Вокзалгæрон уынджы сабитæн арæзт цы рæвдауæндон æрцыд, уый æхсызгон цау уыд ацы районы цæрæг ныййарджытæн, уымæн æмæ уæдмæ сæ сывæллæтты кодтой дæрддзæф сæм чи сты, ахæм рæвдауæндæттæм.

Рæвдауæндон арæзт æрцыд цыбыр æмгъуыдмæ Инвестицион программæйы фæлгæтты. Йæ фæзуат у 2 300 квадратон метры бæрц. Аразгæ та йæ скодта арæзтадон организаци «Бадо».

Проектмæ гæсгæ рæвдауæндон арæзт хъуамæ æрцыдаид 2 азы æмгъуыдмæ. Фæлæ арæзтадон организацийы генералон директор Уалыты Владислав 10 мæйы æмгъуыдмæ фæцис арæзтад. Уымæ хорз фæлтæрддзинад ис арæзтады, уæдмæ та ахæм рæвдауæндон сарæзта Цхинвалы районы Дменисы хъæуы. Арæзтадон фирмæйы къухдариуæггæнæг куысты рæстæджы къуылымпы нæ кодта, уымæн æмæ улæфт бонты дæр æппынæдзухæй уым куыстой 35-40 адæйма-джы бæрц. Фирмæйæн хисæрмагонд техникæ кæй ис, уый дæр бирæбæрцæй ахъаз уыд куыстытæ афоныл бакæнынæн. Куыд зонæм, афтæмæй, бирæ арæзтадтæ эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуынц сæ хъæндзи-нæдтæ, уый фæстæ фæбæрæг вæййынц. Мах сфæнд кодтам ныр дыууæ афæдзы бæрц цы рæв-дауæндон кусы, уый бабæрæг кæнын æмæ сæ куысты процессимæ базонгæ кæнын.

«Фæрдыг» – афтæ хуыйны №17-æм сабиты рæвдауæндон. Йæ директор Зангаладзе Тамара ныл фембæлд райзæрдæйæ. Йæ хатæнты азилыны фæстæ нын Тамарæ лæмбынæг радзырдта сæ куысты тыххæй.

«Ныртæккæ махмæ ис 100 сабийы. Сабитæ дих сты 5 къордыл: 2 кæстæр кары къорд, астæуккаг æмæ хистæр кары сывæллæттæ. Ис нæм музыкалон æмæ спортивон зал. Ис нæм компьтерон кълæстæ дæр. Сабиты уым цайдагъ кæнынц сæ кармæ гæсгæ хъæзтыты методикæйыл. Раздæр сабиты рæвдауæндæтты нæ уыд  психолог æмæ логопеды штаттæ. Фæлæ фæстаг азты ахæм лæггæдтæ бирæ сабиты кæй фæхъæуы, уый нысанæн Хицауады уынаффæмæ гæсгæ сабидæтты ис ахæм ахуыргæнджытæ дæр», – зæгъы директор.

Сабитæ кæм хъазынц æмæ фынæй кæнынц, уыцы хатæнты та лæууыд уæлдæф умæлгæнæнтæ. Уый, дам, баиу кæнæм сæрды æнтæф бонтæ æмæ зымæджы хъæрмады системæ æгæр куы фендавы, уæд. Æвæрд дзы æрцыд генератор дæр, цæмæй рухс куы ахуысса, уæд дæр рæвдауæндон ифтонг уа электроэнергийæ. Ам цы фондз къорд ис, уыдонæй алкæмæн дæр ис телевизортæ æмæ аудио системæ. Алы къорды дæр сывæллæттæн дæр ис бирæ хъазæнтæ, велтренажертæ, дидактикон æмæ цæстуынгæ æрмæджытæ.

Кæрт дæр у хæрзарæзт. Алы къордæн дæр – йæхи беседкæ. Иудзырдæй, ам сабитæ æнкъард нæ кæнынц, арæзт сын æрцыд комфортон уавæртæ. Банысан хъæуы уый æмæ зынгсирвæзты системæ дæр арæзт кæй æрцыд æмбæлонæй. Зынгсивæрзты рæстæджы скусдзæн сæрмагонд системæ æмæ фыдбылыз не ‘рцæудзæн. Уый нысанæн кæрты арæзт æрцыд гидракт æмæ зынгхуысджытæ куы æрбацæуой, уæд сæ бон уыдзæн дон сисын уырдыгæй.

Ахуыр-хъомыладон куыст

Рæвдауæндоны директор куыд зæгъы, афтæмæй дзы хъомыладон куыст цæуы иумæйагахуырадон планмæ гæсгæ. «Фылдæр тырнæм, цæмæй сабиты фæцайдагъ кæнæм куыстыл. Цæстуынгæ æрмæджытæ сабитæ саразынц сæхи къухтæй, уый фæстæ сæ ахуыргæнæгимæ иумæ бафснайынц, ныккæнды нæм сæрмагондæй уыдон æрывæрынæн цы стъолтæ ис, уыдоныл. Кæрты алы къордæн дæр ис йæхи зæххы гæппæл. Ам сывæллæтты цайдагъ кæнынц физикон куыстыл. Мах нæхи цæстæй федтам, хистæр кары сабитæ памидоры тыллæг куыд æмбырд кодтой гыццыл ведраты. Рæвдауæндоны алфæмблай цы бирæ алыгъуызон дидинджытæ ис, уыдон та, дам, æрбахастой сабиты ныййарджытæ. Уыдон райсом сæ сабиты куы æрбакæнынц, уæд нæ  базивæг кæнынц кæрты сагъд дидин-джытæн сæ кæрдæджытæ рато-нынмæ. Сабитæ дæр сыл аудынц æмæ, афтæмæй хъомыл кæнынц рæсугъддзинад æнкъарыныл.

Рæвдауæндоны холлы ис тути. Сабитæ йæ схуыдтой Фæрдыг, сæ рæвдауæндон куыд хуыйны, афтæ. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, уый ардæм æрбатахт йæхæдæг. Сабитыл сахуыр, бацин сыл кæны æмæ та уый фæстæ йæ бынаты сбады.

Сабиты рæвдауæндонæй здæхтыстæм æхцондзинады æнкъарæнтимæ. Ног бæстыхай канд йæ арæзтадæй нæ рухс кодта, зæрдæ, фæлæ ма дзы мидæгæй цы ахаст ис ахæмтæм, уымæй дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.