Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти 16-æм январы ауагъта Хицауады рауæрæхгонд æмбырд.

Райдианы уый хицауады уæнгтæ, комитеттæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæн раарфæ кодта зæронд ног азы боны цытæн.

Хицауады Сæрдар бафæдзæхста министрадты, районты администрациты æмæ комитетты сæргълæуджыты, цæмæй бынæтты ауадзой хыгъдон æмбырдтæ. Æрдзурой бакæнгæ хъуыддæгтыл æмæ 2017 азы цы мадзæлттæ уадздзысты, цæмæй куыст активондæр æмæ нысаниуæгджындæр уа, уыцы актуалон фарстатыл. Стæй ма, февралы мæйы Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисæн цы рабадт хъуамæ уа, уый куыстмæ бавдисой, цы фарстатæ сæ тынгдæр тыхсын кæнынц сæ дæлбаруæвæг министрадты, уыдон.

Уый фæстæ ныхасы рацыд Финансты министр Хæбæлаты Азæ. Уый куыд загъта, афтæмæй 2017 азы бюджет ист кæй не ‘рцыд, уый зындзинæдтæ æвзарын кæны Финансты министрады куысты: «Абонæй фæстæмæ Финансты министрад æрæвнæлдта, Инвестицион программæйы 2016 азæй цы æхцайы фæрæзтæ баззад, уыдон финанс кæнынмæ.

Бюджет ист кæй не ‘рцыд йæ рæстæджы, уый иууыл тынгдæр бандавдзæнис паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы куыстыл. Уый æрвылмæй дæр хъуамæ араза бадзырдтæ газ æмæ электроэнергийæ хъармгæнæнтæй ифтонг кæныны тыххæй. Бюджет йæ афоныл ист кæй не ‘рцыд, уый фæзындзæн Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрадыл дæр. Комкоммæ зæгъгæйæ та, льготон медикаменттæй рынчынтæ афоныл ифтонг не ‘рцæудзысты.

Рабадты дзырд цыд вирусон инфекци парахат цæуы æви нæ республикæйы цæрджыты ‘хсæн, уыцы ахсджиаг фарстыл дæр.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджанов куыд загъта, афтæмæй иуæй-иу районты ис гриппы фæзынды тенденци. Фæлæ нæй афтæ зæгъæн, ома, уый у массон. Зæгъæм, ныртæккæ карантин ис Къуайсайы æмæ Дзауы сывæллæтты рæвдауæндæтты. Горæт æмæ иннæ районты нæй эпидеми, уымæ гæсгæ кусынц иугъæдон режимы».

Ацы фарсты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Зонад æмæ ахуырады министр Гасситы Натали дæр. «Улæфтыты фæстæ скъолатæм цъус ахуыргæнинæгтæ кæй æрбацыд, уый баст уыд ныййарджытимæ. Уыдон тарстысты, скъолайы ОРВИ-йæ рынчынтæ куы уа æмæ сæ сывæллæтты бахизой контактæй».

О, фæлæ гриппы эпидемийы тæссагдзинад нырма кæй ис, уый бæрæг уыд, Григори Кулиджанов цы зонæнтæ бавдыста, уымæй. «9-æм январы хынцыд æрцыд 127 рынчыны, уыдонæй кæстæр кары сывæллæттæ сты 77. 10-æм январы  – 98 рынчыны, уыдонæй 54 сты сывæллæттæ. Улæфты бонты – 116 рынчыны,  уыдонæй дæр сабитæ сты 76 бæрц». Рабадты куыд загъдæуыд, афтæмæй кæд дарддæр дæр ОРВИ фæтынгдæр уа, уæд республикæйы баконд æрцæудзæнис карантин.

Рабадты цы бирæ фарстатыл дзырд цыд, уыдоны ‘хсæн уыд, министрадтæ æмæ ведомствотæ бынæттон периодикон мыхуыр рафыссынмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсынц. Зæгъæм, æмбырды куыд банысанчындæуыд, афтæмæй Генералон прокуратурæ бынтондæр нæ рафыста газет «Хурзæрин», Криминалон милици та æрмæст иу «Хурзæрин».

Хъуылымбегты Доменти Паддзахадон исады комитетæн бахæс кодта, цæмæй бакусой æмæ æввахс рæстæджы Паддзахады кадастрмæ райсой, паддзахадон уагдæттæй номхыгъды чи нæма сты, ахæм бæсты-хæйттæ.

Æмбырдæн фæстиуджытæ аразыны рæстæджы Хицауады Сæрдар ноджы иу хатт бахатыд министрадтæ æмæ районты сæргълæуджытæм, цæмæй 2016 азæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй хыгъдтæ рахæссой адæмы размæ дзыллон информациты фæрæзты æххуысæй.

Уазæгты марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.