Цхинвалы районы аивадон коллективтæ æрмæст нымæцæй дзæвгар не сты, фæлæ ма хъæздыг вæййы сæ репертуар æмæ нуарджын та сæ аивадон ралæуд. Хъæууон хæдархайгæ аивадон къордтæ афæдзы дæргъы цы куыст бакодтой, цахæм æнтыстытæ бафтыд сæ къухты аивады рæзты хъуыддаджы, уыдæттæ рабæрæг кæныны тыххæй сын амæйразмæ уыд æркаст.

Уым хайад райстой Дменис, Хелцуа, Тъбет, Къостайыхъæу æмæ Зары хъæуты культурæйы хæдзæртты аивадон коллективтæ. Уыдон сæ арæхстдзинад æвдыстой кафт, зард æмæ драмон уацмыстæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы къордæн бынтон бæрзонд æмвæзадыл нæ уыд сæ ралæуд, фæлæ дзы уыд, сце-нæмæкæсæджы зæрдæтæ чи барухс кодта, ахæмтæ дæр, уыцы нымæцы Тъбет, Къостайыхъæу æмæ Дменисы коллективтæ.

Фæстæдæр та æркаст уыд, Культурæйы управленийы цур цы аивадон коллективтæ ис, уыдонæн, куыд кафты ансамбль «Амонд», адæмон театр æмæ ансамбль «Ирон фæндыр»-æн дæр. Уыдонæн разамынд кæнынц, йæ хъуыддаг бирæ чи уарзы æмæ аивадуарзджыты зæрдæтæ сæ ралæудæй чи барухс кæны, ахæмтæ. Уый фæрцы коллективтæ сты, аивады бæрзонддæр къæпхæнмæ чи схызт, аивадæн табугæнджыты зæрдæтæ сæ аив æмæ арæхстджын ралæудæй чи барæвдауы, ахæмтæ. Сæ диссаджы ралæудæй кæддæриддæр æхцондзинад райсынц канд районы фæллойгæнджытæ нæ, фæлæ ма республикæйы аивадуарзджытæ дæр.

Ацы аивадон коллективтæн дæр æрвылаз Культурæйы управлени (йæ хистæр Гаглойты Р.) бацархайы, цæмæй афæдзы дæргъы бакæнгæ куыстимæ æркасты  базонгæ уой район æмæ республикæйы  цæрджытæ. Афтæ та уыд æрæджы дæр æмæ сæ аивадон гæнæнтæ кæм равдыстой, уым сценæмæкæсджытыл ныууагътой арф тæлмæнтæ. Фыццаг уал зæгъын хъæуы адæмон театры тыххæй, кæцыйæн æндæр æмæ æндæр рæстæджыты разамынд лæвæрдтой нæ паддзахадон театры артисттæй цалдæр. Абоны бон театры сæргъы лæууы курдиатджын артист Уанеты Æхсар æмæ йæ сæвæргæ драмон уацмыстæ алы хатт дæр фæндаг ссарынц театрдзауты зæрдæмæ. Ахæмты нымæцмæ хауы Нартыхты Григолы комеди «Файнустытæ» дæр, сæ рольтæ дзы иттæг хорз æххæст кæнынц Козаты Сæлимæт, Хаситы Инарæ, Джыккайты Эльбрус, Цоциты Никъала æмæ æндæртæ. Ацы спектакльмæ бакастысты канд районы цæрджытæ нæ, фæлæ ма республикæйы хицæн бынæтты аивадуарзджытæ дæр, куыд Знауыр, Хъорнис, Къуайса, Дзауы æмæ æндæр рæтты.

Къаддæр нæу йæ арæхстдзинад кафты ансамбль «Амонд»-æн дæр, уымæн та ныр цалдæр азы арæхстджын разамынд кæны, йæ хъуыддагыл æнувыд специалист – хореограф Санахъоты Сослан. Уый кафджыты алкæй фезмæлдимæ дæр кусы арæхстджынæй, æмæ йын уый фæрцы бантыст «Амонд»-ы аивады бæрзæндтæм схизын кæнын. Йæ артисттæ айсынц сценæмæкæсджыты зæрдиаг арфæтæ æмæ къухæмдзæгъд. Сæ мидисджын æмæ хъæздыг ралæудæй сценæмæкæс-джытæн хъæлдзæг зæрдæйы равг чи балæвар кæны, уый у ансамбль «Ирон фæндыр». Уымæн цæстуарзон æмæ арæхстджын лæггад кæны йæ аивадон разамонæг Саппиаты Зæлинæ. Дисса-джы аив æмæ зæрдæмæхъаргæ цæгъдтытæй батавы адæмы зæрдæтæ, афтæ ма зарæггæнджыты къорды уæнгтæ Хацырты Земæ, Гогинова Кристинæ, Хуыгаты Дзамболат, Задыты Олеся æмæ Джиголаты Ларисæ та сæ зæрдæмæдзæугæ зарджытæй хорз тæлмæнтæ ныууадзынц концертдзаутыл.

                                                                                      ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.