Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æрæвæрдта йе ‘ххæстбартæ республикæйы министрты кабинеты рабадты, бæстæйæн ног Президент æвзæрст кæй æрцыд, уымæ гæсгæ.

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти раарфæ кодта министртæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй,  аивгъуыйгæ азты æххæстгæнæг хицауадæн бирæ саразын кæй бантыст, уый банысан кæнгæйæ.

«Фыццаг рады мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын сымахæй алкæмæн дæр, хицауады сконды мах иумæ цы куыст бакодтам, уый тыххæй. Ахæм сконды мах куыстам æртæ азы дæргъы. Уыцы рæстæджы нæ разы æвæрд цыдысты бæрæг хæслæвæрдтæ, нæ республикæйы рæзты æнæмæнгхъæуындзинад æмæ приоритетты тыххæй. Æмæ куыд гæнæн уыд, афтæ тырныдтам уымæ, цæмæй нæ республикæ размæ цыдаид, рæзтаид», – загъта Хъуылымбегты Доменти.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæйы хицауады раз æвæрд уыдысты хæстæ: «РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ ахæм æмвæзадмæ ракæнын, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы рахицæнгонд финансон фæрæзтæ хæццæ кодтаиккой алы объекты онг дæр æмæ Инвестпрограммæ реализаци цыдаид планбæрцæй».

«Ацы хæс сæххæст кæнын нæ къухты бафтыд. Абон ис системæ, Инвестпрограммæ реализаци кæныны механизм, кæцы фадат дæтты объекттæ аразынæн, экономикæйы реалон секторы рæзтæн бындур аразынæн», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.