Цард зынаргъ æмæ рæсугъд уæд вæййы, кæд æмæ йæм кæсай уарзон цæстæй, йæ сæрыл тох кæнын фæразай, цыфæнды зындзинæдтæй рахизынмæ дæр тырнай æмæ дзы цы бирæ хорздзинæдтæ ис, уыдон уынай æмæ æнкъарай.

Цард дæм æнæмæнг йæ мидбылты худдзæн, хорзæх фæллойы куы агурай, дæ къуымты бæркад азæй-азмæ фылдæр куы кæна, дæ кæстæрты хорздзинæдтæ куы уынай æмæ сæ алы боныл дæр райгæйæ куы æмбæлой.

Ацы дзырдтæй алкæцы дæр, джиппы уагъдау фидауы микрорайон «Хурзæрин»-ы цæрджытæ – цардæмбæлттæ Дудайты Вася æмæ Козаты Сæлимæтыл. Уыдон сæ цардæн ахæм уаг раджы равзæрстой.

Вася æмæ Сæлимæт дæр гуыргæ Къахеты ракодтой, æндæр æмæ æндæр хъæуты, фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ фыдæлтæ раджы, кæддæр, хуыздæр цардагур, уырдæм фæцыдысты Хуссар Ирыстонæй.

Хъварелы районы Дзирийы хъæуы цæргæйæ царды уадтымыгътæ хостой Дудайты Васяйы дæр, уæлдайдæр та 90-æм азтæй фæстæмæ, фæлæ йын йæ аудаг, фæлмæн удыскондмæ ницы бар бадардтой, кæд сæ йæ зæрдæмæ æввахс иста, уæддæр. Абон дæр ма æхцонæй æрымысы стыр хæдзарад ын куыд уыдис, дардтой бирæ фос, куыстой сæ хæдзаргæрон зæххытæ. Стыр хъæу уыдис Дзири 50 цæрæг хæдзары дзы уыдис æрмæст ирæттæ, дыууæ ахæмы та гуырдзиаг цæрджытæ уыдысты. Цæстæвæрæн фæцис йæ цард Васяйæн. Сарæзтой стыр хæдзар, йæ фæллæйттæн ныккæнæн дæр нæ уыд. Царды сæрыл тохы бацыдысты бинонтæ æмхуызонæй, æмызмæлд кодтой мыдыбындзытау. Ныййарджытæн сæхийау кусаг уыдысты сæ цыппар хъæбулы дæр. Сæ дыууæ лæппу æмæ дыууæ чызджы цинæй сæхи арвы милтыл сæрфтой ныййарджытæ. Сарæзтой стыр æддæгуæлæ хæдзар Тбилисы дæр. Иудзырдæй, цард сæм йæ мидбылты худтис æмæ йемæ æмдзу кодтой Дудайты бинонтæ дæр. Фæлæ уыцы рæсугъд цард æрбатары 1990-æм азтæй фæстæмæ. Комкоммæ сæм æртхъирæн нæ кодтой марынæй, нæ сын дзырдтой сыстут æмæ ныууадзут уæ цæрæн хæдзар, фæлæ сын сæ фæллæйттæ давтой. Вася куыд зæгъы, афтæмæй йын 6 бæхы иу афæдзы дæргъы адавтой. Давтой стурты, лыстæг фосы дæр сæрвæттæй. Сæ хъаст-иу бæргæ бахастой æмбæлон органтæм, фæлæ сæ дзуапп кæддæриддæр уыд иу – нæ сæттынц æмæ уæ сæрæн хуыздæр амал исты бакæнут.

Хъуыдытыл фесты бинонтæ, бамбæрстой, афтæмæй сын уым цæргæйæ кæй нал у æмæ æппынфæстаг аскъуыддзаг кодтой сæ цардцæрæмбонты фæллæйттæ ныууадзын æмæ кæддæр сæ фыдæлтæ Гуырдзыстонмæ куы фæлыгъдысты хуыздæр цардагур, афтæ уыдон та ныр хуыздæр цардагур сæ фыдæлты зæхмæ æрбаздæхтой. Вася уал райдианы ацыд Цæгат Ирыстонмæ. Иу афæдз æххуырст фатеры цæргæйæ агуырдта цæрæн бынат, фæлæ дзы йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ рацыд Хуссар Ирыстонмæ. Бамбарын кодта йæ уавæр нæ республикæйы разамынадæн æмæ уайтагъд йæ уавæры бацыдысты, радтой йын микрорайон «Хурзæрин»-ы дыууæ хатæнон фатер æмæ æрбакодта уæд йæ бинонты дæр. Уый уыдис 2008 азы хæсты фæстæ. Ныр та бинонтæ ам æрывнæлдтой сæ цард ногæй аразынмæ. Æмæ нæ фæтыхстысты, уайтагъд Хеиты дурцъæлгæнæны Вася кусын райдыдта хъахъхъæнæгæй, куыстытæй ифтонг æрцыдысты сæ сывæллæттæ дæр. Хъуыд змæлын, царды амæлттæ дарддæр кæнын æмæ Вася æрынцой нал зыдта. Дурцъæлгæнæнмæ æввахс чи скъутæр ис, ахæм зæхмæ бавнæлдта, ныссыгъдæг æй кодта æмæ дзы йæ бинонтæн алыгъуызон халсæрттæ тауын райдыдта. Бинонты уæлдай ма иу дзы чи баззадис, уыдон та-иу ауæй кодтой. Тугыл-иу аскъуыдысты сæ джитри, помидор, цывзы, хъæдындз æмæ æндæр халсæрттæ дæр, афтæ хорз-иу æрзадысты. Фæлæ та сæм уырдæм дæр æххæссыдысты къæрныхты къухтæ æмæ фæлмæцыд Вася. Уæдмæ йын зæххы фадыг радтой микрорайонмæ æввахс æмæ та куыстуарзаг бинонтæ ам дæр цæстæвæрæн фесты. Йæ æркæнгæ продукцимæ кæсгæйæ Вася ахъуыды кодта, зæгъгæ, диссаг уыдысты нæ фыдæлтæ дæр, амы зæххы цыфæнды байтау, тугыл аскъуыйы, уыдон та хуыздæр зæххытæ агурæг сæ фыдæлты уæзгуытæй фæцыдысты.

Иугæр сын зæхх сæ къух амыдта, уæд Вася бахатыд нæ республикæйы разамынадмæ, цæмæй йын рахицæн кæной æгуыст чи уыдысты, уыцы зæххы фадгуытæй, хъæрмуат саразыны тыххæй. «Нæ» йын нæ загътой, лæвæрд ын æрцыд 1 гектары фæзуат æмæ йæм бинонтæ æрывнæлдтой кусынмæ. Сарæзтой дзы 8 хъæрмуаты, сæ дæргъ 18 метры, сæ фæтæн та 9 кæмæн у, ахæмтæ. Иуы дзы ныссагътой джитри, иннæты та памидортæ. Тугыл аскъуыдысты, ахæм тыллæг радтой. Ныридæгæн уал памидортæ нæхи базары ауæй кодтой 2-3 тоннæйы бæрц, джитри та 500 килограммы бæрц. Фæлæ нырмæа дæр сæ къалиутæ нæ уромынц памидортæ, афтæ зад сты. Уæй дзы кæнынц бынаты дæр. «Ноджы дæр хуыздæр уыдаиккой, фæлæ нын уалдзæджы стыр тыхдымгæ тынг зиæнттæ ракодта, цы целлофантæй агъуыст сты хъæрмуæттæ, уыдон нын ныскъуыдтæ кодта æмæ уæд нæ зæрдæмæ ныхъхъуыстам, æнхъæлдтам нæ фыдæбæттæ нын дон йæ бынмæ аласта. Фæлæ Хуыцауæй арфæгонд уæд нæ республикæйы разамынад, фæдардта нæм йе ‘ххуысы къух, баххуыс нын кодта 40 мин сомæй æмæ та йæ сагъуыстам», – загъта райгондæй Вася.

Вася куыд зæгъы, афтæмæй тауинæгтæ, целлофан æмæ минералон хъацæнтæ дæр амал кæнынц Кабардæйы. Уымæй дарддæр ма сæ цæхæрадоны æркодтой цъæх хъæдур, харбызтæ æмæ неситæ. Æппæт уыдæттæн хъуыд æхцайы фæрæзтæ æмæ райстой 120 мины сомы æхцайы фæрæзтæ кредиты хуызы.

Дудайты бинонтæ æрмæст хъæрмуат саразыныл не ‘рлæууыдысты. Дарынц мæргътæ, хуытæ. Фæнды сæ стуртæ балхæнын дæр.

Фæлæ уæддæр, æвæццæгæн, сæйраг уый нæу. Сæйраг у, ацы бинонтæн сæ зæрдæтæй кæрæдзимæ æмæ адæммæ дæр цы хъармдзинад цæуы, уый у. Уалдзыгон хъарммæ дидинæг куыд райхæлы, афтæ адæймагæй цæугæ хъармдзинад та – царды райхæлы дидинæгау æмæ уæд æнцондæр вæййы куыд адæймагæн йæхицæн, афтæ кæй æхсæн цæры, уыдонæн дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.