Ивгъуыд азы октябры мæйы Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдис цæрджыты æппæтиумæйаг сфыст, кæцы нæ республикæйы ног историйы ауагъд æрцыд фыццаг хатт. Нæ цæрджыты ‘хсæн ма ахæм сфыст фæстаг хатт уагъд æрцыд 1989 азы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæдæй абоны онг цæрджыты царды бирæ ивындзинæдтæ æрцыдис.

Ацы куыст бакæныныл, ома, цæмæй цæрджыты сфыст æмбæлон æмвæзадыл уагъд æрцæуа, уый тыххæй зæрдиаг æмæ бæрнон куыст бакодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон статистикон управлени.

2015 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны  цæрджыты сфыст ауадзыны фæстиуджытимæ æмæ статистикон управленийы иумиаг куысты уавæртимæ бынæттон журналистты базонгæ кæныны тыххæй 11-æм августы Мыхуыры хæдзары пресс-центры ауагъд æрцыд пресс-конференци. Журналистты фарстытæн дзуаппытæ лæвæрдтой РХИ-йы Паддзахадон статистикон управленийы къухдариуæггæнæг Тыбылты Инал, йæ хæдивæг Зассеты Риммæ æмæ ацы уагдоны æндæр кусджытæ.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Мыхуыры æмæ информацийы комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Джуссойты Нелли.

Пресс-конференцийы райдайæны Паддзахадон статистикон управленийы сæргълæууæг Тыбылты Инал дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты базонгæ кодта цæрджыты иумæйаг сфысты фæстиуджытимæ. Афтæ ма журналистты базонгæ кодта, цæрджыты æппæтиумæйаг сфысты бакæнгæ куысты хатдзæгтæм гæсгæ ацы уагдон цы чиныг рауагъта, уый мидисимæ, йæ нысаниуæг æмæ ахадындзинадимæ. Чиныг хуыйны «Сводные итоги, всеобщая перепись населения Республики Южной Осетии», йæ тираж та у 300 экземпляры.

Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн Паддзахадон статистикон управленийы разамонджытæ Тыбылты Инал æмæ Зассеты Риммæ радзырдтой:

– Махæн абоны бон у нысаниуæгджын, абон мах нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид схорзæхджын кодта Паддзахадон хорзæхтæй, афтæ ма презентаци сарæзтам нæ чиныгæн дæр. Ацы чиныг арæзт у дыууæ азы куысты фæстиуджыты бындурыл, кæцыйыл бакуыстой æрмæст нæ управленийы нæ, фæлæ дыууæ сæдæ адæймагæй фылдæр. Уыдонæй чи фылдæр рæстæг бакуыста чи  та – цъусдæр, фæлæ сæ куысты фæстиуæг у ацы чиныг.

Куыд æй зонут, афтæмæй цæрджыты сфыстæн йæ сæйраг этап уагъд æрцыдис 2015 азы 15-30 октябрмæ. Уый фæдыл махæн уыдис тынг бирæ бакæнинаг куыст. Ацы хъуыддаг, зæгъæн ис, æмæ нæ фылдæрæн куысты практикæйы уыд ногдзинад æмæ йæ сахуыр кæнын дæр хъуыдис бæстон. Фæлæ нæ управлени бакуыстой æмбæлон æмвæзадыл. Афтæ ма цæрджыты иумиаг сфыст ауадзыны хъуыддагыл стыр куыст бакодтой фыстуадзджытæ, инструктортæ, сфыст уадзыны фæдыл къамис æмæ ма нæ фарсмæ æрбалæуджытæ нæ республикæйы къухдариуæгад дæр. Уый тыххæй сын æз се ‘ппæтæн дæр зæгъын стыр бузныг.

Чиныгмæ цы информаци хаст æрцыд, уый фыццаг хатт цæуы мыхуыргонд, цæмæй дзы пайда кæной куыд хицæн адæймæгтæ, афтæ паддзахадон органтæ дæр. Чиныджы информаци лæвæрд цæудзæн электрон хуызы управленийы хисæрмагонд сайтыл дæр. Йæ алы фарсыл дæр ис бакæсæн æмæ фенæн бирæ æнæмæнгхъæуæг информаци.

Цæрджыты æппæт иумиаг сфысты активон куысты тыххæй дæр та мæ ноджы зæгъын фæнды, уый уагъд кæй æрцыд æппæт дунеон нормæтæ æмæ стандарттæм гæсгæ æмæ нын Уæрæсейы фарсæрдыгæй хъусдарджытæ нæ куыстæн скодтой аккаг аргъ. Нæ куыстмæ хъусдарджытæ та уыдысты Уæрæсейы Росстатæй, сæ куысты стыр фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæмтæ. Махæн та уыд æхсызгон, ахæм специалисттæ нын нæ куыстæн кæй саргъ кодтой, уый.

Куыд æй зонæм, уымæ гæсгæ ныртæккæ Уæрæсейы уагъд цæуы хъæууонхæдзарадон сфыст, ахæм сфыст ауадзын хъæуы нæ республикæйы дæр аграрон бæстæ кæй у, уымæ гæсгæ. Йæ æнæмæнгхъæуындзинад банысан кодта Уæрæсейы Росстаты сæргълæууæг Александр Суринов нæ республикæмæ йе ‘рцыды рæстæджы. Ацы фарсты фæдыл ныхас кодтам нæ республикæйы Президентимæ.

РХИ-йы Паддзахадон статистикон управленийы сæргълæууæджы хæдивæг та лæмбынæг æрдзырдта ивгъуыд азы цæрджыты иумиаг сфысты фæстиуджытимæ:

– Нæ республикæйы æдæппæт цæры 53 532 адæймаджы, уыдонæй 25 707 сты нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ та – 27 825. Районты нæлгоймæгты нымæц у бæрæг фылдæр, нæ горæты та сылгоймæгтæ сты фылдæр.

Хуссар Ирыстоны административон-территориалон иуæгтыл дзургæйæ та банысан кæндзынæн, кæй нæм ис дыууæ горæты æмæ цыппар районы. Уыдоны ис горæты æнгæс æртæ поселочы: Знауыр, Дзау æмæ Ленингор. Администрацитæ та нæм ис 40, хъæууон цæрæн пункттæ – 330, уыдоны 40 нæй æппынæдзухон цæрджытæ.

Ацы цæрæн пункттæй иууыл фылдæр цæрджытæ цæры горæт Цхинвалы 30 432 адæймаджы. Цыппар районы та æдæппæт цæры – 23 100 адæймаджы, Цхинвалы районы – 7 793, Знауыры районы  – 4531, Дзауы  6567 æмæ Ленингоры та  – 4209.

Нæ республикæйы цы 330 хъæуы ис, уыдонæй иууыл фылдæр цæрджытæ ис Ленингоры районы Икъортайы хъæуы  596, Цхинвалы районы хъæутæ Гудзабары  – 894, Къостайыхъæуы  863, Дменис – 942 æмæ Тъбеты хъæуы та –  648 адæймаджы.

Дзауы районы æдзæрæг хъæуты нымæц у – 17, Знауыры  – 5, Ленингоры – 5 æмæ Цхинвалы районы  – 13.

Цæрджыты æппæт иумиаг сфысты фæстиуджытæм гæсгæ нæ республикæйы цæрджыты астæуккаг кар у 40-41 азы. Æвзонг адæймæгтæ фылдæр цæры Цхинвалы. Сæдæ азы æмæ уымæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм адæймæгтæ та нæм 6, се ‘ппæт дæр сты сылгоймæгтæ.

Бирæ æндæр ахæм цымыдисон факттыл дзырд цыдис пресс-конференцийы рæстæджы.

Уый фæстæ Паддзахадон статистикон управленийы сæргълæууæг æмæ йæ хæдивæг журналистты фарстытæн лæвæрттой дзуаппытæ.

Журналисттæ цымыдис кодтой, зæгъгæ,  цæрджыты ахæм æппæтиумиаг сфыст цас рæстæгæй, рæстæгмæ хъуамæ уагъд цæуа. Уыдон райстой дзуапп: дæс азы иу хатт.

Хъæууонхæдзарадон сфыст та нæм уагъд кæд хъуамæ æрцæуа. Уый тыххæй та Тыбылты Инал загъта, зæгъгæ, уал хъæуы закъоныл бакусын æмæ йæ райсын, стæй та нормативон гæххæттытыл бакусын.

Журналисттæ ма ацы бон цымыдис кодтой ноджы бирæ æндæр фарстатæм дæр æмæ райстой æмбæлон дзуаппытæ.

Мадзалы хайадисджытæ ма иу уысм æмырæй алæууынæй ссардтой   дзæнæтыбадинаг Бæззаты Тенгизы рухс ном, кæцы стыр хайбавæрд бахаста республикæйы цæрджыты æппæтиумиаг сфыст ауадзыны хъуыддагмæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.