РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæстаг мæйы Хуссар Ирыстоны зынгсирвæзты ныхмæ службæйы кусджытæ ахуыссын кодтой 30-æй фылдæр зынгсирвæзты. Уыдон уыдысты хус кæрдæг æмæ хъæд ссудзыны цаутæ.

Æрдзы хъæбысы улæфыны рæстæджы æртытæ куынæ ахуыссын кæнынц, кæнæ та барæй  кæрдæг куы ссудзынц, уæд уыдон арæх свæййынц зынгсирвæзты аххосæгтæ.

«Æрмæст зынгсирвæзты тыххæй нæ фæсидынц Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæм, фæлæ ма хинайæн сезоны дæр хъусдард здæхт вæййы улæфæн бынæттæм. Фæстаг мæйы нысан æрцыд цалдæр æнамонд цауы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æгæр карз нозт кæнгæйæ, æвзонг адæймæгты ферох вæййы хи бахизыны мадзæлттæ æмæ расыгæй сæхи фæнайынц», – фехъусын кодта Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ.

Республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрад сиды æмбæстæгтæм, цæмæй сæхи бахъахъхъæной æмæ улæфты рæстæджы ма рох кæной æдасдзинады фæткойтæ.

РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæджы хæдивæг Захаров Аланы ныхæстæм гæсгæ, æрдзы хъæбысы улæфыны рæстæджы республикæйы цæрджытæ арт скæнынц æмæ фæстæмæ куы здæхынц, уæд сæ нæ ахуыссын кæнынц, афтæмæй сæ ныууадзынц.

«Ныртæккæ кæрдæг у хус æмæ æнцонæй ссудзы. Фæнды мæ адæмæн зæгъын, цæмæй сæ фæстæ æфснайой æмæ-иу ахуыссын кæной артытæ æмæ зынгсирвæзт ма æрцæуа», – банысан кодта Захаров.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.