Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фосдарджытæ цы куыст бакодтой, уымæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй районы æдæппæт нымадæуы 11 фермерон хæдзарады æмæ сæ фосы нымæц та у 293, уыдонæй хъуццытæ ис 145. Иууыл фылдæр стуртæ дары «Арцеу»-ы фермерон хæдзарад æмæ йын сты 114, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 43. Дыккаг бынаты цæуы «Тъбет»-ы хæдзарад æмæ йæм ис 79 стуры, уыдонæй хъуццытæ ис 35, «Алан» дары 34 æмæ йæ хъуццыты нымæц та у 30, «Тын»-ы хæдзарады нымадæуы 20 стуры æмæ иууылдæр сты хъуццытæ. Фылдæр фос ма чи дары, уыдон нымæцмæ хауынц «Аз», «Фат» æмæ «Цъунар» Лохы фырт. Районы хæдзарадтæй фысдарды куыст кæны æрмæстдæр «Алан»-ы хæдзарад æмæ йын сты 250, уыцы нымæцы уæрыччыты нымæц та у 50. Ацы хæдзарад ма кæны маргъдарды куыст дæр æмæ йын сæ нымæц хæццæ кæны 100. Районы уал ноггуырд родтæ ис 44, уыцы нымæцы «Тъбет»-ы хæдзарады 27, «Алан»-ы — 7, фæйнæ цыппары «Аз» æмæ «Арцеу»-ы æмæ 2 та «Фат»-ы. Хуыдарды куыст кæны «Аз» æмæ йын сты 13, уыцы нымæцы дзæргъытæ та — 3 æмæ уал æм ис 10 хъыбылы. Бæхдарды куыст та кæнынц «Цъунар», «Алан» æмæ «Фат»-ы хæдзарадтæ æмæ сæм æдæппæт ис 5 бæхы.

ТЫЛЛÆГ ÆФСНАЙЫНЫ ФÆСТИУДЖЫТÆ

Районы 6 фермерон хæдзарад æмæ арендаторы «Фат», «Аз», «Цъунар» Бибылы фырт, «Тын», арендатор Бибылты В. æмæ Къостайыхъæуы хоркуыстгæнджытæ фæззыгæнд мæнæу æдæппæт байтыдтой 141 гектары æмæ сæ тыллæгæрзад алы гектарæй дæр рауад 29, 4 центнеры. Хъæбæрхоры культурæ тыд æрцыд 235 гектары, уыцы хæдзарадты нымæцмæ хауынц Къостайыхъæуы паддзахадон хæдзарады арендатортæ, «Тъбет», «Фат», «Аз», «Алан», «Арвырон» æмæ «Цъунар» Бибылы фырт. Хæдзарадтæй ма иуæй-иутæ байтыдтой нартхор æмæ сысджы дæр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.