Знон нæ республикæйы банысан кодтой Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны къабазмæ хъусдарды кусæджы бон. Уый охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны къабазмæ хъусдарды фæдыл комитетмæ æрбацыд Республикæ  Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Фембæлд бацæуæн ныхасимæ байгом кодта комитеты сæрдар Коцты Маринæ. Уый арфæйы ныхæстæ загъта Президентæн, фадат кæй ссардта æмæ сæм кæй æрбацыд, уый тыххæй. Дарддæр Маринæ банысан кодта, зæгъгæ, 95 азы размæ фæзынд ацы ведомство æмæ уæдæй нырмæ   æххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ. Уый стыр рæстæг у. Уыцы азты комитет кæд æвзæрста зындзинæдтæ,  уæддæр нæ фæцудыдта æмæ абон дæр æппæт йæ тыхтæ æмæ хъарутæ æнæвгъауæй здахы сæ  разылæууæг хæстæ æнтысгæйæ сæххæст кæнынмæ.

Уый фæстæ комитеты кусджыты раз раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æз стыр аргъ æмæ кад кæнын, йæхи æмæ йæ куыст дæр адæмы хорз царды тыххæй чи снывонд кæны, ахæмтæн. «Ахæмтæм хаут сымах дæр. Уымæн æмæ æппынæдзух архайут, цæмæй нæ адæм æлхæной æмæ пайда кæной æрмæстдæр хæрзгъæд продукттæй, товартæй. Уыцы хъуыддаджы уын ис æнтыстытæ æмæ уын дарддæр дæр мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уе ‘нтыстытæ  адæмы хæрзиуæгæн дарддæр дæр рæзой.

Комитеты кусджытæн Президент радта хорзæхтæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт дохтыры ном лæвæрд æрцыдис комитеты разамонæг Коцты Маринæйæн. Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны сгуыхт кусæджы ном та лæвæрд æрцыдис  Чилæхсаты Замирæйæн, уый ацы уагдоны кусы 45 азæй фылдæр.

Цалдæрæй  та  хорзæхджын  æрцыдысты  «Хуссар  Ирыстоны  25  азы  банысан кæныны» тыххæй майдантæй, РХИ-йы Президенты Кады грамотæтæй, æмæ Арфæйы гæххæттытæй. Æдæппæт хорзæхтæ райстой 28 адæймаджы.

Куыстуаты номæй Коцты Маринæ Президентæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

   Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.