УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри

Медведевæн

Цытджын Дмитри Анатолийы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ сæрмагондæй мæхи номæй айс иууыл хъармдæр арфæтæ æрбалæугæ Ног азы æмæ сыгъдæг бæрæгбон Чырыстийы Райгуырды цытæн! Аивгъуыйгæ азы æрцыд бирæ ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын цаутæ, кæцытæн уыд стыр нысаниуæг куыд Уæрæ-сейы Федерацийы, афтæ нæ республикæйы царды дæр. Уæлдай тынгдæр мæ банысан кæнын фæнды Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты æвæрццаг тенденци Уæрæсейы Федерацийы æххуысы руаджы. Нæ паддзахадты ‘хсæн архайæг бадзырдтæ æмæ сразыдзинæдтæ ахъаз кæнынц Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн æмæ дыууæфарсон ахастыты дарддæры рæзтæн.

Уырны мæ, æрбалæугæ аз кæй суыдзæн иумиаг стратегион нысæнттæ къухты бафтын кæныны фæдыл ахадгæ æмгуыстады ног рæстæг, кæцы фадат ратдзæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмцæдисон ахастытæ ног æмвæзадмæ ракæнынæн.

Цытджын Дмитрий Анатолийы фырт, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ, Уæрæсейы Федерацийы бирæнацион адæмæн та  фæрныгад æмæ дарддæры дидинæфтыд!

 

* * *

Пухаты Эрик ма ногазон арфæтæ ракодта УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонинæн, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецовæн, ХПÆ-йы паддзахадтæ-хайадисджытæ, Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты Управленийы хистæр Олег Говорунæн, банысангонд Управленийы хистæры хæдивæг Денис Травинæн, Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн,  РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймуразæн, Республикæ Абхазы Хицауады Сæрдар Беслан Барцицæн, Приднестроваг-Молдаваг Республикæйы Хицауады Сæрдар Александр Мартыновæн.

 

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петры  ногазон арфæ Республикæйы цæрджытæн

Цытджын æмбæстæйонтæ!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын æрбалæугæ Ног аз  æмæ Чырыстийы Райгуырды сæраппонд!

Цæуынц бонтæ æмæ мæйтæ, аивгъуыдта зæронд аз, æмæ æрлæууыдыстæм Ног 2018 азы къæ-сæрыл. Аивгъуыйгæ азы æрцыд ахсджиагдæр æхсæнадон-политикон цау – президентон æвзæрстытæ, кæцыйы фæстиугæн сæрибар фæндонмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны адæм равзæрстой сæ раздзоджы, кæцыйы къухдариуæгады бын мах æввахс азты æххæст кæндзыстæм политикон æмæ социалон-экономикон фадыджы рæзты ‘рдæм здæхт вазыгджын æмæ цымыдисон проекттæ. Æддагполитикон здæхты мах дарддæр дæр рæзын кæнæм конструктивон политикон диалог хæларадон бæс-тæтимæ, кæцыйы ахсджиаг хай у æнтыстджын æхсæнпарламентон диалог. Диалогы рæстæджы скъуыддзаг цæуынц бирæ ахсджиаг паддзахадон хæстæ.  Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырды пункттæ æххæст кæнгæйæ, Уæрæсейы Федерациимæ æххæстформатон ахастытæ аразгæйæ, ист æрцыд къорд ахсджиаг доку-менты, уагъд æрцыдысты консультацитæ алыгъуызон ахсджиаг фарстыты фæдыл. Уырны мæ, нæ дарддæры рæзтæн махмæ кæй ис фаг хъомысæдтæ, уыдонæй спайда кæнгæйæ мах ныфс-джындæрæй размæ кæй цæудзыстæм. Райсгæ уынаффæты царды сæххæст кæныны нысан у хицауиуæгады æппæт къабæзты æнтыстджын æмгуыстад, цæмæй адæм уой политикон къухдариуæгады амынд фæндаджы фарс.

Цытджын æмбæстæгтæ! Зынаргъ хæлæрттæ! Ноджы дæр уын арфæ кæнын æрбалæугæ ног азы сæраппонд. Ног азы хæдразмæ уын  мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, удцырындзинад, ног æнтыстытæ уæ куысты Хуссар Ирыстоны фæрныгадæн, диссаджы бæрæгбонон зæрдæйы равг, сабырдзинад æмæ дидинæфтыд.

 

РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы ногазон арфæтæ

УФ-ЙЫ ПРЕЗИДЕНТ ВЛАДИМИР ПУТИНÆН

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын дæуæн Ног 2018 азы æмæ сыгъдæг бæрæгбон Чырыстийы Райгуырды сæраппонд. Уырны мæ, 2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы ахастыты рæзт кæй райсдзæн ног удызмæлд.

Цытджын Владимир Владимиры фырт, Ногазон бæрæгбонты размæ арфæ кæнын дæуæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æппæт цæрджытæн. Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ.

УФ-ЙЫ ХИЦАУАДЫ СÆРДАР ДМИТРИ МЕДВЕДЕВÆН

Цытджын Дмитри Анатолийы фырт,

Айс мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ æбалæугæ Ног азы æмæ сыгъдæг бæрæгбон Чырыстийы Райгуырды цытæн.

Уырны мæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дыууæфарсон æмгуыстады рæзт кæй адарддæр уыдзæн 2018 азы.

Цытджын Дмитри Анатолийы фырт, мæ зæрдæ дын зæъы фидар æнæниздзинад, æвидигæ удыхъару æмæ ног æнтыстытæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы, æмæ æппæт дæ ‘ввахс адæмæн та – сабырдад æмæ фæрныгад.

 

РЕСПУБЛИКÆ ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНИЙЫ

СÆРГЪЛÆУУÆГ БИТАРТЫ ВЯЧЕСЛАВÆН

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт,

Æрвитын дæумæ æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæт цæрджытæм иууыл хъармдæр арфæтæ æрбалæугæ Ног азы æмæ сыгъдæг бæрæгбон Чырыстийы Райгуырды сæраппонд.

Æрбалæугæ Ног 2018 азы мæ ныфс ис, нæ иумиаг архайдтыты руаджы нæ адæмы цард кæй суыдзæн хуыздæр, Ирыстоны алы цæрæджы хæдзар дæр кæй байдзаг уыдзæн хъармдзинадæй.

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт, æбалæугæ азы дæуæн æмæ æфысмæрон Цæгат Ирыстоны æппæт цæрджытæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ фæрныгад.

 

РЕСПУБЛИКÆ АБХАЗЫ ПРЕЗИДЕНТ

РАУЛЬ ХАДЖИМБАЙÆН

Цытджын Рауль Джумкы фырт,

Айс мæ иууыл хъармдæр арфæтæ æрбалæугæ Ног азы æмæ Чырыстийы Райгуырды сæраппонд.

Уадз, æрбалæугæ Ног аз æрхæссæт дæуæн æмæ Апсныйы æппæт цæрджытæн æрмæстдæр æвæрццаг эмоцитæ, æхсызгон цаутæ æмæ дидинæфтыд.

Уырны мæ, нæ иумиаг архайдтыты руаджы Ног 2018 азы кæй рауæрæхдæр уыдзæн нæ æфсымæрон республикæты ‘хсæн æмгуыстад алыгъуызон фадгуыты æмæ дарддæр кæй сфидардæр уыдзысты дыууæфарсон ахастытæ нæ адæмты фæрныгадæн.

Цытджын Рауль Джумкайы фырт, Ног азы размæ мæ зæрдæ зæгъы дæуæн, де ввахс хиуæттæн æмæ Респуб-ликæ Абхазы алы бинонтæн дæр фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад.

* * *

Бибылты Анатоли ма ногазон арфæтæ ракодта Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг А. Захарченко, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент Вадим Красносельскийæн æмæ Хæххон Къарабахы Республикæйы Президент Бако Саакянæн.

 

УФ-ЙЫ ПРЕЗИДЕНТ ВЛАДИМИР ПУТИНÆН

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын дæуæн Ног 2018 азы æмæ сыгъдæг бæрæгбон Чырыстийы Райгуырды сæраппонд. Уырны мæ, 2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн æмцæди-сад æмæ интеграцийы ахастыты рæзт кæй райсдзæн ног удызмæлд.

Цытджын Владимир Владимиры фырт, Ногазон бæ-рæгбонты размæ арфæ кæнын дæуæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æппæт цæрджытæн. Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæр-зиуджытæ.

УФ-ЙЫ ХИЦАУАДЫ СÆРДАР ДМИТРИ МЕДВЕДЕВÆН

Цытджын Дмитри Анатолийы фырт,

Айс мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ æбалæугæ Ног азы æмæ сыгъдæг бæрæгбон Чырыстийы Райгуырды цытæн.

Уырны мæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дыууæфарсон æмгуыстады рæзт кæй адарддæр уыдзæн 2018 азы.

Цытджын Дмитри Анатолийы фырт, мæ зæрдæ дын зæъы фидар æнæниздзинад, æвидигæ удыхъару æмæ ног æнтыстытæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы, æмæ æппæт дæ ‘ввахс адæмæн та – сабырдад æмæ фæрныгад.

 

РЕСПУБЛИКÆ ЦÆГАТ ИРЫСТОН-АЛАНИЙЫ

СÆРГЪЛÆУУÆГ БИТАРТЫ ВЯЧЕСЛАВÆН

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт,

Æрвитын дæумæ æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæт цæрджытæм иууыл хъармдæр арфæтæ æрбалæугæ Ног азы æмæ сыгъдæг бæрæгбон Чырыстийы Райгуырды сæраппонд.

Æрбалæугæ Ног 2018 азы мæ ныфс ис, нæ иумиаг архайдтыты руаджы нæ адæмы цард кæй суыдзæн хуыздæр, Ирыстоны алы цæрæджы хæдзар дæр кæй байдзаг уыдзæн хъармдзинадæй.

Цытджын Вячеслав Зелимханы фырт, æбалæугæ азы дæуæн æмæ æфысмæрон Цæгат Ирыстоны æппæт цæрджытæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ фæрныгад.

 

 

РЕСПУБЛИКÆ АБХАЗЫ ПРЕЗИДЕНТ

РАУЛЬ ХАДЖИМБАЙÆН

Цытджын Рауль Джумкы фырт,

Айс мæ иууыл хъармдæр арфæтæ æрбалæугæ Ног азы æмæ Чырыстийы Райгуырды сæраппонд.

Уадз, æрбалæугæ Ног аз æрхæссæт дæуæн æмæ Апсныйы æппæт цæрджытæн æрмæстдæр æвæрццаг эмоцитæ, æхсызгон цаутæ æмæ дидинæфтыд.

Уырны мæ, нæ иумиаг архайдтыты руаджы Ног 2018 азы кæй рауæрæхдæр уыдзæн нæ æфсымæрон республикæты ‘хсæн æмгуыстад алыгъуызон фадгуыты æмæ дарддæр кæй сфидардæр уыдзысты дыууæфарсон ахас-тытæ нæ адæмты фæрныгадæн.

Цытджын Рауль Джумкайы фырт, Ног азы размæ мæ зæрдæ зæгъы дæуæн, де ввахс хиуæттæн æмæ Респуб-ликæ Абхазы алы бинонтæн дæр фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад.

* * *

Бибылты Анатоли ма ногазон арфæтæ ракодта Донец-кы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг А. Захарченко, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент Вадим Красносельскийæн æмæ Хæххон Къарабахы Республикæйы Президент Бако Саакянæн.

 

ДМИТРИ МЕДВЕДЕВЫ АРФÆ ПУХАТЫ ЭРИКÆН

Цытджын Эрик Георгийы фырт!

Арфæ дын кæнын Ног 2018 азы æмæ Чырыстийы Райгуырды сæраппонд!

Аивгъуыйгæ аз æнтыстджын уыд Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн хæларадон, партнерон æмæ хæларсыхагон ахастыты рæзты хъуыддаджы. Арфдæр кодта базарадон-экономикон æмæ гуманитарон фадгуыты æмгуыстад. Æххæст уыдысты республикæйы æмбæстæгты царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн ахъазгæнæг социалон нысаниуæджы проекттæ.

Уырны мæ, бирæпланон уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстад дарддæр дæр кæй фидар кæндзæн. Уый æххæстбæрцæй дзуапп дæтты нæ бæстæты интерестæн.

Цытджын Эрик Георгийы фырт, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад, æмæ æппæт хуссарирыстойнаг адæмæн та – æнтыстытæ æмæ дидинæфтыд».

РХИ-ЙЫ ХИЦАУАДЫ СÆРДАР ПУХАТЫ ЭРИКЫ

НОГАЗОН АРФÆ НÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ ЦÆРДЖЫТÆН

Мæ зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ!

Æрбаввахс кæны иууыл ирддæр æмæ хъæлдзæгдæр бæрæгбон –  Ног аз, кæцы ссис ирд ныфсыты символ!

Уый у ахæм рæстæг, мах нæ рацæугæ фæндагæн хатдзæгтæ куы фæаразæм, фидæны фæндтæ куы фæкæ-нæм æмæ нæ иууыл уарзондæр бæллицтæ  сæххæст кæнынæй ныфсджын куы вæййæм.

2017 аз Хуссар Ирыстонæн уыд бирæ ахсджиаг цауты аз царды æппæт фадгуыты – экономикæ æмæ политикæйы. Кæройнаг этапмæ бахæццæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг æртæазон Инвестицион программæ, кæцы æххæст цæуы æфсымæрон Уæрæсейы æххуысæй. Йæ хатдзæгтæн æвæрццаг аргъ скодтой нæ уæрæсейаг коллегæтæ. Программæйы фæлгæтты махæн нæ къухты бафтыд бирæ саразын: арæзт æмæ цалцæг æрцыдысты скъолатæ æмæ саби-дæттæ, фæзындысты ног спортивон объекттæ æмæ медицинон уагдæттæ. Мах тырныдтам æнæниздзинад хъахъæныны, ахуырадон комплексы модернизацийы фарстытæм, республикæйы электрификаци æмæ газификацимæ, цæрæнуæттæ, фæндæгты арæзтад æмæ æнди-дзынадмæ, уынгты хæрзарæзтад æмæ æндæр ахсджиаг здæхтытæм уæлдай хъусдард аздахынмæ. Декабры мæйы дæр бæстæйы экономикæйы æрцыд ахсджиаг цау – Æхсæнхицауадон къамисы рабадты фидар æрцыд 2018 азы Инвестицион программæ.

Аивгъуыйгæ аз ирд уыд политикæйы фадыджы дæр. Æвзæрст æрцыд бæстæйы ног Президент, фехъусынчындæуыд гуырахстджын нысæнттæ æмæ хæстæ, кæцытæ ныридæгæн биноныг цæуынц царды. Æрмæст нæ хисæрмагонд æфтигæтæ миллиард сомы онгы кæй сы-рæзтысты, уый дæр ракойкæныны аргъ у рæзт, æмæ уый у æрмæстдæр райдиан. Уырны мæ, фидæн аз кæй уыдзæн ноджы æнтыстджындæр æмæ нын кæй æрхæсдзæн хорз фæстиуджытæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! Ног азы хæдразмæ мын бар радтут æмæ  зæрдæбынæй раарфæ кæнон уе ‘ппæтæн дæр уæ куысты тыххæй æмæ нæ республикæйы фæрныгадæн махæн иумæ нæ бон саразын цы бантыст, уый тыххæй.

Уадз, 2018 аз алы бинонтæн дæр æрхæссæд сабырдзинад æмæ æмуддзинад, фæрныгад æмæ циндзинад. Зæрдæбынæй уын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ, амонд, фидар æнæниздзинад æмæ бинонты фæрныгад! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.