Æнæмæнг, хæсты хабæрттæй иу чысыл цау дæр рох кæнын нæ хъæуы. Уый истори у æмæ сомбоны фæлтæр хъуамæ бæлвырдæй зоной, гуырдзиаг лæгсырдтæ Хуссар Ирыстон æмæ йæ сабыруарзаг æмбæстæгтæн цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыдон. Æниу чысыл цæмæн, æрмæст иу уысм дæр фыдбæллæхы бахаугæйæ, адæймаг цас тас æмæ хъизæмæртты бахауы, рæстæджы цыдимæ иумæ мæгуырауæрдæм куыд бандавынц йе ‘нæниздзинад, йæ зæрдæйы равгыл.

2008 азы августы мæйы 7-æм бон. Æхстытæ фæсабыр сты, хур дæр цыма æфсæрмы кодта, уыйау мигъты ‘хсæн йæхи нымбæхста. Адæм чысыл рогæн улæфынц, фæлæ уæддæр бынтон не ‘ууæндынц, ахæм сабырдзинад бирæ ахæсдзæн, ууыл. Уыдаид боны 4 сахаты, афтæ та Къостайыхъæуы цæрджыты æнцойад фесæфт. Гуырдзиаг хотыхджынтæ цыма æмдзырд бакодтой, уыйау сæхи барæвдз кодтой æмæ хъæумæ æхсын райдыдтой цыппарæрдыгæй. Уыцы тохтæ нæ фесты суанг 6 сахаты онг, стæй та куыддæр 7 сахат сæххæст, афтæ та хъæуы милмæ систой æмæ та цæрджыты зæрдæтæ банкъуысын кодтой, фехæлдтой сын се ‘нцойад. Нæ лæппутæ дæр æнцад кæм бадтысты æмæ знаджы æхстытæн уыдон дæр лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд. Æхстытæ куы сарæх сты, уæд сылгоймæгтæй дæрддзæфгомау æмæ хъæуы кæрæтты чи цард, уыдон сæхи æрбайстой Хуыбиаты Лавренты хæдзармæ. Æниу, уыдон дæр сосæвæндагмæ æввахс сты, фæлæ уæддæр кæрæдзийы ныфсæй ныфсджындæр вæййы адæймаг, цыма йын фенцондæр вæййы, афтæ фæхаты йæхи. Уыдон та уыдысты Гæбæраты Дуси, Саулохты Ханиффæ, Тедеты Клавдя, Гæбæраты Хани, Хуыбиаты Маша, Нуну, Медикъо, Хуыбиаты Жаннæ (цасдæр рæстæджы фæстæ уый аздæхт йæ хæдзармæ) æмæ æндæртæ. Фæстагмæ ма сæм æрбаиу сты цалдæрæй, уыцы нымæцы Дудайты Эвелинæ дæр. Цæвиттон, Дудайты Нугзар æдасдæры тыххæй йе ‘мкъай æмæ ма цалдæр сылгоймаджы хъуамæ йæ машинæйыл аластаид хъæуæй. Уыдысты иууыл иумæ аст адæймаджы æмæ куыддæр хъæуы кæронмæ феввахс сты, афтæ сæ ауыдтой гуырдзиаг хотыхджынтæ. Хъæр-хъæлæба æмæ æхстытæ сытынг сты, базыдтой, дарддæр сын ацæуæн кæй нал ис æмæ рагæппытæ кодтой машинæйæ. Сæ амондæн сæ ничи фæцæф, афтæмæй балыгъдысты Лавренты хæдзармæ. Уый хыгъд гуырдзиæгты иу къорд балыгъдысты машинæмæ, фæлæ сын уый дæр размæ тулын нал комы. Нæ йæ ныууагътой, аластой йæ сыфцæй æмæ сæхирдыгæй фæци.

8-æм августы бон дзир-дзур кæнын райдыдта, уыдаид цыппар сахаты, афтæ гуырдзиæгты хæццæ хъæлæба райхъуыст. Айхъуыстой сæм сылгоймæгтæ æмæ дардæй цæуы сæ дæрзæг ныхас, æрдхъирæнтæ. Сæхи-цæн сæрыстырæй дзурынц:

– Æддæмæ рахизут, ирæттæ, кæм уын сты, стыр ныфсытæ кæмæй æвæрдтат, уыцы уæрæсейаг æфсад æмæ та ногæй, сæхицæй бабуц уæвгæйæ, хъæр кæнынц, уæлахиз уæд нæхи Гуырдзыстон, зæгъгæ.

Фысымты сылгоймаг Хуыбиаты Азæ загъта, гуырдзиæгты техникæйы иу хай сæ рæзты кæй рацыд, уый тыххæй. Разæй цыдысты фистæг æфсæддонтæ, уыдон фæстæ та сæ техникæ, се ‘хсæн уыд сылгоймæгтæ дæр. Уый фæстæ æрбынат кодтой кæройнаг Джиоты Петкæты хæдзары, уый сси се штаб. Æддæмæ сын рахастой сæ хуыссæнтæ æмæ-иу уым та сæ улæфгæ кодтой. Æрмæст ууыл не рлæууыдысты, фæлæ хæдзары джигул кодтой исты ссарыны ныфсæй. Нæ бацауæрстой фысымты хæринæгтыл дæр, алыгъуызон адджинæгты банкæтæн «аккаг» фесты æмæ сын сæ бынæй рухс суагътой. Æниу хорзæй цæмæ уыд ахæмтæм банхъæлмæ кæсæн, кæцытæ нæ ауæрстой сæхиуыл дæр. Иугæр сæ хъæу куы асæрибар, уæд уынджы æппæрст уыдысты, сæ зæрдæйы равг-иу сын чи бахъæлдзæг кодта, ахæм ба-куыстгонд шприцтæ.

Сылгоймæгтæ ацы хæдзары фесты 10 августы онг, стæй æдасдæры тыххæй ахъуызыдысты Галуанты хъæумæ. Уæдмæ нæм æрхæццæ Уæрæсейаг æфсад, нæ зæххыл æрбынат кодта сабырдзинад æмæ цæр-джытæ сулæфыдысты сæ риуы дзаг, æрæвнæлдтой ногæй сæ цард æндидзын кæнынмæ.

Хуыбиаты Н.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.