«Алания за стабильность» – ахæм номимæ нæ горæты Сæрибары фæзуаты уагъд æрцыд иумиагадæмон митинг. Ацы митинг æрæмбырд кодта фæзуатмæ мингай æмбæстæгты горæт æмæ районтæй, хицауады уæнгты, уагдæттæ æмæ интеллигенцийы минæвæртты.

Митинджы нысан уыд æрæвахсуæвæг президентон æвзæрстыты Президенты фарс балæууын. Митинг уагъд цыд Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг цау – нæ Президент Тыбылты Леонид æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы.

Мадзаламонæг, мидхъуыддæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан мадзалы райдианы бузныг загъта, Ирыстоны хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ ракаст æмæ боныгъæд кæд бынтон нæ амоны, уæддæр чи æрбацыд, уыдонæн.

– Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ ацы фæзуатмæ уымæн æрæмбырд стæм æмæ радон хатт зæгъæм нæ ныхас, иу адæм кæй стæм æмæ нын сæйраг сабырдзинад кæй у. Махæй хуыздæр ничи зоны сабырдзинады нысанфиуæг не ‘рвылбонон царды.

Тыхст æмæ уæззау рæстæджытæ æвзаргæйæ, мах бамбæрстам иу хъуыддаг-иу куы уæм, уæд тыхджын стæм. Уыцы иудзинады руаджы мах нæ фæтасыдыстæм, нæ фæцудыдтам. Æмæ афтæ æрхæццæ стæм абоны бонмæ – сабырдзинад, паддзахаддзинад æмæ хæдбардзинадмæ.

Абон мах цы цырты размæ æрæмбырд стæм, уыцы «Хъынцъымгæнæг зæд»-ы цырт дæр æвæрд æрцыд нæ хъæбулты номыл  йæ цард чи радта лæппуйæ, чызгæй нæ иудзинады сæрыл. Уыцы лæппутæ æмæ чызджытæ сæ цард радтой уый тыххæй, цæмæй абон Ирыстоны зæххыл уа сабырдзинад, абон нын фадат уа кусынæн, цæрынæн æмæ размæ цæуынæн, – дзырдта Тарзан.

Дарддæр æрдзырдта 9-æм апрелы президентон æвзæрстытыл. Фадат, зæгъгæ, аразæг у, æмæ нын фадат ис рефередумы руаджы бæстæйæн йæ рагон, нæртон ном раздахынæн дæр.

«Алы уавæрты дæр сæйраг у сабырдзинад æмæ æхсæнады кæрæдзиæмбарынад. Уæд алы хъуыддагæн дæр ис аразæн æмæ æрбæстон кæнæн», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Уæрæсеимæ нæ ахастытæ æнгомæй-æнгомдæр кæнынц, уый у нæ ирвæзынгæнæг, нæ сæйраг стратегион партнер. Æрсидт æхсæнадмæ æмбаргæдзинад-мæ, кæрæдзи хъуыдыйæн аргъ кæнын-мæ. Мах, зæгъгæ, стæм иу наци, иу адæм, Ирыстоны абоны æмæ фидæны цæрджытæ.

«Уæрæсейы Федерациимæ баиу кæныны историон цау æнæмæнг æрцæудзæн, хъæуы рæстæг. Фæлæ уал уæдмæ мах хъуамæ фидар кæнæм нæ паддзахад, фенын кæнæм дунейæн, бæстæ кæй у, адæм дзы кæй цæрынц, кæстæртæ дзы кæй рæзы, кæй йын ис фидæн. Рæзы йæ экономикæ, æмæ æрлæудзæн уыцы рæстæг дæр, æмæ суыдзæн Уæрæсейы иу хай. Уæдмæ уал уæлахиз уæд Хуссар Ирыстоны сабырдзинад æмæ уæлахиз уæд хæдбар, сæрибар паддзахад – Алани!» – банысан кодта Тарзан.

Дарддæр ныхасы рацыдысты республикæйы политикон партиты лидертæ.

Парти «Фыдыбæстæ»-йы лидер Гобозты Вячеслав бæстæйы историон ном раздахыны фæдыл референдум банымадта ахсджиагыл президентон æвзæрстытæм абаргæйæ. Мах, зæгъгæ, хъуамæ раздахæм историон рæстдзинад, æмæ æрсидт нæ æмбæстæгтæм 9 апрелы æвзæрстыты активон хайад райсынмæ.

Гобозты Вячеслав ма банысан кодта, зæгъгæ, æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыстимæ æмдзу ма хъуамæ кæной протесты акцитæ. Уымæн æмæ дзырд цæуы Хуссар Ирыстоны интерестыл, æмæ сабырдзинад æмæ æмбаргæдзинад ныртæккæ сты ахсджиаг.

«Æппæт ныхмæвæрд хъуыдытæ æнæсанкцигонд митингты руаджы нæ аскъуыддзаг уыдзысты, хъæуы бадзырдтæ уадзын æмæ закъон æххæст кæнын. Фæстаг фондз азы нæм цы æмбаргæдзинады атмосферæ ис, уый бæстæйы сæргълæууæджы стыр хайбавæрд у», – дзырдта ныхасгæнæг.

Гобозты Вячеслав æнæразыдзинад равдыста, Кокойты Эдуарды рæстæджы йæ партийы иу хатт кæй систой парламентон æвзæрстытæй, аннæ хатт та – йæ минæвæртты уыцы æнæхайыры «цензы» аххосæй. Æмæ, зæгъгæ, йæхи ист цензæй ныр йæхи къæппæгмæ бакодта.

Æмбаргæдзинад æмæ бæстæйы рæзт æмæ сæрибардзинады сæраппонд æмбæлон ахастмæ æрсидт бæстæйы раздæры президентмæ æмæ йæ фарсхæцджытæм. Хисæрмагонд политикон æмæ конъюнктурон интерестæ фыццаг рады ма хъуамæ уой, дзырд адæм æмæ паддзахады интерестыл куы цæуа, уæд.

«Нæ зæрдыл лæууы Джиоты Аллæйы ныфсхаст къахдзæф, уый ссис адæмы равзæрст Президент, фæлæ йын йæ уæлахиз æнæзакъонæй байстой», – банысан кодта Вячеслав.

Стабилондзинад æмæ райрæзтмæ махмæ æнхъæлмæ кæсы нæ стратегион партнер Уæрæсе. Дыууæ бæстæйы президентты фембæлдæй но-джыдæр бæстон æрцæудзысты ахсджиаг фарстытæ. Фæлæ уыдон эффективонæй ныббиноныг кæнын царды нæй гæнæн, дихтæ куы уæм æмæ æнгом куынæ уæм, уæд. Уымæ гæсгæ бадзырдтытæ æмæ закъоны фæлгæтты æппæт сæвзæргæ уавæрты дæр хъуамæ бæстон кæнæм алы фæзындтæ.

Гобозты Вячеслав æрсидт æхсæнадмæ, цæмæй æрлæугæ æвзæрстытæм æрцæуæм сабыр æмæ стабилон уавæрты æмæ ноджыдæр суой, абон цы лозунгимæ рацыдысты æхсæнад митингмæ, уый бæлвырдгæнæг. Нæ фидæн у стабилон Алани.

«Ирыстон  – сæрибары фæзуат» – ацы партийы лидер Джиоты Аллæ йемæ æрбахаста фондз азы размæ Централон æвзарæн къамисы уынаффæ –  президентон æвзæрстыты фæстиуæгæн равзæрст Президентæй йæ кандидатурæ банымайын.

«Фæлæ æз иуварс алæууыдтæн. Цæмæн? Уымæн æмæ иу къухдариуæгад дæр уый аккаг нæу, цæйнæфæлтау махæй иу адæймаг дæр фæхъæуа. Уæд æз æвдисæн уыдтæн уыцы æнæуынон, тыхст цæсгæмттæн æмæ æмбæрстон, кæй ныккæлдзæн туг. Уымæй никæцы хæрзиуæгон архæйдтытæн уыд растгæнæн. Уымæ гæсгæ æз фæсвæд алæууыдтæн», – дзырдта Аллæ.

Фарст лæвæрдта уыцы адæммæ, кæцытæ ныртæккæ радон хатт хæццæ кæнынц адæмы æмæ сæ æнæраст фæндагыл æфтауынц. Арæх, зæгъгæ, цъыф калынц Владислав Сурковыл. Æмæ ма нæ цæст ахæссæм, цал æдзæрæг хъæу сæндидзыдта, цал хъæумæ арæзт æрцыд фæндæгтæ.

Хисæрмагонд царды æппæт бæрндзинад, Джиоты чызджы хъуыдымæ гæсгæ, сæвæрдтам паддзахадыл. Æмæ ма бафæрсæм нæхи – мах та цы сарæзтам нæ паддзахадæн? Ацы фарстыл махæй алчи дæр хъуамæ ахъуыды кæна æмæ, чизоны æмæ нæ цард хорзæрдæм фæива.

Æз, зæгъгæ, хорз хъуыды кæнын уыцы рæстæг, æмæ Ирыстон советон тыгъдады иууыл ахуырдæр, интеллигентондæр, чиныгфæрсаг æмæ хъуыдыгæнагдæр хай куы уыд, уый. «Уыцы потенциал нæм ис æмæ æрæвналæм æмæ йæ иумæ сног кæнæм. Фаг у адæмы къордтыл дих кæнын. Бауырнæт уæ, уæд нын сфæлдисæг Хуыцау дæр баххуыс кæндзæн», – банысан кодта Аллæ.

Политикон парти «Ног Ирыстон»-ы лидер Санахъоты Дауыт дæр æрсидт Республикæйы æмбæстæгтæм сабырадмæ, кæрæдзиимæ æрбангом кæнынмæ. Банысан кодта уыцы бон Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы президентты фембæлды ахсджиагдзинад нæ бæстæйы рæзты, æндидзынад æмæ хъомысад фæтыхджындæр кæныны хъуыддаджы.

Кæцыфæнды æвзæрстыты агъоммæ дæр æхсæнад бынтон сабыр нæ вæййы. Дауыты хъуыдымæ гæсгæ æмзондæй, стабилон паддзахады, закъон æмæ конституцион бартæ æххæстгæнгæйæ, мах цæудзыстæм, цы рæсугъд фидæнмæ тырнæм, уымæ –  нæхицæн дæр æмæ нæ кæстæртæн дæр.

«Абоны митинджы нысан дæр уый у æмæ уымæн æрæмбырд стæм, цæмæй æрбалæууæм архайæг Президенты фарсмæ. Уымæн æмæ нæ бæстæйы сæргълæууæг архайдзæн æмæ дарддæр дæр араздзæн, цæмæй размæ цæуæм æмæ цæрæм сабыр, размæдзыд паддзахады», – банысан кодта Дауыт.

ХИПУ-йы проректор Тедеты Залинæ дæр банысан кодта ацы æмбырды ахсджиаг нысаниуæг – дыууæ президенты фембæлды рæстæджы уагъд кæй цæуы, уый.

«Ацы фембæлдæй мах уынæм конкретон къахдзæфтæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды фæдыл æмæ нæ уырны æмæ хæцæм нæ архайæг Президент Тыбылты Леониды политикæйы, Уæрæсейы Федерациимæ нæ бастдзинæдтæ фидардæр кæныны фарс. Мах стæм, нæ бæстæйы сæргълæууæг цы раст хаххыл лæууы – размæдзыд паддзахад саразын, æндидзæн процесстæ райтынг кæныны фарс. Уымæй дарддæр мах сæрыстыр стæм Тыбылты Леонидæй, кæцы бакуыста нæ паддзахады историон ном раздахыныл. Æмæ махмæ та æрхаудта уыцы Аланты паддзахад бахъахъхъæнын, æндидзын кæнын æмæ дарддæр уыцы ном сæрыстырæй хæссын», – банысан кодта Тедеты Залинæ.

Иерей Иаков дæр æрсидт Ирыстоны адæммæ сабырад æмæ æмбаргæдзинадмæ æмæ скуывта Хуыцаумæ.

Республикæйы Къуыдаргомы минæвар Хуыгаты Уасил радзырдта, фæстаг фондз азы Хуссар Ирыстоны зæххыл кæй ис стабилондзинад æмæ хæрзиуæгон хъуыддæгтæ. Банысан кодта, фæстаг рæстæджы Къуайсайы ног сырæзгæ социалон нысаниуæджы объекттæ кæй разæнгард кæнынц ног бæрзæндтæм.

Адæмон митингмæ нæм Цæгат Ирыстонæй æрцыд делегаци. Æфсымæрон Цæгат Ирыстоны дзыллæйады номæй митинджы ныхасы рацыд армреслингæй бирæ хæттыты дунеон чемпион Хуыдæлты Артур. Уый банысан кодта нæ горæты хуыздæрæрдæм ивындзинæдтæ, кæцытæ æхсызгон сты цæстæн. Æмæ, зæгъгæ, уыдон сты бæстæйы сæргълæууæджы стыр хайбавæрд бæстæйы рæзт æмæ æндидзынады хъуыддагмæ.

Гимнази «Альбион»-ы ахуыргæнæг Къуылыхты Мадинæ та банысан кодта, фæстаг рæстæджы бæрæг кæй фæбæрзонддæр адæмы царды æмвæзад.

«Махæн 9-æм апрелы фадат ис, цæмæй сбæлвырд кæнæм нæ фæндон. Тыбылты Леониды къухдариуæгадæй нæ æхсæнад рæзт æмæ æндидзыдта. Уыцы хъуыддаг хъуамæ дарддæр кæнæм. Сабыр, æмбаргæ уавæрты нæ къухты бафтдзæн хорз, хæрзиуæгон хъуыддæгтæ саразын», – дзырдта Къуылыхты Мадинæ.

Парти «Дзыллæты иудзинад»-ы лидер Чилæхсаты Владимир æрсидт æрæмбырдуæв-джытæм, цæмæй абарой ацы фондз азы цард уый размæ азтимæ. Нæ цард, зæгъгæ, бæрæг æрбæстон æмæ зын рахатæн нæу, нæ Республикæ кæй рæзы æмæ размæ цæуы. Уымæ гæсгæ нæ хъæуы ацы курс адарддæр кæнын æмæ ног æнтыстытæ æмæ уæлахиздзинæдтимæ Стыр Уæрæсеимæ размæ цæуын.

Дунейы чемпион, профессионалон боксер Гасситы Мураты мад Мадинæ дæр йæ ныхасы æрсидт иудзинад æмæ æнгомдзинадмæ. Мæнæн, зæгъгæ, мæ зæрдæ цины æнкъарæнтæй байдзаг мæ фырты тохтæм йæ фарсмæ балæууыны нысанæн не ‘мбæстæгтæ куы ацыдысты, уыдонимæ бæстæйы сæргълæууæг дæр. «Æз уæд сæрыстыр æмæ амондджыныл мæхи банымадтон, ныфс мæ бацыд, уæлахиз кæй æрхæсдзæн мæ фырт», – дзырдта Мадинæ.

Дарддæр митинджы раныхас кодтой Знауыры районæй Шавердаты Виктор, медицинон кусджыты номæй Туаты Инессæ.

Иумиагадæмон митинджы кæрон йæ хайадисджытæ райстой резолюци, кæцыйы фарс рахæцыдысты се ‘ппæт дæр æмæ ма йыл сæмбæлдысты къухæмдзæгъдæй.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.