Нæ алфæмблай æрдз хъахъхъæныны, нæ æрдзон ресурстæй пайда кæныны фæдыл аивгъуыйгæ азы цы куыст бачындæуыд, уый тыххæй хыгъдон æмбырды æрæджы дзырдта республикæйы Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты сæрдар Бестауты Бала. Комитеты раз цы бирæ ахсджиаг хæстæ лæууы – организаци кæны æрдзон ресурстæй рационалонæй пайда кæнын æмæ æрдз хъахъхъæныны фæдыл нысанмæздæхт программæтæ бакусын æмæ сæ реализаци; организаци кæны æмæ хайад исы æрдзон ресурсты хынцын æмæ сын аргъ скæныны фæдыл куыст, адæмон-хæдзарадон объекттæ æмæ территоритæн экологион паспортизаци, уадзы сын паддзахадон экологион экспертизæ; алфæмблайы, æрдзон ресурсты æмæ уыдонæй пайда кæныны тыххæй аразы зонæнты базæ; хайад исы æппæтиумæйаг экологион хъомылады, ахуырады системæ организаци кæныны æмæ æндæртæ.

Уыцы хæстæ æххæст кæныны фæдыл ивгъуыд азы комитет кодта бæрæг куыст. Йæ  сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй нæ алфæмблай æрдзы чъизидзинады æмвæзад фæкъаддæр кæныны æмæ республикæйы цæрджыты экологион æдасдзинад ифтонг кæныны нысанæн ауагъд æрцыдис 17 басгæрсты. Цы цухдзинæдтæ раргом, уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты æнæсанкцигонд брондæттæ ликвидаци кæныны фæдыл мадзæлттæ нæ исын, æрдз хъахъхъæныны фæдыл бакуыстгонд документтæ кæй нæй, уæлдæф чъизигæнæг кондадтæм бары гæххæттытæ кæй нæ вæййы æмæ æндæр ахæмтæ.

Комитеты геологи æмæ зæххы къахæггæгтæй пайда кæныны управлени басгæрстытæ уагъта зæххы æрдзон хъæздыгдзинæдтæй пайдагæнджыты архайды фæдыл. Цы цухдзинæдтæ раргом, уыдоны фæстиуджытæм гæсгæ хицæн организацитæ æмæ индивидуалон амалиуæг-гæнджытæн бар нал ис ахæм архайд æххæст кæнынæн.

Змисхæццæ хуыр республикæйы территорийы доны объекттæй стыр гуырахстæй бирæ рæстæджы дæргъы кæй истой, уый мæгуырауæрдæм бандæвта доны объекттæ æмæ экосистемæйыл, дæтты гъæд æмæ сæ уавæрыл.

Ныртæккæ Бестауты Балайы ныхæстæм гæсгæ  куыст цæуы, цæмæй змисхæццæ хуыр къахт цæуа доны объекттæн æдтейæ.

Комитет Уæрæсейы Хицауад æмæ Хуссар Ирыстоны Хицауады ‘хсæн сразыдзинады фæлгæтты йæ уæрæсейаг коллегæтимæ уадзы иумæйаг мадзæлттæ республикæйы территорийæн геологион æгъдауæй аргъ скæныны фæдыл.

Æрдзæй пайда кæныны, алфæмблайы æмæ экологион æдасдзинады управленийы кусджытæ дæр сæхи фæдыздæхты уагътой планон æмæ æнæсплангонд рейдон мадзæлттæ. Афтæ, басгæрст æрцыд Гуфта-Къуайсайы фæндаджы Кæсаджджынмæ хæстæг фадыг. Басгæрст æрцыдысты Леуахи æмæ Пацъайы донбылгæрæтты хуыр закъонон бындурыл ист цæуы æви нæ. Куыд фæндаджы арæзтады фæдыл, афтæ хуыркъахæн бынæтты дæр цы цухдзинæдтæ рабæрæг, уыдоны фæдыл хицæн æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты республикæйы прокуратурæмæ, арæзт сыл æрцыдысты акттæ.

Банысангонд управленийы кусджытæ экологион экспертизæ ауагътой республикæйы территорийыл бронкалæн полигоны проектон документацийæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы полигоны арæзтад алыгъуызон хъуыдытæ равзæрын кодта æхсæнады. Фæлæ комитеты сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй уый фæдыл бавдисгæ документтæ дзуапп дæттынц алфæмблай æрдз æмæ æрдзон ресурстæ хъахъхъæныны фæдыл РХИ-йы закъондæттынадон æмæ нормативон акттæн æмæ гæнæн ис, цæмæй реализаци æрцæуа ацы проект.

Республикæйы цæрæгойты дунейы хъахъхъæныны фæдыл комитет регуляронæй патрул кæны цуангæнæн бынæтты, оперативон æгъдауæй ацæуынц рейды, цæр-джытæ сæм телефоны куы бадзурынц, уæд дæр. Хыгъдон рæстæджы ауагътой 40 рейдæй фылдæр. Уæлдай хъахъ-хъæнинагдæр æрдзон территориты ауагъдæуыд хъæддаг сырдты иммунизаци æрранизы ныхмæ. Уыцы нысанæн хъæууон хæдзарады министрадæй райстæуыд 4000 дозæйы вакцинæтæ æмæ дих æрцыдысты районтыл.

Уыимæ цæрджытæ разæнгард цыдысты, чи сын зиан кодта, ахæм хъæддаг сырдты марынмæ. Кæй амардтой, уыдоны тыххæй сын бафыстæуыд 169 мин сомы.

Бестауы фырты ныхæстæм гæсгæ сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы цæрæгойтæ æмæ зайæгойты дунейæ пайда кæныны фæдыл цæрджытæн цы бартæ ис, уыдон сын æмбарын кæнынмæ. Цуан кæнын цы сырдтæ, мæргътæ æмæ доны цæрæгойтыл ис, уыдоныл цуангæнæн сезоны цуангæнджытæ хъуамæ зоной сæ бартæ æмæ хæстæ. Уыдон гæнæн ис фæкъуындæг уой  кæнæ урæд æрцæуой хицæн территорийыл  кæнæ та бæрæг æмгъуыдмæ. Цæвиттон, «Цæрæгойты дунейы тыххæй» РХИ-йы Закъоны бындурыл Комитет 2017 азы 4 сентябрæй фæстæмæ бар нал дæтты кæсаг ахсынæн республикæйы цæугæдæттæм иугæнæг æппæт дæтты. Бар ис æрмæстдæр цæугæдæттæн сæхи мидæг ахсын æнгуырæй. Афтæ ма байгом æрцæуы цуан кæныны фæззыгон-зымæгон сезон дæр. Æрраниз парахатгæнæг кæй сты, афтæ ма тынг бирæ кæй кæнынц, уымæ гæсгæ цуан кæныны бар ис бирæгътыл, хъæддаг куыдзыл, сæлавырыл æмæ æндæртыл.

Комитеты сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй цуан кæныны бар нæй арс, саг, сæгуыт, сычъи, афтæ ма рувасыл дæр.

Цуангæнджытæ æмæ кæсагахсджыты цæдис æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадимæ хицæн бынæтты уагъд цыдысты планон æмæ оперативон æгъдауæй тугдзых сырд-тыл цуангæнæн мадзæлттæ. Уыдон уагъд цыдысты цæрджыты куырдиæттæм гæсгæ, кæцытæ хъусын кодтой сæхи æмæ сын сæ фосмæ дæр кæй лæбурынц, уый тыххæй. Ахæм мадзæлттæ фадат дæттынц тугдзых сырдты бæрц æмæ цы зиан ракæнынц, уый зынгæ фæкъаддæр кæнынæн.

Æрдзон ландшафт æмæ цæрæгойты, зайæгойты зынаргъ хуызтæ бахъахъхъæнын у йæ нысан  Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвæрд хъæдæн. Уый у куыд æрдз хъахъ-хъæнынæн, афтæ зонадон иртасæн æмæ экологион-рухстауæн уагдон дæр. Ам хъахъхъæд цæуы зайæгойтæ æмæ цæрæгойты генетикон фонд.

Цалдæр азы размæ хъæддаг хуытæ, республикæйы территорийыл хуыты африкæйаг емынæ кæй апарахат æмæ кæй скуынæг сты, уымæ гæсгæ, ам ауагъдæуыд хъæддаг хуыты  44 сæры. Уыдон нæ уавæрты сæхи хатынц хорз æмæ ныртæккæ сты 70 сæры. Ацы бонты та Владимиры областæй æрластæуыд сагтæ æмæ уыдон дæр ауагътой ацы æвæрд хъæды. Афтæ ма Бестауты Балайы ныхæстæм гæсгæ хъуа-мæ æрласой фазантæ дæр.

Æвæрд хъæды территорийыл зонад-иртасæн куыст цыдис республикæйы Сырх чиныг саразыныл. Рауагъд ма æрцыдис чиныг «Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвæрд хъæд», цыран кæсæг базонгæ уыдзæн ацы бынаты зайæгойты æмæ цæрæгойты дунеимæ.

Æвæрд хъæды кусджыты архайды руаджы дæтты сæндидзыдтой кæсæгты фæсауæрцтæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.