РХИ-йы Пенсион фонд æвзары финансон фæрæзты дефицит, хæсджынтæ рæстæгыл æхцайы фæрæзтæ кæй нæ ахынцынц, уый аххосæй æмæ рæстæгыл уыдон æхцайы фæрæзтæ Пенсион фондмæ куынæ раздахой, уæд уыцы дефициты бамбæрзын хъæудзæн паддзахадон бюджеты фæрæзтæй, – уый тыххæй фехъусын кодта ведомствойы сæрдар Тасойты Азæ Хицауады рабадты. Рабадт уагъта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ дзы уынаффæ цыдис «2018 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджеты тыххæй» закъоны проектыл.

Фондæй иууыл фылдæр хæс дары арæзтадон организаци «Союзстройпроект», кæцы бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ арæзта Хъайтарты уынджы. Уый ведомствойæ фæхæсджын 9 милуан сомы. 3 милуан сомы бæрц хæс бафыста дзулфыцæн комбинат, афтæ ма æндæр организацитæ дæр», – загъта йæ раныхасы Тасойты Азæ.

Уæвæг дефицитмæ нæ кæсгæйæ, Пенсион фонды æфтиæгтæ ивгъуыд азимæ абаргæйæ фæфылдæр сты. Президент Пенсион фонды къухдариуæггæнæгæн бахæс кодта, цæмæй аскъуыддзаг кæна дефицитимæ баст фарстытæ æмæ дарддæр ахæм проблемæтæ мауал сæвзæра.

Бибылты Анатоли Хицауадæн бахæс кодта, цæмæй минималон пенситы бæрц схиза цæрыны минимумы æмвæзадмæ.

«Пенсийы астæуккаг бæрц ма хъуамæ уа цæрыны минимумы æмвæзадæй къаддæр, уымæ гæсгæ пенситы хъæуы этапгай фылдæр кæнын. Хицауадæн хæс кæнын, цæмæй ацы фарстыл бакусой», – загъта Президент.

Республикæйы Хицауады цур ирон æвзаджы рæзты фæдыл къамисы сконд сфидар кæныны тыххæй фарстыл уынаффæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли фæндон бахаста, цæмæй ирон æвзаджы рæзтыл Ирыстоны цæгаты æмæ хуссары дæр куса иу къамис.

«Æз Битарты Вячеславимæ ныхас кодтон ирон æвзаджы рæзты фæдыл иумæйаг къамис саразыны фадатыл. Æвзаджы рæзтæн хъуамæ уа иу здæхт, куыд Ирыстоны хуссары, афтæ цæгаты дæр. Къамисы скондмæ хъуамæ бацæуой Ирыстоны дыууæ хайы  ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ æмæ иумæ кусой æвзаджы рæзтыл», – загъта Президент.

Хицауады уæнгтæ ма схъæлæс кодтой, цæмæй республикæйы адарддæр æрцæ-уа Сырх Дзуары Дунеон Комитеты минæварады уæвыны æмгъуыд.

Пенсион ахыгъдты фарстмæ раздæхгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, æнæхицауадон организациты кусæг Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ пенсион фондмæ нæ хынцынц финанстæ æмæ афтæмæй уыдонæн фадат нæ уыдзæн сæхицæн пенси саразын. Хицауадæн бахæс кодта, цæмæй ацы фарстыл бакуса æмæ организацитæ ахыгъдтытæ аразой пенсион фондмæ.

Финансты министр Хæбæлаты Азæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы азы 1 ноябрæй фидар æрцыд æхцайы фæрæзты лимит æфсæддон службæгæнджытæн, кæцытæ æдзух се службæ хæссынц радгæстæй. Ацы мадзал хауы æрмæстдæр Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты æмæ Æддагон развæдсгæрсты  службæйы æфсæддон службæгæнджытæм, кæцытæ нырмæ нæ истой хæлцады продукттæ. «Дзырд цæуы, ахæм æфсæддон службæгæнджытыл, кæцытæ æдзух се службæ хæссынц радгæстæй æмæ сын фадат нæй хæлцад сорганизаци кæнынæн», – загъта Финансты министрады сæргъ-лæууæг.

Рабадты ма фидар æрцыд Хуссар Ирыстоны территорийыл реализацицæуæг инвестицион проекттæ æвзарыны фæдыл Инвестицион къамисы сконд. Къамисы скондмæ бацыдысты æндæр æмæ æндæр министрадтæ æмæ ведомствоты, афтæ ма Республикæйы Парламенты минæвæрттæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.