Хъотайты Æхсар хъæуы райгуырд æмæ схъомыл æмæ йæ уырдыгæй никæдæм уал ахаста йæ къах. Æцæг, скъолайы ахуыры азты фæстæ сæрмагонд ахуырдзинад райста æндæр рæтты, фæлæ уыдон дæр баст уыдысты, сомбоны хъæууон цардимæ. Ам, нæхимæ бацыд хъæууонхæдзарадон техникуммæ, каст æй куы фæци, уæд æм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Йе ‘мбæстагон хæс намысджынæй ахицæн кæныны фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн къуыммæ æмæ та дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Гуырдзыстоны районтæй сæ иу – Цъалкъайы техникуммæ æмæ уый дæр каст фæци æнтыстджынæй. Фæлæ ууыл дæр не ‘рлæууыд. Ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны хъæууонхæдзарадон институты зоотехникæйы факультетмæ. Каст æй куы фæци, уæд райдианы куыста ветфельдшерæй, 2003 азæй фæстæмæ та у Знауыры районы сæйраг ветдохтыр æмæ уыцы азты дæргъы йæ куыст æххæст кæны цæсгомджынæй, коллективимæ æнæзивæгæй æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ. Йæ дæлбаруæвæг кусджытæм ын ис хорз ахаст, зонынц, сæ разы цы скъуыддзаггæнинаг хæстæ фæлæууы, уыдон æмæ фæархайынц æвæстиатæй сæ ахицæн кæныныл. Фосæн вакцинацитæ аразынц рæстæгыл æмæ сæ нысан вæййы, цæмæй иу кæнæ иннæ низæй уой хызт.

Коллективы æдæппæт фæллой кæны 18 адæймаджы, уыдонæй цæрджыты фосы æнæниздзинадыл аудынц 15. Хъотайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй сæ районы æдæппæт стуртæ ис 540 бæрц, ис дзы, фыстæ, хуытæ, хæдзарон мæргътæ чи дары, ахæм бинонтæ дæр. Цæмæй фос æнæниз уой, хызт уой алыгъуызон низтæй, ууыл ацы азы райдианæй фæстæмæ архайы ветперсонал æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Ацы бонты æрранизы ныхмæ вакцинацитæ арæзт фесты стуртæ æмæ фыстæн, афтæ ма куыйтæ æмæ гæдытæн дæр. Уымæй дарддæр фаднизы ныхмæ дæр фосæн райдайдзысты судзинтæ аразын. Хуынизы ныхмæ дæр бакуыстой хорз æмæ сын вакцинацитæ арæзт æрцыд дыууæ хатты. Бруцеллезы низы тыххæй систой туджы анализ, фæлæ лабораторийы сбæрæг, ахæм низæй районы фос кæй не сты рынчын.

Районы ис, дзæвгар фос чи дары, ахæм цæрджытæ æмæ фермерон хæдзарадтæ дæр. Зæгъæм, иууыл фылдæр хæдзарон фос дарынц Бехъмары хъæууон ветеринарон фадыджы. Уыдон æнæниздзинадыл цæсгомджынæй кусы йæ хъуыддаджы дæсны Козаты Зауыр, хорз ма кусы æмæ цæрджыты домæнтæ æнæзивæгæй æххæст кæны Балтайы хъæууон фадыджы ветфельдшер Зассеты Дауыт æмæ æндæртæ. Бирæ фос чи дарынц, уыдоны нымæцы сты Хæрисджыны хъæуы цæрæг Козаты Ушанг, ис æм 40 стурмæ æввахс, Бехъмары хъæуæй Козаты Юри – 10 стуры, фермертæ Багаты Æхсар, Мамиты Альберт Убиатæй æмæ æндæртæ.

Хуыбиаты Н.            

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.