Æрæджы нæ газеты фæрстыл рацыд æрмæг, нæ горæты сабиты хъазæн фæзуæтты хъуагдзинады тыххæй иу. Æрмæджы автор Бестауты Валя ирдæй равдыста нæ горæты иу уынджы сабиты хъазæн фæзуаты æдзæллаг, æнæркаст уавæр, æгæрыс-тæмæй, «фæзуат» рахонæн дæр ын нæй. Иуæй, ам аттракционтæ не ‘рцыдысты кæронмæ æвæрд, иннæмæй та, йæ зæххыл ис ставд хуыр калд æмæ у къуыппытæ-дзыхъхъытæ.  Ацы æрмæг кæсгæйæ мæм сæвзæрд фарст: нæ горæты ацы, æмæ ма æндæр районты сабиты фæзæуæтты арæзтадыл дзуапп чи лæвæрдта, уыдон, цымæ афтæхуыйнæг- сабиты фæзуæтты арæзт куы фесты, уæд сæ хъус цæуылнæ æрдардтой сæ хæрзарæзтмæ? Кæм федтой æмæ сабиты хъазæн фæзыл калд уа ставд хуыр?

Хъыгагæн, ахæм уавæры канд Коцойты Арсены уынджы сабиты фæзуат нæй. Раст ахæм уавæры ис, нæ горæты уырыссаг  БАМ-ы районы футболæй хъазæн фæзы хæдфарсмæ чысыл сабитæн цы хъазæн фæз арæзт æрцыд, уый дæр.  Ацы районы цæрджытæй стæм чидæртæ разындзæн, ардæм сæ чысыл хурты хи ирхæфсынмæ чи æрбакæны, ахæм-тæ. «Цалдæр азы размæ ам сабитæн фæзуат аразын куы райдыдтой, уæд махæн, чысыл сабиты мæдтæн, уыд тынг æхсызгон. Уымæй размæ-иу сабиты аирхæфсынмæ акодтам æввахсдæр сабидæттæм. Уым та нын-иу, сабидæтты сабитæ сæхæдæг хъазæн фæзуаты кæй хъазыдысты, уый аххосæй бар нæ уыд бирæ рæстæг уæвын. Афтæмæй, нæ сабитæн æмбæлон æмвæзадыл хиирхæфсæн бынат. Мах бацин кодтам ацы хъазæн фæзуаты арæзтадыл, фæлæ та ам дæр нæ цин бирæ нæ ахас-та.  Фыццаг уал ам сарæзтой футболæй хъазæн фæз, сæхгæдтой йæ бæрзонд хызæй, куыд æмбæлы, афтæ. Фæстæдæр ын йæ хæдфæстæ райдыдтой аразын сабиты хъазæн бынат. Уыцы бынаты раздæр уыд цъыфдзаст. Ныссыгъдæг æй кодтой, сраст æй кодтой техникæйæ æмæ дзы ныккалдтой … ставд хуыр!  Уый фæстæ æвæрд æрцыдысты аттракци-онтæ æмæ хъеллаугæнæнтæ.  Райдайæны-иу нæ сабитæ уырдæм лыгъдысты цингæнгæ, фæлæ сæ фæстæмæ алчи хъæлдзæгæй нæ цыд, фылдæр хатт  кæугæйæ, цæфтæ æмæ скъуыд дарæсы. Афтæмæй уыдон фесты фыдæнхъæл, афтæ тынг цы хъазæнтыл   цин кодтой, уыдоныл хиирхæфсынæй», – радзырдта ацы районы цæрæг чысыл сабиты мад…

Ам цы аттракционтæ ис æвæрд, уыдон сты «горка»-кæй хонæм, ахæмтæ, ис ма дзы æндæртæ дæр, фæлæ уыдонæн дæр сæ рахизæнтæ сты комкоммæ дæр зæххыл, куыд æмбæлы, афтæ. Зæххыл ставд хуыр кæй уыд калд, уымæ гæсгæ сабитæ пырх кодтой сæ уæрджытæ, скъуыд сæ уæлæдарæс. Хъеллаугæнæнтæ дæр сты, чысыл сабиты асы æмвæзадыл ауыгъд нæ, фæлæ сæм хистæр кары сабитæ дæр зынтæй фæрæзтой схизын.

Хъазæн фæзы раз та ис машинæты уромæн бынат æмæ дзы кæддæриддæр вæййы автозмæлд. Уымæ гæсгæ нæй баууæндæн сабитыл иунæгæй, æнæ хистæрты хъусдар-дæй хъазæн фæзмæ рауадзынæн. Ный-йарджытæн дзы иунæг бандон дæр нæй.

Куыд зондджын æмæ дардмæуынаг уыд нæ зынаргъ Къоста. Раст цыма ацы уавæрыл фыст уыд йæ басни «Бирæгъ æмæ хърихъупп», ацы хъазæн фæзтæ аразджытæ дæр, уыйау ома «мах нæ хæс сæххæст кодтам, дарддæр цы уа, уый уæд». Афтæ сæм каст, аттракционтæ рæсугъд ахорæнтæй ахуырст куы уой, уæд сабиты зæрдæтæ сæ иу фендæй дæр райдзысты æмæ уый фаг у, сæхи куыд ирхæфсой, уый тыххæй та «додой йæ къона, чи сдзура уымæн».

Æмæ ма æрвылбон цæмæн фæзæгъæм: «Сабитæ – нæ сæйраг аудинаг» Æви, æцæгæйдæр  нæ царды сæйраг аудинаг, нæ фидæн æмæ иумæйагæй царды сæйраг нысан чи сты, уыцы чысыл æмæ æппæтæй зынаргъдæр хæзнатæн зæрдæйы æхцондзинад радтыны тыххæй экономи кæнæм? Цæмæн сын хынджылæг кæнæм, фæстæмæ раздахæн цæмæн никуыуал ис æмæ зæрдæйы æнустæм чи баззайы, уыцы сабибонтæй. Мæнмæ гæсгæ, ацы фарст у ныртæккæ æппæты ахсджиаг-дæр æмæ домы, цæмæй йæм æнæкъуылымпыйæ хъус æрдарæм.

   Хуыгаты М.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.