Нæ горæты автостанцы дæллаг фарс сабитæн рæвдауæндон арæзт кæй æрцыд, уый æхсызгон у  уыцы районы цæрæг ный-йарджытæн, уымæн æмæ уæды онг сæ сывæллæтты кодтой, дæрддзæф сæм чи сты, ахæм рæвдауæндæттæм.

Рæвдауæндон арæзт æрцыд цыбыр æмгъуыдмæ Инвестицион программæйы фæлгæтты, йæ фæзуат у 2 300 квадратон метры бæрц. Аразгæ та йæ скодта арæзтадон организаци «Бадо».

 Рæвдауæндон арæзт хъуамæ æрцыдаид 2 азы æмгъуыдмæ фæлæ арæзтадон организацийы фæрцы арæзт фæцис (генералон директор Уалыты Владислав) 10 мæйы æмгъуыдмæ. Арæзтадон фирмæйы къухдариуæггæнæг куыст домдта æнæ-къуылымпыйæ, æппынæдзух æнæ улæфтытæй куыстой 35-40 адæймаджы бæрц. Фирмæйæн хисæрмагонд техникæ кæй ис, уый дæр бирæ-бæрцæй ахъаз уыд куыстытæ афоныл бакæны-нæн. Куыд зонæм, афтæмæй бирæ арæзтæдтæ эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуынц, сæ хъæндзинæдтæ уый фæстæ рабæрæг вæййынц. Мах сфæнд кодтам, ныр афæдзы бæрц цы рæвдауæндон кусы, уый бабæ-рæг кæнын, цæмæй йæ куысты процессимæ лæмбынæгдæр базонгæ уæм.

«Фæрдыг» – афтæ хуыйны №17-æм сабиты рæвдауæндон. Йæ директор Зангаладзе Тамара ныл фембæлд райзæрдæйæ. Ног бæстыхайы чысыл экскурси саразыны фæстæ нын лæм-бынæг æрдзырдта сæ куысты тыххæй:

«Ныртæккæ махмæ ис 100 сабийы. Сабитæ дих сты 5 къордыл: 2 – кæстæр кары къорд, астæуккаг æмæ хистæр кары сывæллæтты къордтæ. Ис нæм музыкалон æмæ спортивон зал-тæ. Баконд нæм æрцыд компьютерон кълæстæ дæр. Сабиты уым цайдагъ кæнæм, сæ асмæ гæсгæ, хъæзтыты методикæ-йыл. Раздæр сабиты рæвдауæн-дæтты нæ уыд психолог æмæ лагопедтæ. Фæлæ фæстаг азты ахæм лæггæдтæ бирæ сабиты фæхъæуы. Уый нысанæн, хицауады уынаффæмæ гæсгæ, ныр сабидæтты ис ахæм ахуыргæн-джытæ дæр», – зæгъы рæвда-уæндоны сæргълæууæг.

Сабитæ кæм хъазынц æмæ фынæй кæнынц, уыцы хатæнты уæлдæф уазалгæнæнтæ. Кæр-ты арæзтады рæстæджы, æвæрд æрцыд генератор дæр, цæмæй рухс куы ахуысса, уæд дæр рæвдауæндоны уа электроифтонгад. Ам цы фондз хатæны ис сабитæн, уыдонæй алкæй ми-дæг дæр ис телевизортæ æмæ аудиосистемæ. Алы къорды дæр сывæллæттæн ис бирæ хъа-зæнтæ, тренажертæ, дидактикон æмæ цæстуынгæ æрмæджытæ.  

Кæрт дæр у хорз арæзт. Алы къордæн дæр йæхи беседкæ. Иу-дзырдæй, ам сабитæ æнкъард нæ кæндзысты, арæзт сын æрцыд комфортон уавæртæ. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ зынгсирвæзты системæ дæр арæзт кæй æрцыд æмбæлонæй. Зынгсирвæзты рæс-тæджы скусдзæн сæрмагонд системæ æмæ фыдбылыз не ‘рцæу-дзæн.

Сабидоны сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй сæ рæвдауæн-дон, горæты иннæ сабидæтты уæлдай, нырыккон домæнтæм гæсгæ арæзт у, фæлæ дзы хъомыладон куыст цæуы иумæйаг ахуырадон планмæ гæсгæ.

«Фылдæр тырнæм, цæмæй сабиты фæцайдагъ кæнæм куыстыл. Цæстуынгæ æрмæджытæ сабитæ саразынц сæхи къухтæй».   Кæрты алы къордæн дæр ис йæхи зæххы фадыг. Ам сывæллæтты цайдагъ кæнынц физикон куыстыл. Мах нæхи цæстæй федтам, хистæр кары сабитæ пъамидоры тыллæг куыд æмбырд кодтой гыццыл ведраты.

Рæвдауæндоны алфæмблай цы бирæ алыгъуызон дидинджытæ ис, уыдон та æрбахастой сабиты ныййарджытæ. Уыдон, райсом сæ сабиты куы æрбакæнынц, уæд нæ базивæг кæнынц дидинджытæн сæ кæрдæджытæ ратонынмæ. Сабитæ дæр сыл аудынц æмæ афтæ-мæй цайдагъ кæнынц эстетикæйыл.

Рæвдауæндоны ис тути-цъиу.  Сабитæ йæ схуыдтой Фæрдыг,  рæвдауæндоны номмæ гæсгæ. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, уый ардæм æрбатахт йæхæдæг. Сабитыл сахуыр æмæ сæм рахизы, бацин сыл кæны æмæ та уый фæстæ йæ бынаты сбады.

Сабиты рæвдауæндонæй рацыдыстæм хорз тæлмæнтимæ. Агъуыст канд йæ аив арæзтæй нæ рухс кодта зæрдæ, фæлæ дзы сабитæм цы ахаст ис, уымæй дæр.

Уазӕгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.