17-æм августы Мыхуыр æмæ информацийы комитеты «Æргом хицауад»-ы проекты фæлгæтты ауагъдæуыд пресс-конференци Уæлвæткон уавæрты министр Санахъоты Сергеимæ.

Пресс-конференцийы райдиан Мыхуыр æмæ информацийы комитеты хистæры хæстæ æххæстгæнæг Джуссойты Нелли загъта министрадмæ цымыдисон факттæ кæй ис, æрæджы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады центр «Лидер»-ы специалисттæ Хуссар Иры территорийыл цы куыст бакодтой, уый фæдыл.

Цалынмæ ацы ахсджиаг куыстыл не ‘рдзырдта министр уæдмæ уал журналистты базонгæ кодта азы фыццаг æмбис йæ дæлбар министрады бакæнгæ куыстимæ.

«2016 азы фыццаг æмбисы, Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыд 19 зынгсирвæзты. Уыдонæй 8 – горæты территорийыл, 6 – Цхинвалы районы. 2- Дзауы районы 2 – Знауыры районы æмæ иу та Ленингоры районы территорийыл. Уыдонæн сæ сæйрагдæр аххосаг уыд, электроэнергийæ раст кæй нæ фæпайда кæнынц цæрджытæ, уый аххосæй», – загъта Санахъоты Сергей.

Зынгсирвæзт æмæ уæлвæткон уавæрты министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй иумæйагæй сисгæйæ сæ министрадмæ цæрджытæй бацыд 809 куырдиаты. Уыдонмæ æрвылхатт дæр вæййы хъусдард, иунæг куырдиат дæр нæ баззаайы æнæ дзуаппæй. Канд зынгхуыссынгæнæн цауты нæ райсынц хайад ацы министрады кусджытæ. Уыдон ма бацæуынц фыдбылызы цаутæ кæм æрцæуы, ахæм бынæттæм дæр, уыцы нымæцы фæндагон-транспортон цауты рæстæджы. Диспетчерон службæтæм фæдисы хабар куы фехъусынчындæуыд уæд ацы службæтæ рæстæгыл бахæццæ вæййынц, хабар кæм æрцыд, уыцы бынатмæ.

Министр куыд загъта, афтæмæй уæлвæткон уавæрты министрадæн йæ хæс канд зынгхуыссынкæнын æмæ фыдбылызы бахауæг адæмæн æххуыскæнын нæу, уый ма хæсджын у, цалынмæ фыдбылыз не ‘рцыд, уæдмæ ‘хсæнады æнамонд цаутæй бахъахъхъæнын дæр.

Уыцы нысанæн РХИ-йы иумæйаг ахуыргæнæндæттæ се ‘ппæт дæр ифтонг сты зынгсирвæзты ныхмæ æнæмæнгхъæуæг инвентарæй. «Сывæллæтты рæвдауæндæттæ се ‘ппæт дæр сты автоматикон сигнализациимæ иугонд, кæцы йæ рады иугонд у мах министрады централон пунктмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы системæ у тынг зынаргъ, уымæ гæсгæ æрвылаз дæр мах архайæм, цæмæй иу объект уæддæр баиу кæнæм ацы системæмæ», – зæгъы Санахъоты Сергей.

Ацы системæйæ æрмæстдæр сабиты рæвдауæндæттæ сты ифтонг, уымæн æмæ иууыл тынгдæр хъахъхъæнинаг уыдон сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыддæр республикæйы бюджеты уæлæмхас фæрæзтæ фæзына, афтæ фыццаграды иумæйагахуырадон скъолаты дæр фæзындзæнис уыцы æдасдзинады системæ. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, ныридæгæн скъолаты уагъд æрцыд хицæн æмæ хицæн мадзæлттæ æнæнхъæлæджы уавæртæй цæмæй хызт уой скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

Санахъоты Сергей ма дзырдта, сæ министрады цы ног службæ фæзынд, уый тыххæй дæр: «Уæрæсейы Федерацийы нæ коллегæты æххуысæй махмæ фæзынд ног службæ – кинологион. Уыдон ныртæккæ цæуынц сæрмагонд ахуыр Ставрополы. Куыйтæ дæр Уæрæсейы уæлвæткон министрады фæрцы æрбахаудтой махмæ», – загъта министр.

Уæлвæткон уавæрты министр Саанахъоты Сергей ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрады саперон къорд «Лидер»-æн йæ куыст кæронмæ бахæццæ. Уыдон РХИ-йы территорийæ 50 га фæзуат ссыгъдæг кодтой рæмудзæн æрмæджытæй. «Уый уал уыд сопертæн сæ куысты фыццаг этап. Нæ коллегæтæ нæ республикæмæ æрцыдысты ацы аз июны мæйы. Дыууæ мæйы мидæг центр «Лидер»-ы специалисттæн бантыст стыр куыст, бакæнын. Уыдон Прис-Ереды территорийыл алы сантиметр дæр лæмбынæг сахуыр кодтой сæрмагонд ифтонгад æмæ техникæйы фæрцы. Сарæзтой видеохыгъ далæвæрдтæ сæ бакæнгæ куыстæн, ссаргæ рæмудзæн æрмæджытæн ист цыдысты сæ къамтæ, кæцытæ систематикон æгъдауæй дæттой мах министрады базæ-мæ. Сæ куысты рæстæджы уыдон ссардтой 350 рæмудзæн æрмæджы алы æмæ алы æх-сæнгарзы хуызтæй. Æрцæугæ специалисттæ бакодтой стыр куыст æмæ сын ацы дыууæ мæйы æмгъуыдмæ баныст сæ мисси æххæстбæрцæй сæххæст кæнын», – банысан кодта Санахъоты Сергей.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ног къуыри, Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады къухдариуæгад æрцæудзæнис Хуссар Ирмæ, цæмæй фыст æрцæуа дыууæвæрсыг акт. «Акт бафыссыны фæстæ минæтæй сыгъдæггонд территори лæвæрд æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны фарсмæ. Уагъд æрцæудзæнис брифинг æмæ нæ уæрæсейаг коллегæтæ мыхуы-ры фæрæзты минæвæрдты фæрцы фехъусын кæндзысты, цы территори басгæрстой, уый официалонæй сыгъдæг кæй у минæтæй æмæ дзы тæссагдзинадæй кæй ницы ис», – загъта министр.

Уый ма банысан кодта, саперон къорд кæй æрæздæхдзæнис Хуссар Ирмæ иннæ аз дæр, цæмæй адарддæр кæна йæ куыст Хуссар Ирыстоны иннæ бынæтты дæр 2008 азы хæсты фæстæ баззайæггаг мæлæт-хæссæг минæтæй ссыгъдæг кæныны фæдыл.

«Ацы куыстытæ æххст цæуынц Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Президентты ‘хсæн баныхæсты æмæ дыууæ бæс-тæйы уæлвæткон уавæрты ми-нистрадты æмгуыстады ны-вæзтмæ гæсгæ», – загъта министр.

Уый фæстæ Санахъоты Сергей дзуаппытæ радта журналистты цымыдисгæнæг фарстатæн.

Уыдон цымыдис кодта горæты цады, кæцыйы арæх æрцæуы æнамонд цаутæ, ис æви нæ, уæлвæткон уавæрты министрады пост. «Инструкцимæ гæсгæ уым æнæмæнг хъуамæ уаид ахæм ирвæзынгæнджыты къорд. Фæлæ мах ахæм уæрæх министрад не стæм, уыйбæрц фаг адæм нæм нæма ис. Уымæ гæсгæ мах горæты администрацийы фæндонмæ гæсгæ инструктаж ауагътам цалдæр лæппуимæ, кæцытæ æппынæдзух сæ хъус дарынц цады æмæ Хуыцау бахизæт, фæлæ æнамонд цауы рæстæджы æнæгуырысхойæ баххуыс кæндзысты дæлдонгæнæгæн», – загъта Уæлвæткон уавæрты министр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.