Кæд бæрцæй цалдæр боны йеддæмæ нæ ахаста 2008 азы августы хæст, уæддæр йæ дæрзæг фæд ныууагъта куыд нæ адæмы зæрдæты, афтæ нæ горæтæн йæхиуыл дæр. Иу бæстыхай  дæр æвыдæй нæ аирвæзтис, чи дзы пырх ныццис, кæй та бахъуыдис капиталон цалцæг скæнын. Æмæ кæд уыцы хæстæй 9 азы бæрц рацыд æмæ пырх хæдзæртты бæсты сырæзтис ног хæдзæрттæ, сырæзтысты æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ, хæрзарæзт цæуынц фæндæгтæ, уынгтæ, уæддæр нын нырма дæр сты æндидзæн азтæ. Уымæн æмæ афтæ бирæ уыдысты уыцы пырх æмæ дæрæн хæдзæрттæ, æмæ сыл нæма аххæссыдысты куыд нæ республикæйы разамынад, афтæ сæ хицæуттæ дæр.

Нæ горæты цæрæн хæдзæрттæй иууыл тынгдæр чи бахъыгдард ис, уыдонæй сæ иу у Гаглойты Хазбийы уынджы 89-æм фондзуæладзыгон хæдзар. Ацы хæдзар худæвæрдау зыны горæты æрбахизæнмæ – ТЭК-мæ. Æмæ нын нæ горæт уырдыгæй цы алыгъуызон хæцæнгæрзтæй æхстой, уыдонæй нæ аирвæзтис ацы хæдзар дæр. Иу стæм фатерæй дарддæр иннæтыл ихуарæгау кодтой нæмгуытæ. Фæлæ 25-æм фатермæ, 4-æм уæладзыгмæ стыр рæмудзæн нæмыг «Град» куы бахауд, уæд нынкъуыстис бындзарæй ацы хæдзар. Фатер спырх æмæ йæ сæрмæ 5-æм уæладзыджы цы фатер уыд, уый уæлдæфы ауыгъдæй аззад. Ныр нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы бахæсмæ гæсгæ арæзт цæуы ацы фатер. Кусджытæ йæм æрæвнæлдтой аразынмæ. Фыццаг уал ын сфидар кодтой йæ балкъæттæ, стæй йæ ссыгъдæг кодтой, цы рæмудзæн схъистæ дзы баззадысты абоны бонмæ, уыдонæй. Самадтой хатæны гæрæн къултæ. Къултæ сæрст куы фæуой, уæд та æрæвналдзысты астæрд лæгъз кæнынмæ, кафель æвæрд æрцæудзæнис хинайæны, хатæны къултыл бандадздзысты æндадзæнтæ. Иу ныхасæй, æппæт мидæггагон куыстытæ дæр бакæн-дзысты æмæ цæттæ уыдзæн, цæмæй дзы ногæй æрцæрой бинонтæ.

Тындзынц кусджытæ хæдзары куыстытыл, цæмæй сæ хицæуттæ сæ Ног азыл сæмбæлой сæхи хæдзары. Хæдзары хицау Кæркуысты Мзия куыд загъта, афтæмæй 9 азы дæргъы, уыдон сæ бонтæ фервыстой æххуырст хатæны дыууæ сывæллонимæ.

Ныр нæ бæллиц сæххæст. Сфæлмæцыдыстæм адæмы хæдзæртты рахау-бахауæй. Зын у æд сывæллæттæ æххуырст къуымты цæрын. Фæлæ цы гæнæн уыд. Уæдæй ардæм хъаст кодтам алы инстанцитæм дæр, фæлæ нæ тæригъæд никæмæ бахъардта, никæй бафæндыд нæ тыхст уавæр нын фенын. Ныр ацы проблемæ аскъуыддзаг нæ Президент Бибылты Анатолийы руаджы. Уымæн фембæлд уыд, нæ горæты цæр-джытæй кæй хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдонимæ. Мæ уавæр мын базонгæйæ, уый бахæс кодта æмбæлон кусджытæн æмæ нын æрæвнæлдтой нæ хæдзары арæзтадмæ. Адæймагæн сæйраг у хæдзар æмæ ма нæ хæдзары къæсæрæй искуы бахызтаиккам, уый ныфс нæ нал уыд æмæ нæ Президентæн зæгъæм стыр бузныг», – загъта Кæркуысты чызг.

Æмæ та уæдæ рæхджы ноджыдæр иу хæдзары бинонтæ бауыдзысты сæ фатеры хицау æмæ сæ Ног азыл æмбæлдзысты зæрдæрайæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.