Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт цæуы Гуфта-Къуайсайы фæндаг. Ацы куыстмæ стыр хъусдард здæхт цæуы Республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй. Уый æмрæнхъ горæт Къуайсайы дæр фæстаг азты цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ, капиталон арæзт æрцыдысты мидæггагон фæндæгтæ, уынгты æвæрд æрцыдысты рухсы цæджындзтæ. Æппæт уыцы куыстытæм сæ хъус дарынц куыд бынæттон къухдариуæгад, афтæ бынæттон коммуналон хæдзарады кусджытæ, йæ сæргълæууæг Хуыгаты Аланы къухдариуæгадæй. Къуайсайы коммуналон хæдзарады сæргълæууæг ацы бынаты кусы цыбыр рæстæг, фæлæ йæ куыстмæ æвдисы серьезон ахаст. Уый, куыд бынæттон цæрæг, афтæ мидæггагон проблемæтимæ зонгæ у æмæ йæ бон куыд, у афтæ сæ иуварс кæны.

  Къуайса æмæ Бзиты хъæуты чи иу кодта, уыцы хъæдæй хид арæзт æрцыд XX-æм æнусы 1950 азты. Уæдæй фæстæмæ лæггад кодта хъæуы цæрджытæн, фæлæ фæстаг цалдæр азы уый æрцыд тынг æдзæллаг уавæрмæ æмæ тæссаг уыд, йæ сæрты хизгæйæ, куы ныккæла, уымæй. Хъæуы цæрджытæ бахатыдысты Къуайсайы администрацийы сæргълæууæгмæ, цæмæй сын баххуыс кæной ацы фарст аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы. Уый йæ рады ацы фарстмæ æркаст Къуайсайы коммуналон хæдзарады хайады гæс Хуыгаты Аланимæ æмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй арæзт æрцæуа ног хид. Æмæ йæ ацы аз сарæзтой æфсæйнаг конструкцитæй. Йæ  дæргъ у 65 метры бæрц æмæ йыл рог автомашинæтæ дæр æдасæй цæуынц.

 Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад егъау хъусдард здахы æмткæй горæты уынгты  уавæрмæ. Хуыгаты Аланы ныхæстæм гæсгæ æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады райст программæйы фæлгæтты.

Сæ архайдæй райгонд сты

Ацы аз егъау хъусдард здæхт æрцыд, Къуайсайы цы парк ис, уый арæзтадмæ. «Махæн егъау æххуыс бакодта Дзауы  администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Уый нын рахицæн кодта ‘хцайы фæрæзтæ, цæмæй парк æркæнæм æмбæлон уавæрмæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт куыстытæ та сæххæст кодтой Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ. Егъау хъусдард здæхт æрцыд, цæмæй сывæллæттæн æппæт фадæттæ дæр уа парчы хъазынæн, уым æвæрд æрцыд уыдонæн хъеллаугæнæнтæ, æндæр алыгъуызон хиирхæфсæн хъазæнтæ. Ацы сæрды дзы сæвæрдтам  спортивон тренажертæ, уыдоныл канд фæсивæд нæ, фæлæ сыл хистæр кары адæймæгтæ дæр фæтренировкæ кæнынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый махæн хæссы стыр æхсызгондзинад. Уымæй дарддæр ма дзы сæвæрдтам цалдæр ног фæхсбандоны, цы зæронд бандæттæ дзы ис, уыдон та косметикон цалцæг скодтам, сарæзтам дзы беседкæ, цæмæй тæвд хурæй кæнæ къæвдайы рæстæджы сæхи бааууон кæной сывæллæттæ.  Парчы уыд фонтан, фæлæ цалдæр азы бæрц нæ куыста. Ныр æм дон уагъд æрцыд, кусы сæрддæргъы æмæ æхсызгондзинад хæссы цæрджытæн, сывæллæттæ ма дзы, сæхи дæр фæнайынц. Цæмæй дон ма чъизи кæна, уый тыххæй ивд æрцæуы», – банысан кодта Алан.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй ма парчы территорийы æвæрд æрцыдысты ног бронкалæн асыччытæ дæр æмæ адæм баззадысты райгондæй, уымæн æмæ сыгъдæг бынатæй хуыздæр цы ис, бирæ сывæллæттæ кæм хъазой, сæ улæфты рæстæг кæм æрвитой, уым æнæ чъизи нæ вæййы. Ныр уавæр фæхуыздæр, адæм сæ брæтты æппарынц уыцы асыччыты. Къуайсайы иунæг паркмæ уæлдай фылдæр адæм æрбацæуы изæрыгæтты. Сыгъдæг паркмæ, сыгъдæг уæлдæфмæ сæ рæстæг арвитынц хистæр кары адæймæгтæ æмæ сывæллæттæ дæр.

Къуыдаргомы цæрджытимæ ныхас кæнгæйæ, бирæ хорз ныхæстæ загътой  цæрæнуатон- коммуналон хæдзарады кусджытæй сæ хистæр  Хуыгаты Аланы сæргълæудæй. Уыдон алы проб-лемæмæ дæр равдисынц серьезон ахаст æмæ йæ аскъуыддзаг кæнынц сæ фадæттæм гæсгæ.  Хуыгаты Алан нын йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй Къуайсайы горæты иу бирæуæладзыгон цæрæн хæдзарæн йæ æмбæрзт раивтой, афтæ ма дыууæ бирæуæладзыгон хæдзары та ивд æрцыдысты  доны хæтæлтæ.

–  Ацы аз Къуайсамæ æввахс  хъæутæй дыууæмæ сцалцæг кодтам  фæндæгтæ, ныртæккæ сæ тæмæны сты Фæзыхъæумæ донуадзæн куыстытæ.  Ног ахуыры райдианмæ та ацы мæй  фæнд кæнæм сывæллæтты рæвдауæндон æмæ скъола рог сцалцæг кæнын.

Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ кæд Къуыдаргомы тыхст уавæрты цы цæрджытæ цæрынц, уыдоны нымæц бирæ нæу, уæддæр дзы ахæм цæрджытæ ис, æмæ уыдонмæ  уæлдай фылдæр фæхъæуы хъусдард æмæ æххуысы къух фæдаргъ кæнын. Уыцы цæрджыты проблемæтæм дæр Хуыгаты Алан йæ куыстуаты кусджытимæ æнæмæты цæстæй нæ фæкæсы, æнæхъусдард æмæ æнæскъуыддзаг проблемæ нæ ныууадзы. Зæгъæм, Бзиты хъæуы цæрæг Зассеты Левайы бинонтæн  зынгсирвæзты фæстиуæгæн сæ хæдзар басыгъд. Уыдоны уæззау проблемæйы фæрсты нæ ахызт  Къуайсайы администраци, Къуайсайы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Уыдон сæхи фæрæзтæй скъахтой, Зассеты бинонтæн Къуайсайы администраци  цы хъæдын хæдзар радта, уый бын фундамент. «Мæ фадæттæ мæ куыд фæамонынц, афтæ баххуыс кæнын æххуысхъуаг цæрджытæн. Уыдон сты, иунæгæй чи цæры, ахæм хистæр кары адæймæгтæ  кæнæ та иунæг сылгоймæгтæ, кæцыты бон нæ вæййы сæвзæргæ проблемæ аскъуыддзаг кæнын», – банысан кодта Хуыгаты Алан.

Къуыдаргомы бирæ хъæутæм зымæджы егъау митуарды фæстиуæгæн фæндаг нал вæййы æмæ уæд цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ сæ куыстуаты  техникæйы руаджы  митæй фæсыгъдæг кæнынц фæндæгтæ, уынгтæ. Ис зæгъæн, æмæ  Хуыгаты Аланы разамындæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ бæрæгбæрцæй æнцонвадатдæр кæнынц бынæттон цæрджыты цард.

ТАНДЕЛАТЫ Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.