Фӕстиуджытӕ арӕзт ӕрцыд, Цхинвалы районы фермерон хӕдзарадты фосдарджытӕ цы куыст бакодтой, уыдонӕн. Статистикон хайады фӕстаг зонӕнтӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй хӕдзарадты ӕдӕппӕт нымадӕуы 381 стуры, уыцы нымӕцы хъуццытӕ сты 194. Иууыл фылдӕр стуртӕ дары «Арцеу»-ы хӕдзарад ӕмӕ йӕм ис 107 сæры, уыцы нымӕцы хъуццытӕ сты 44. Стурты нымӕц фылдӕр кӕмӕ у, уыдон нымӕцмӕ ма хауынц «Тын»-87, уыцы нымӕцы хъуццытӕ – 53, «Алан»-ы хӕдзарадмӕ ис 50 сæры, уыдонӕй хъуццытӕ – 32, «Цъунар» Лохы фырт – 26 сæры, «Тъбет»-ы – 21 сæры ӕмӕ афтæ дарддæр. Хӕдзарадты уал родтӕ ӕдӕппӕт нымадӕуы 152, уыцы нымӕцы «Тын» – 60 сæры, «Алан»-ы – 25 сæры, «Арцеу»-ы – 23 сæры ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Лыстӕг фосдарды куыст районы кӕны ӕрмӕстдӕр «Алан»-ы хӕдзарад ӕмӕ йӕм абоны онг нымадӕуы 350 фысы. Зӕгъын хъӕуы, хӕдзарадӕн йӕ цот кӕй сты фылдӕр, ома йӕм уӕрыччытӕ ис 400 ӕмӕ фӕлхасгӕнджытӕн уӕй та акодта 880 сӕры. Ацы  фермерон хӕдзарады ма мӕргътӕ ис 50 ӕмӕ бӕхтӕ та – 6. Маргъдарды куыст ма кӕны «Виктория» ӕмӕ сӕ нымӕц у 100. Районы ма ис, кӕсаджы куыст чи кӕны, ахӕм дыууӕ хӕдзарады – «Форель» ӕмӕ «Океан».

Ацӕугӕ аз районы хӕдзарадтӕ фӕззыгӕнд мӕнӕу иууыл иумӕ байтыдтой 107 гектары ӕмӕ уыцы фӕзуат иууылдӕр ӕфснайд ӕрцыд. Фӕйнӕ 20 га байтыдтой «Тын» ӕмӕ «Цъунар» Бибылы фырт, фӕйнӕ 10 га та «Аз», «Алан», арендатор Бибылты В.  Ӕмӕ  а.д.  Ӕдӕппӕт хӕдзарадтӕ  банай кодтой 1355 центнеры, уыцы нымӕцы «Тын» – 400 ц, «Алан» – 200 ц, «Икъорта» – 150 ц. Хъӕбӕрхор байтыдтой 8 хӕдзарады 176 гектары ӕмӕ дзы ӕдӕппӕт æркодтой 1774 ц, уыцы нымӕцы Къостайыхъӕуы паддзахадон хӕдзарады арендатортӕ 1160 ц, «Ӕндидзынад» – 112 ц. ӕмӕ а.д. Нартхоры культурӕ фӕйнӕ дыууӕ гектары байтыдтой Къостайыхъӕуы хӕдзарад ӕмӕ «Сӕуӕхсид» Ӕлборы фырт, ӕдӕппӕт сӕ банай кодтой 80 ц. Хъӕдур иу гектары байтыдта «Икъорта»-йы хӕдзарад ӕмӕ дзы тыллӕг ӕркодта 10 ц. Сысджы байтыдтой Къостайыхъӕуы хӕдзарады арендатортӕ 5 гектары, «Тъбет» – 26 га, «Сӕуӕхсид» – 9 га, «Аз»-8 га, «Икъорта»та иу гектары ӕмæ сӕ ӕдӕппӕт бафснайдтой 207 ц.

Ацы азы тыллӕгӕрзадӕн уал иуӕй-иу хӕдзарадты мӕр афӕлдӕхтой 251 гектары, уыцы нымӕцы «Тъбет» – 35 гектары, «Аз» – 24, фӕйнӕ 20 гектары «Алан», «Тын» ӕмӕ Гаглойы фырты фермерон хӕдзарадтӕ. Фӕззыгӕнд мӕнӕу байтыдтой «Тъбет»-ы хӕдзарад 10 гектары, «Алан» – 20, «Аз» – 5 гектары, «Цъунар» Бибылы фырт – 10 гектары ӕмӕ арендатор Бибылты В. та 14 гектары.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.