Æрæджы Сыгъдæг Мадымайрæмы Кувæндоны ауагъдæуыд тынг аив, диссаджы сыгъдæг æмæ удæн æхцон мадзал – дзуарæфтыд æрцыд дыууæ æрыгон удыл. Æмæ, цыма, уым диссагæй ницы уыд, адæм сæ амонд ссарынц æмæ сыл дзуар бафтауынц аргъуаны, фæлæ ацы цау уыд, æмбал кæмæн нæй, ахæм, æмæ æвдисæн уыд, Республикæ Хуссар Ирыстоны ном цæхгæр кæй фæивта, уымæн. Ныртæккæ фидарæй зæгъæн ис, Хуссар Ирыстон канд хæстон цауты мысинæгтыл кæй нæ æфтауы адæмы – фæлæ уый у рæсугъд, уазæгуарзон, сабыр размæцыдæй чи цæуы, ахæм æрыгон республикæ, æмæ йæм адæм æхсызгонæй цæуынц уазæгуаты.

Уыцы бон аргъуаны баиу сты, Мæскуыйæ сæрмагондæй чи æрцыд, уыцы дыууæ æрыгон уды.

Информацион агентады кусджытæ – журналист Юлия Семенова æмæ ТАСС-ы фотохроникæйы хистæр фотоуацхæссæг Валери Шарифуллины романтикон истори райдыдта иу афæдзы размæ.

Уæд Юлия фыццаг хатт æрцыд Хуссар Ирыстонмæ уацхæсджыты сконды Рспубликæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидæй интервью райсынмæ. Уый фæстæ уый афтæ тынг бауарзта не ‘рыгон республикæйы, æмæ-иу арæх æрцыд ардæм. Чызджы зæрдæйы арф ныххызтысты Ирыстоны æрдзы рæсугъд нывтæ, стæй йæ сæхимæ æлвæста нæ адæмы зæрдæты хъарм.

Шарифуллин Хуссар Ирыстоны уыд 2008 азы дæр, æмæ иу уый дæр арæх фæуазæг Хуссар Ирыстонмæ. Фæстаг азы дæргъы уыдон иу æмæ дыууæ хатты  не ‘рцыдысты нæ республикæмæ  ахсджиаг цаутæ хъусын кæнынмæ.

Иумæйаг куыст, балцытæ, Хуссар Ирыстоны уазæгуарзондзинад, бæлвырд, ахсджиаг уыдысты, фæстагмæ ацы дыууæ уды сæ цард кæй баиу кодтой, уыцы хъуыддаджы.

«Мах Хуссар Ирыстонимæ баст стæм бирæ цæмæйдæрты. Ам сты нæ хæлæрттæ. Сæрæй уал мах куыстам хицæнтæй. Æз ам куыстон хæсты рæстæджы дæр. Стæй куыстам иумæ. Мах ам ссардтам бирæ хæлæртты», – радзырдта Валери.

Ацы рæсугъд историйы нысаниуæгджын у уый, æмæ æрыгон æмкъæйттæ алы чырыстон адæймагæн дæр йæ царды ахсджиагдæр –  аргъуаны сусæгдзинæдтæй сæ тæккæ стырдæр, æмкъайады æгъдау Хуссар Ирыстоны аргъуаны сæххæст кæнын кæй сфæнд кодтой.

«Мах тынг уарзæм ардæм цæуын, æмæ мæнæн мæ бон у зæгъын, ам кæй цæрынц не ‘цæг хæлæрттæ, æмæ дзуарæфтыд кæм райсдзыстæм, уыцы фарст нæм æвзæргæ дæр нæ кодта. Мах æй зыдтам фидарæй, Цхинвалы кæй райсдзыстæм дзуарæфтыд», – загъта Юлия.

Иу нысаниуæгджын хабар ма уыд – дзуарæфтыды бон кæй æрхауд Уаз Мадымайрæм æмæ Уазчызг Марияйы Ахъаздзинады бонмæ. Уыимæ, уыцы бон æвзаргæйæ, æрыгæттæ зыдтой, уыцы бонмæ кæй æрхаудзæн.

Æрыгæттыл дзуар бафтыдта Хуссар Ирыстоны Алайнаг Епархийы Уагæвæрæг Хетæг-каты Яков. Аргъуаны хъуыстысты дзуарæфтыды куывдтытæ, сауджын сидт Хуыцаумæ, цæ-мæй баиу кæна æмкъæйтты, ратта сын зондджындзинад, фæразондзинад, сæрныллæг-дзинад. Ацы диссаджы рæсугъд дзуарæфтыды бæрæгбонмæ æрбацыдысты æрыгæтты æввахс хæлæрттæ.

Юлия Семеновайы чызгæмбал уыд Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-секретарь Гана Яновская. Уыдон схæлар сты иумæйаг куысты рæстæджы.

Ацы дыууæ æрыгон адæймаджы царды истори у, Хуссар Ирыстон Хæстон полигон кæй нал у, хæстон архайдтыты тæссаг бынат, фæсхæст æмгъуыды территори йæхи нысæнттимæ, фæлæ рæсугъд, национ колоритæй йемыдзаг æрыгон паддзахад кæй у, уый нысан. Ардæм æрцæуынц адæм æхсызгон æнкъарæнтæ агурæг, хæрзиуæг æмæ хорзæх агу-рæг, æрцæуынц бынæттон хъармзæрдæ адæмимæ аныхас кæнынмæ, æрцæуынц канд Уæрæсейæ нæ. Уыдон æрцæуынц æмæ бауарзынц не ‘ргомзæрдæ адæмы, нæ рæсугъд хæхты, нæ диссаджы æрдз  æмæ, æгæрыстæмæй, сæ цард дæр сиу кæнынц, раздæр адæм мæлæтæй лидзгæйæ сæхи кæм æмбæхстой, нæ уыцы чысыл райдзаст аргъуаны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.