Паддзахадон нысаниуæгджын бон Дзыллон информацион фæрæзты боны цытæн знон Хицауады хæдзары уагъд æрцыд хорзæхтæ дæттыны цытджын церемони. Хайад дзы райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Президенты Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Алан, Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Джуссойты Нелли.

Хъуылымбегты Доменти æхсæнадон хъуыды сфидар кæныны хъуыддаджы информацион фæрæзты хайбавæрд банымадта егъау хъуыддагыл. Уый ахсджиаг элемент у æхсæнады, зæгъгæ.

«Нæ бæстæйы уæззау азты фидар æмæ сæрбæрзондæй хастат тырыса, райрæзын æмæ райтынг кодтат информацион тыгъдад. Уый æмрæнхъ хъомыл кодтат амæй-ай хуыздæр кадртæ. Уæ æрвылбонон куыст æмæ хъаруты руаджы æхсæнад зонгæ кæны нæ республикæйы æмæ æгас дунейыл æрцæугæ цаутимæ», — дзырдта Хъуылымбегты Доменти.

Уый зæрдиаг арфæ ракодта информацийы фадыджы кусджытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды номæй. Сымах, зæгъгæ, уæхæдæг æвдисæн стут, уый куыд лæмбынæг ахаст дары ацы фадыджы кусджытæм. Архайы бæстæйы фадæтты фæлгæтты материалон-техникон базæ райрæзын æмæ куысты уавæртæ фæхуыздæр кæныныл.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ информацион фæрæзты куысты æмвæзад бонæй-бон ног бæрзæндтæм хизы. Æмæ уый у сæ æрвылбонон цæсгомджын куыст æмæ профессионалон хæстæ æххæст кæныны фæстиуæг. Профессионалон æнтыстытæй дарддæр ма Хъуылымбегты Доментийы цæст ацы фадыджы кусджытæн бауарзта хисæрмагонд æнтыстытæ æмæ, цы бæстæйы цæрæм, цы тыхтæ хардз кæнæм, цæ-мæй уый рæза æмæ размæ цæуа, æмæ дзы уой амондджын.

«Сымахæй алкæмæндæр бирæ хæстæ ис, куыд профессионалон, афтæ хисæрмагонд. Уадз, бантысæд уын сæ сæххæст кæнын. Республикæйы къухдариуæгад та æппæт дæр араздзæн, цæмæй æхсæнады уæ архайд бæрзонддæр уа, уæ профессионалон архайд хъæуæг æмæ нысанмæздæхт уа, цæмæй æрвылаз дæр ацы бæрæгбоныл æмбæлгæйæ, ног æнтыстытимæ æмбæлæм кæрæдзийыл», — дзырдта Хъуылымбегты Доменти.

Ныртæккæйы рæстæджы информацион фæрæзты куысты бирæ ног формæтæ æмæ эффективон куысты здæхæнтæ ис. Уыдонæй, Хицауады Сæрдары хъуыдымæ гæсгæ, хъуа-мæ пайда цæуа, цæмæй æхсæнад реалон информацийæ хайджын уа.

«Нæ адæмы цард бонæй-бон хуыздæр æмæ хæрзвадатдæр цæмæй кæна, уый тыххæй мах хъуамæ иумæ кусæм. Нæ адæм къорд азты цы хъуыддагыл тох кодтой, уый алыбон дæр царды хъуамæ биноныг кæнæм, цæмæй нæ республикæ уæндон къахдзæфтæй размæ цæуа», — дзырдта Хъуылымбегты Доменти.

Бæрæгбон æнæ хорзæх нæ фидауы. Республикæйы къухдариуæгадæй æнæхъусдард нæ баззад информацийы фадыджы кусджыты æвæджиаг куыст.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды барамындмæ гæсгæ Республикæйы «Сгуыхт журналист», юбилейон майдантæ, Кады грамотæтæ, Арфæйы фыстæджытæ цытджын уавæры сæ хицæут-тæн радта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæргълæууæджы хæстæ æххæст-гæнæг Джуссойты Нелли бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн йæ бæрныуæвæг фадыджы кусджытæм сæ хъусдард æмæ хъарм ахасты тыххæй. Бæрæгбонон хорзæхтæ чи райстой, уыдонæн ракодта сæрмагонд арфæтæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.