12 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хицауадты æхсæн къухтæ æрфыстæуыд ахуырад æмæ квалификациты тыххæй кæрæдзийы дипломтæ нымайыны сразыдзинадыл.

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй Сразыдзинадыл йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Уæрæсейы æрдыгæй та УФ-йы ахуырад æмæ зонады министр Ольга Васильева», – фехъусын кодта Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæ.

Сразыдзинад биноныг кæны Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ахуырадон æмæ (кæнæ) зонадон организациты, дыууæ фарсæй алкæцыйы закъондæттынадмæ гæсгæ аккредитацигонд программæмæ гæсгæ райсгæ ахуырад æмæ (кæнæ) ква-лификаци кæрæдзи æхсæн нымайыны хъуыддаг. Уый арæзт цæуы æмбæлон ахуырад æмæ (кæнæ) квалификацийы тыххæй документтæ кæмæ ис, уыдонæн цæмæй уа дыууæ бæстæйы дæр сæ профессионалон архайд адарддæр кæныны фадат.

Уый ма хауы ацы сразыдзинад йæ тыхы бацæуыны размæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны райсгæ ахуырад æмæ квалификацимæ дæр.

Сразыдзинадыл къух æрфыссыны мадзалы ма уыд Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.