Адæймаджы равзæрдимæ иумæ фæзындысты йæ цардæн ныхдуртæ дæр. Уыдонæй сæ иу уыд алыгъуызон низты фæзындтытæ. Уыдон адæмы куы тыхсын кодтой, уæд уыдон архайдтой сæ аиуварс кæныныл, хъуыды кодтой алыгъуызон мадзæлттæ. Афтæ равзæрд ныртæккæ æнæмæнгхъæуæгдæр æмæ вазыгджындæр дæсныйад – медицинæ. Уæдæй фæстæмæ ацы дæсныйады æрцыд тынг бирæ ивддзинæдтæ, схызт бæрзонд къæпхæнмæ æмæ сси зонад.

Медицинæйы бирæ ивддзинæдтæ æрцыд, фæлæ уæддæр рагфыдæлтæй фæстæмæ Аск-лепий (Эскулап) нымад у æнæ-низдзинады зæдыл. Асклепий уыд Аполлон æмæ нимфæ Колоридæйы фырт. Колоридæйы амардта Асклепий, уый кæй хæтыд, уый тыххæй. Йæ мард буар ын басудзыны размæ Аполлон йæ хуылфæй систа ноггуырды. Уый уыд Асклепий. Ахæм методтæй ныртæккæ дæр пайда кæнынц медицинæйы – Кесарево (царское) сечение. Эскулапы схъомыл кодта кентавр Хирон, кæцы тынг хорз зыдта зайæгойты миниуджытæ æмæ уыдонæй хос кæныны методтæ. Эскулап куы байрæзт, уæд сси хос-гæнæг  йæ хъомылгæнæджы амындтытæм гæсгæ æмæ фæстæдæр нымад æрцыд æнæниздзинады зæдыл, йæ зонындзинæдтæ тынг бирæ кæй уыдысты æмæ сæ адæмы хæрзиуæгæн кæй пайда кодта, афтæ ма йæ фæлмæн, зæрдæрисгæ æмæ аудгæ ахасты тыххæй.

Уæдæй фæстæмæ, бæлвырд куыд у, афтæмæй медицинæйы дæсныйад йæхицæн чи равзара, уый ацы миниуджытæй хъуамæ уа æххæст.

Ахæм миниуджытæй се ‘ппæтæй дæр æххæст у, Цхинвалы районы Арцеуы хъæуккаг, ныртæккæ Цæгат Ирыстоны цæрæг, онкологион дохтыр Болататы Вандæ. Уый райгуырд æмæ схъомыл ис Цхинвалы. Каст фæци  6-æм астæуккаг скъола. Вандæйы мад куыд зæгъы, афтæмæй чысылæй æппындæр ницы бæрæггæнæнтæ æвдыста, медицинæйы хаххыл слæудзæнис, уымæй. Уыйхыгъд, тынг уарзта гимнастикæ æмæ йын уыд æнтыстытæ дæр. «Вандæ ма хæрз чысыл куы уыд, уæд-иу афтæ айвæзта йе уæнгтæ алырдæм æмæ-иу мах дис кодтам, куыд хъуамæ тасой адæймагæн йе стджытæ афтæ. Фыццаг къласмæ куы бацыд, уæд сфæнд кодтам аивадон гимнастикæмæ йæ бакæнын.  Уыцы бон, урокты фæстæ æз ракодтон Вандæйы скъолайæ æмæ ныл фæндагыл амбæлд Цхинвалы спортивон скъолайы гимнастикæ амонæг Гæбæраты Людæ. Уый мах зонгæ дæр нæ кодта, афтæмæй нæ æр-лæууын кодта æмæ дис кодта Вандæйыл, зæгъгæ, диссаджы гимнасткæ дзы рауаид.  Мах ын нæ хъуыды куы загътам, уæд цингæн-гæ ахæцыд Вандæйы къухыл æмæ йæ акодта комкоммæ спортивон скъоламæ»,- загъта Вандæйы мад Ларисæ.

Уæдæй фæстæмæ Вандæ иу бон дæр нæ фæцух кодта гимнастикæйы уроктæ, цыд тынг зæрдæргъæвдæй.  Бирæ хæттыты-иу райста хайад куыд нæ республикæйы, афтæ республикæйæн æдде уагъдцæуæг равдыстыты дæр. Йæ æнтыстджын архайды руаджы уый æвдыста, ацы фадыджы йын кæй уыдаид хорз фидæн, фæлæ, хъыгагæн, Вандæйæн йе стыр курдиаты æмрæнхъ æрдзæй лæвæрд уыд йæ бинонты ‘хсæн ахæм зындзинад, кæцы йын бар нæ радта йæ бæллицтæ сæххæст кæнынæн, æфтыдта йыл æрхæндæгхуыз æмæ æнкъард зæрдæйы уаг. Вандæйы æфсымæр фæрынчын уæззау низæй, арæх-иу рынчынтæ кодта æмæ йæ уыцы зындзинад æппæрста хъуыдыты, хъуыды кодта, куыд ын баххуыс кæна, ууыл. Фæстæдæр бамбæрста, уыцы низ гуырцæй кæй рахаста æмæ йын йæ бон кæй ницы суыдзæн баххуыс кæнын, фæлæ уæддæр ныллæууыд дохтыры дæсныйад райсыны фæндагыл. 1992 азы Вандæ каст фæци Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъола æмæ бацыд Цæгат Ирыстоны медицинон университетмæ.  Æртыккаг курс фæуыны фæстæ, уый равзæрста медицинæйы æппæты вазыгджындæр æмæ æнæмæнгхъæуæгдæр фæдыздæхт – онкологион дохтыры дæсныйад.  Йæ ахуыр æнтыстджынæй фæуыны фæстæ Вандæ бацыд Дзæуджыхъæуы республикон онкологион диспансермæ кусынмæ æмæ ныртæккæ дæр кусы уым Цхинвалы 6-æм операцион дохтырæй.

Хъыгагæн, нæ дуджы тынг сарæх сты онко-логион низтæй рынчынтæ, уыцы нымæцы нæ республикæйы дæр. Ахæм рынчынтæ фылдæр хатт бацæуынц æввахсдæр клиникæтæм, Дзæуджыхъæуы онкологион диспансермæ æмæ сыл уым фембæлы не ‘мзæххон Болататы Вандæ. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй уый  алы рынчылыл дæр фембæлы райзæрдæйæ. «Мæ мад у онкологийæ рынчын æмæ йæ ивгъуыд аз бакодтам Дзæуджыхъæуы онколо-гион диспансермæ. Уым мах барвыстой, æппæты хуыздæр дохтырыл нымад чи уыд, уымæ. Уый та разынд хуссарирыстойнаг чызг Болатон. Болатон ныл афтæ райзæрдæйæ сæмбæлд, цыма йæм Хуыцауæй уазджытæ фæмидæг ис. Баузæлыд ныл, стæй райдыдта сгарын мæ рынчын мады. Афтæ рæвдаугæ ныхас кодта йемæ, æмæ зæронд сылгоймаджы, æгæрыстæмæй, йæ низ дæр æрбайрох. Басгæрсты фæстæ йын бавæрдта ныфс æмæ йын райдыдта хос кæнын. Уый фæстæ нæ бафарста зæгъгæ чи стут. Мах куы загътам Хуссар Ирыстонæй стæм, уæд рабæрæг ис, иу хъæуæй кæй стæм. Уæлдай тыгндæр мæ фæнды банысан кæнын, Вандæ кæй у æнæхин æмæ æнувыд адæймаг, йæ алы рынчынмæ дæр ын ис бæрнон, аудгæ ахаст. Ахæм миниуджытæ та вæййы æрмæстдæр æрдзæй ратгæ æцæг дохтырæн», – загъта Болатоны пациенткæ Хъазиты Лианæ.

«Нæ республикæйы онкологион диспансеры бирæ хорз дохтыртæ кусы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы бузныг се ‘нувыд ахасты тыххæй. Фæлæ мæ уæлдай тынгдæр фæнды 3-аг хирургион хайады дохтыр Болататы Вандæйы кой ракæнын. Вандæ у ахæм дохтыр, кæцы хос кæны канд хостæй нæ, фæлæ ма йæ дзыхы ныхасæй дæр. Йæ рæвдаугæ ахастæй кæцыфæнды рынчынæн дæр бавæрдзæн ныфс йæ дарддæры æнæниздзинадæн. Уыцы миниуæг та вæййы æрмæстдæр искæйы рис йæхи рыстау чи фенкъары, уыцы иугай адæймæгтæн»,- загъта Хъайтмæзты Терезæ.

Болататы Вандæ ныр бирæ азты дæргъы кусы Цæгат Ирыстоны онкологион диспансеры операцион дохтырæй æмæ йæ разы лæууæг æппæт вазыгджын хæстæ  дæр æххæст кæны æнæзæрдæхудтæй. Йæ медицинон зонæнтæй пайда кæны тыхст адæмы хæрзиуæгæн, йæ тыхыл æмæ йæ зонындзинæдтыл æнауæрд-гæйæ балæггад кæны алы рынчынæн дæр. Æппæт уыдæттæ та сты рагон æнæниздзинады зæд Эскулапы бацамындтытæ æмæ Вандæ ацы дæсныйад кæй равзæрста, уымæй æппындæр нæ фæрæдыд. Ирыстон сæрыстыр у, йæ дæсныйадыл афтæ æнувыд чи у, ахæм æцæг специалисттæй.

Йæ æнæзæрдæхудт куысты тыххæй Вандæ-йæн ис бирæ хорзæхтæ, фæлæ ма йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, уымæн йæ сæйраг хорзæх у, рынчыны цæсгомыл хъæлдзæгдзинады æнкъарæнтæ фенын.

«Бæргæ мын нæу æнцон, адæмы тыхстдзинад уынын, бирæ хæттыты мæ зæрдæ тынг фæриссы, рынчынæн йæ низыхаттмæ гæсгæ, куынæуал вæййы схосгæнæн, уæд. Хъыгагæн, онкологион рынчынты ‘хсæн тынг бирæ вæййы ахæмтæ дæр. Медицинæйы фадыджы кæд ныртæккæ тынг бирæ куыст цæуы ацы фыднизы ныхмæ хос ссарынæн, уæддæр хъыгагæн, нырма иуæй-иу уавæрты уый разыны æдых. Тыхст рынчын адæймаг та дохтыры раз куы æрбалæууы, уæд, сæйраджыдæр, фен-хъæлмæ кæсы ныфс ын раттынмæ, æмæ æз мæ сæйраг хæсыл нымайын ахæм адæмæн сæ уавæр бамбарын кæнын куыдфæлмæндæрæй.  Уый фæстæ та сын хос скæнынæн æппæт амæлттæй дæр спайда кæнын, саразын тынг бирæ операцитæ дæр. Рынчыны цæстæнгас куы фæхъæлдзæгдæр вæййы æмæ йе ‘нæниз-дзинад куы фæхуыздæр вæййы, уæд уый та вæййы мæнæн мæ сæйраг хорзæх. Уадз, алчи дæр уæд æнæниз»,- загъта Вандæ.

Вандæ йе ‘мкъай Тедеты Гияимæ схъомыл кодтой иу чызг, ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты.

Абон Болататы Вандæйæн мæ зæрдæ зæгъы ноджыдæр æнтыстыты фæндиæгтæ, йæ бæрнон æмæ вазыгджын куысты, уæт ын фидар æнæниздзинад æмæ хайджын уæт æппæт хæрзиуджытæй.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.