджытæ се ‘нæразыдзинад кæй æвдисынц, уымæй раст сты. Бафæлладысты къахт уынгтæй», – загъта уый æмæ Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуардæн бахæс кодта, цæмæй бакуыст æрцæуа план Къудухты Бесикы æмæ Сталины уынгтæ сосфальт кæныны тыххæй. Уыдон хъуамæ арæзт æрцæуой ацы аз.

Президент Бибылты Анатоли ма йе ‘нæразыдзинад равдыста, Гуырдзыстонæй фос мидæмæ кæй æрбакæнынц, уый тыххæй дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы хъуыддагæн дарддæр æруадзæн нæй, уымæн æмæ Уæрæсе махæн радта разыдзинад, цæмæй нæ фыдызгъæл ласт цæуа Уæрæсемæ æмæ Гуырдзыстонæй та тас у низ æрбаирвæзынæй. Фидарæй загъта, зæгъгæ, Уæрæсе ацы хъуыддаджы тыххæй йæ хъуыды куы фæива, уæд уый нæ экономикæйæн æрхæсдзæн стыр зиан. Æмæ уый та ууыл разы нæу. Фос дыууæрдæм чи кæны арæныл, уыдонæн мах сараздзыстæм æппæт уавæртæ дæр, цæмæй сæ дарой нæхи территорийыл.

Президент ма æрдзырдта 2-3-4 æмæ æгæрыстæмæй фылдæр бынæтты чи кусынц, ахæм æмбæстæгты тыххæй дæр æмæ бафæдзæхста, цæмæй фæтк æвæрд æрцæуа ацы хъуыддаджы.

Хъæууон хæдзарады тыххæй дзургæйæ Президент загъта, зæгъгæ, Ленингоры районимæ «Ирагропромсервис» хъуамæ сараза сразыдзинад æмæ техникæйы хъуагдзинады аххосæй хуымтæ ма хъуамæ ззайой æнæкуыст.

Æмбырды ма Президент районы администрацийы сæргълæууæгæн бахæс кодта, цæмæй районы арæзт æрцæуа  балонтæ газæй кæм йедзаг кæной, ахæм станц. Уый тыххæй уый хъуамæ бахынца, цы хæрдзтæ домы йæ арæзтад, уый.

Æмбырды  Президент æрдзырдта Инвестицион программæйы фæлгæтты цы объекттæ æмæ арæзтæдтæ æрцæудзысты арæзт, уыдоны тыххæй дæр.

 

ФЕМБÆЛД РАЙЦЕНТРЫ ЦÆРДЖЫТИМÆ

Уыцы бон ма Ленингоры Культурæйы хæдзары Президент æмæ йе ‘мбæлццæттыл сæмбæлынмæ æмæ сæ цардуагон фарстытыл аныхас кæнынмæ æрæмбырд сты райцентры цæрджытæ.

Бибылты Анатоли цыбыртæй æрдзырдта, иу афæдзы дæргъы йын цы бантыст саразын, уыдоны тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Республикæйы бюджет нæхи фæрæзтæй бирæбæрцæй кæй фæфылдæр, уый ахсджиаг хъуыддаг у, уымæн æмæ ныр нæ бон суыдзæн нæ университеты, техникумы, колледжы студенттæн сæ стипенди фæфылдæр кæнын. Нырмæ уый фадат нæ уыд.

2008 азы чи ныппырх сты, уыцы хæдзæртты аразынæн Уæрæсе нал дих кæны æхцайы фæрæзтæ, фæлæ уыдон дарддæр арæзт цæуынц нæ республикæйы бюджеты фæрæзтæй. Президент цæрджыты раз дæр йе ‘нæразыдзинад равдыста, поселочы уынгтæ æмхуызонæй кæй скъахой, уымæй. «Æмбарын кæй бафæлладыстут рыгæй, æмæ кæд сæ арæзтад 2019 азмæ хауы, уæддæр уал ацы аз сараздзыстæм Сталины æмæ Къудухты Бесикы уынгтæ. Иннæ уынгтæ дæр арæзт æрцæудзысты фæстæдæр æмæ та раздæрау бæрæг дардзæнис йæ рæсугъддзинадæй райцентр. Республикæйы разамынад æппæт тыхтæй дæр архайдзæнис, цæмæй уæ цард суа комфортон, рæсугъд æмæ мидисджын. Æмæ, канд, Ленингоры район нæ, фæлæ æмткæй нæ республикæйы цæрджыты цард дæр», – загъта Президент.

Президент ма йæ раныхасы банысан кодта, районы æппæт проблемæтимæ дæр зонгæ кæй у æмæ уыдон цадæггай скъуыддзаг кæй цæудзысты.

Цæрджытæ сæхæдæг дæр Президентмæ лæвæрдтой, рагæй сæ чи цымыдис кодта æмæ сæ чи тыхсын кодта, уыцы фарстытæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.