Ирыстоны хуссар хай ивгъуыд æнусы цалдæр хатты баййæфта æфхæрд гуырдзыйы меньшевикон хицауадæй æмæ фашистон ар-хайдтытæй. 1920 азæй райдыдта ирон адæмы геноцид.

1920 азы 20 июны нæ горæтмæ æввахс Згъудеры къуылдымыл фехстой, ирон адæмы сæрибардзинады сæрыл сæ сæртæ нывондæн чи æрхаста, уыцы 13 коммунары. Уыцы хъайтарты ном арынæн 97 азы фæстæ ацы бынатмæ, сæ номыл мемориалон цырты размæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, хицауады бæрнон кусджытæ, Парламенты депутаттæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Мемориалон цырты раз Президент Бибылты Анатолийы номæй æвæрд æрцыд венок. Мадзалы хайадисджытæ дидинджытæ сæвæрдтой æмæ сæркъулæй ссардтой, меньшевикты къухæй чи фæмард сты, уыцы 13 коммунары рухс нæмттæ.

Мадзаламонæг Кокойты Елиоз æрсидт æрæмбырдуæвджытæм, ирон адæммæ, республикæйы къухдариуæгадмæ, цæмæй ацы цырты раз нæ адæм  арой ацы хъæбатыр коммунарты нæмттæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ ныхасы афтæ радзырдта:

– Ирыстоны дыууæ хайы ахæм трагикон цаутæ æрцыдысты уый тыххæй, æмæ ирон адæмы сæ зонгуытыл лæууын никуы фæндыд. Ирон адæм алы хатт дæр сæрбæрзонд кæй уыдысты сæ историйæ, сæ нацийæ, сæ ахастæй, уый тыххæй сæ куынæг кодтой æмæ æппæтдæр арæзтой, цæмæй нын сомбон мауал уа. Æмæ Ирыстонæн цас фылдæр уæззау-дзинæдтæ арæзтой, уыйас тыхджындæр кодта.

Абон кæй тыххæй æрæмбырд стæм, уыдон дæр йæ рæстæджы сæ сæр не ‘ркъул кодтой, сæ зонгуытыл не ‘рлæууыдысты знаджы раз. Кæд сын сæхи къухтæй ингæн къахын кодтой, уæддæр ууыл дæр не сразы сты. Уымæн æмæ сæхи сæрыстыр ирæттыл нымадтой, уымæн æмæ сæ хъæбатырдзинад сæ уæнгты ‘хсыст. Ахæм цæвиттонтæ хъусгæйæ сæ фæстагæттæ – мах, фидæны фæлтæртæ хъуамæ сæрыстыр уæм, уымæн æмæ уыцы 13 коммунары сæ цард радтой мах сæрибар сомбонæн, цæмæй мах æнкъарæм, знаджы раз нын зоныгуылæй лæугæ кæй нæу.

Бæстæйы сæргълæууæг æрсидт æмæ бахæсджын кодта, зæгъгæ, махæн нæ хæс у, цæмæй сын сæ ном ма рох кæнæм, кад сын кæнæм, сæ ном сын дæлæмæ макуы æруадзæм æмæ Ирыстоны размæ кæнæм.

«Не знæгтæ æнусты дæргъы архайдтой ирон лæджы сæрыстырдзинад дæлдзиныг кæнынмæ. Æмæ уыцы сæрыстырдзинад мах рахастам суанг сæрмæттæй, скифтæй, алантæй, ирæттæй. Æмæ фæндвидардзинад кæй æвдыстам, уымæн æвдисæн у 1989-92 азты нæ истори дæр. Уыдон ныхмæлæууынады азтæ нæ уыдысты, фæлæ уыдысты ирон адæмы Фыдыбæстæйон хæсты азтæ. Уый фæстæ – 2004 аз, 2006 аз æмæ 2008 аз. Уыцы азтæ махæн ахастой нæ адæм, нæ фæсивæдæй бирæты цард. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах нал фæнды, æмæ ма ацы цаутæ фæлхатт цæуой. Мах алкæимæ дæр цæрын фæнды кæрæдзиæмбаргæйæ æмæ сабыр уавæрты.

Хъæбатырдзинад æмæ сæрыстырдзинады символ махæн у, абон цы цырты размæ æрæмбырд стæм, уый. Нæ бæстæйы территори нын йæхи бакæнынмæ чи хъавыд, уыдонæн хъуамæ æмбæрст-гонд уа, уымæн æрцæуæн кæй никуы уыдзæн.

Хуссар Ирыстон размæ цæудзæн æмæ нæ рæзгæ фæлтæр хъомыл кæндзысты сабыр уавæрты. Мах хæс та у фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттын нæ фыдæлты хъæбатырдзинады кадджын дæнцæгтæ. Æмæ сæйраг – цæмæй цæрæм, уый тыххæй сæ хъуамæ хъуыды кæнæм», – банысан кодта, Бибылты Анатоли.

Историк Пухаты Къоста мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта, ацы цырт кæй номыл арæзт æрцыд, уыдоны хъæбатырдзинадимæ: сæ удуæлдай тохы:

– 13 лæппуйы коммунартæ цæмæн схуыдтой, кæд æмæ сын коммунартимæ æппындæр ницы иудзинад уыд, уæд? Уый дзурæг у ууыл, æмæ махæн нæ национ сæрибардзинад революцийы сæрыл тох радтой иумиаг тых Ирыстоны историйы æмæ сын дихгæнæн нæй. Уымæ гæсгæ ацы 13 лæппуйæн фæстæдæр  лæвæрд æрцыд коммунарты ном.

Ацы 13 коммунарæй бирæты мæнгардæй æрсайдтой Цхинвалмæ, Уалыты Никъала уыд иу-уыл æвзонгдæр, æххæстæй йыл 17 азы дæр нæма цыд, афтæмæй бахауд се ‘хсæн.

12 июны гуырдзы горæтмæ куы æрбатыдтой, уæд цагътой нæлгоймаг цæрджыты. Уый уыд комкоммæ геноцид. Ацы мæгуыр адæмы та иугай æмбырд кодтой æмæ сæ зæронд хидмæ æввахс бæстыхайы ныккæнды бакодтой. Уыдонæй бирæтæ уыдысты нымыгъд, уымæн æмæ истори уый нæ хъуыды кæны, æмæ ирон лæг хæсты быдыры йæхи искуы радта уацары кæнæ бамбæхса.

Гуырдзыйы меньшевиктæ уыцы 13 лæппуйы уым фæдардтой иу къуыри, уый фæстæ сæ æмæхсæвæджы ракодтой Згъудермæ нæмгæ æмæ бастæй. Бастæй дæр ацы хъæбатыр лæппутæй кодтой тæрсгæ æмæ сæ сайдтой, зæгъгæ, Гурмæ уæ кæнæм ахæстонмæ. Иугæр куы схæрд кодтой къуылдымыл, уæд бамбæрстой, кæдæм сæ кæнынц, уый.

Сæхицæн сын ингæнтæ къахын кодтой, фæлæ уый сæ сæрмæ не схастой 13 лæппуйы. Бынаты сæм æнхъæлмæ кастысты сауджын Алекси Хъванчахадзе æмæ дохтыр Вацлав Херш, цæмæй сын сæ тæригъæдтæ суадзой æмæ сæ амæлæт хынцыд æрцæуа.

Гуырдзыстоны гвардион дæлхæйттæй скодтой Згъудермæ цалдæры, уыдон дæр не сразы сты уæлмæрд къахыныл. Æмæ стæй та скодтой бынæттон цæрджыты, чи дзы сомихаг уыд, чи – æндæр нацийы минæвар æмæ сын æхсæнгæрзты хъæдтæй нæмгæ скъахын кодтой ингæн,  уæдмæ бон дæр сцъæх.

Дыууæ рæнхъыл слæууын кодтой 13 лæппуйы. ДжиотыАндрей сын мæлæты размæ афтæ дзырдта: «Мах цæгъдут, фæлæ уын ирон адæмы скуы-нæг кæнын нæ бантысдзæн. Нæ сæрибардзинад нын нæ байсдзыстут! Æрцæудзæн бон æмæ мах фæуæлахиз уыдзыстæм, уымæн æмæ нæ фæстæ растдзысты мингай адæм!»… Фыццаг нæмыг сæмбæлд ууыл.

Коммунартæй иууыл æвзонг Никъала уый куы федта, уæд хъæды алыгъд. Басырдтой йæ, йæ фæскъæбут ын фехстой æмæ йæ бæхыл бабастой, ‘рластой йæ æмæ йæ иннæты цур баппæрстой.

Ацы æбуалгъ хъуыддаг аразджытæн хатыр не ‘рцыд ацы æнæраст ми, уый фæстæ сæ мæлæт ссардтой фыдæхæй. Хъыгагæн, се ‘хсæн уыд ирæттæ дæр, уыдоны хуыдтой ирон национ уæйгæнджыты символ.

Историон цæстæнгасæй 1920 аз уыд ирон адæмы геноцид, 13 коммунары фехсыны цау та ссис историйы иууыл хъыгагдæр фæрстæй сæ иу.

Ирон адæмæй рох нæу нæ адæмы æнусон геноцид. Ахæм мадзæлттæн та ис стыр хъомыладон æмæ  политикон нысаниуæг æмæ йæ бæрзонд хъуамæ дарæм, – банысан кодта Пухаты Къоста.

13 коммунарыл æнæхъуаджы нæ кодтой зарджытæ нæ фысджытæ, сæ хъæбатырдзинадыл ныффыстой уацмыстæ, скодтой сыл нывтæ. Уыдон уыдысты: Уалыты Данел, Уалыты Никъала, Цхуырбаты Кышыл, Цхуырбаты Тотыр, Котолиты Никъала, Джиоты Андрей, Ходты Пашка, Гобозты Соскъо, Тедеты Иван, Дзеранты Буту, Джиголаты Резо, Джиголаты Саша, Куымæриттаты Гиго.

13 коммунары нæмттæ, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау сæхи нывондæн чи ‘рхастой, уыцы хъæбатыр лæппуты рухс нæмттæ цæрдзысты нæ зæрдæты.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.