Нæ горæты Вагзалгæрон уынджы цытджын æгъдауæй байгом 17-æм сабидон «Фæрдыг». Ахуыры кары агъоммæйы ацы уагдон 2008-æм азы гуырдзыйы агрессийы хæстон архайдтыты рæстæджы тынг кæй бахъыгдард, уымæ гæсгæ бæстыхай дзуапп нал дæтта æмбæлон домæнтæн. Сабидон ногæй арæзт æрцыд 2018-2019 азтæн РХИ-йы социалон-экономикон ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты æмæ дзы бынат ис 100 сывæллонæн.

Мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ. Сабидон «Фæрдыг»-ы сæргълæууæг Тамара Зангаладзе, мадзал гом кæнгæйæ, стыр бузныг загъта куыд республикæйы къухдариуæгадæн, афтæ, ацы сабидоны арæзтадыл чи куыста, æппæт уыдонæн. «Стыр бузныг уын зæгъын, уагдоны коллектив, ныййарджытæ æмæ æппæт сабиты номæй, нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдыстут æмæ нын нæ сывæллæттæн нырыккон, комфортон уавæртæ кæм ис, ахæм сабидон кæй сарæзтат, уый тыххæй.  Мах та архайдзыстæм æппæт тыхтæй, цæмæй нæ хæстæ æххæст кæнæм æнтыст-джынæй. лæууæг Бибылты Анатоли дæр стыр бузныг загъта, ног бæстыхай кæй æххуысы руаджы æмæ чи сарæзта, æппæт уыдонæн. «Стыр бузныг Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, кæцыйы æххуысæй æрмæст ацы сабидон не ‘рцыд арæзт, фæлæ социалон нысаниуæгджын бирæ æндæр объекттæ. Нырма бирæ проекттæ ис, кæцытæ реализаци цæудзысты Инвестицион про-граммæйы фæлгæтты. Стыр бузныг зæгъын хъæуы ацы бæстыхайы аразджытæн дæр. Уыдон æппæт куыстытæ дæр бакодтой цæсгомджынæй, гъæдджынæй æмæ бæстыхай эксплуатацимæ радтой рæстæгыл», – банысан кодта Бибылты Анатоли. 

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов раарфæ кодта сабидоны коллективæн, сабитæн æмæ сын йæ цæст бауарзта сабырад æмæ амонд сæ ног бæстыхайы.

Бузныджы ныхæстимæ ралæууыд Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса дæр. «Абон алцы дæр баст у, фидæны фæлтæр куыд схъомыл кæнæм, уыимæ. Мæн ныфс ис, æмæ ацы сабидоны коллектив цæсгомджынæй кæй æххæст кæндзæн», – загъта уый.

Гаглойы чызг ма куыд загъта, афтæмæй сабидонæн балæвар кæндзысты аст фæлыст национ дарæсы.

Сабидоны кусджытæ бацæттæ кодтой чысыл театрализацион равдыст, цыран хайад истой дыууæ клоуны. Уыдон сывæллæтты ирхæфстой, зарыдысты  æмæ семæ кафыдысты. Тынг рæсугъд сæххæст кодтой «Хонгæ кафт». ХИПУ-йы 4-æм курсы студенкæ сывæллæттæн бакаст Хацырты Отары фыст æмдзæвгæ «Мæ кæстæртæ». Уый фæстæ сывæллæтты суазæг кодтой адджинæгтæй.

Сырх лентæ алыг кæныны фæстæ нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли уазджытимæ азылд сабидоны хатæнты. Ам ис административон хатæнтæ, актон зал, компьютерон кълас, иу дзырдæй, арæзт дзы æрцыдысты алы уавæртæ дæр, цæмæй сывæллæттæ райсой скъолайы ахуыры агъоммæйы æнæмæнгхъæуæг зонындзинæдтæ.

Ныййарджытæй сæ иу – Зарина Шекадмедова куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йын тынг æхсызгон у, сæ районы ахæм сабидон арæзт кæй æрцыд, уый. «Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис сабидон. Хæстæг мæм кæй у, уымæ гæсгæ мæ ныр нал хъæудзæн мæ дыууæ чызджы горæты æндæр районмæ кæнын», – загъта уый.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.