Ирон адæмæн гуырдзиаг меньшевиктæ фыццаг геноцид 1920 азты кæй сарæзтой, ууыл дзурæг сты уыцы азты трагикон цаутæ се ‘ппæт дæр. Уæд дæр ирон адæм бахаудтой тынг уæззау уавæры. Гуырдзиаг меньшевиктæ æнæауæрдонæй мардтой ирон адæмы, уæлдай сын нæ уыд фæнды сывæллон, фæнды сылгоймаг кæнæ зæронд адæймаг. Фæнык фестын кодтой 47 ирон хъæуæй фылдæр. Ирон адæмæй бирæтæ та бамбæхстысты хъæдты. Фæстæдæр уыдоныл сайдæй разылдысты гуырдзиаг лæгмартæ, ома, зæгъ, раздæхут уæ цæрæнбынæттæм, ничи уын ницы кæн-дзæн. Лæгмартыл чи баууæндыд æмæ-иу йе ‘мбæхсæн бынатæй чи рахызт, уыдоны-иу уайтагъд фехстой. 50 мин адæймагæй фæлыгъдысты Цæгатмæ хæхтыл, уыдонæй фæндаджы уæззау уавæртæм гæсгæ фæмард тынг бирæ, лигъдæттæ мардысты æххормагæй, уазалæй æмæ сыл низ кæй сыстад, уымæ гæсгæ дæр. 20-æм азты тæссаг нывтæ мысгæйæ, адæймаджы зæрдæ фæцæйтоны. Куыд уынгæджы хъуамæ уы-даид ныййарæг мад, цæмæй йæ сабийы къутæры бын ныууадза ахæм хъуыдыйæ, ома, йæ чизоны исчи аирвæзын кæна.

1920 азы 20-æм июнь ирон адæмы историйы баззад æнустæм. Уыцы бон гуырдзиаг лæгмартæ фехстой æмæ æрдæгмæрдтæй баныгæдтой 13 коммунары. Зæгъæн ис афтæ, æмæ уыдон кæй фæцагътой Хуссар Ирыстоны разагъта адæймæгты, раззагон интеллигенцийы минæвæртты. Райсом, 20-æм июны уыцы трагикон историон боныл æххæст кæны 101 азы, фæлæ цас фæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр ирон адæмæй  макуы  хъуамæ ферох уой нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгты сырдон митæ. Уыцы уæззау рæстæджыты гуырдзиаг меньшевиктæ цуан кодтой ирон адæмы хуыздæртыл. Ирæттæ компактонæй горæты цы районты цардысты, уырдæм-иу æнæнхъæлæджы фæмидæг сты æрдæгæхсæвты дæр æмæ афтæмæй ахстой æмæ цагътой ирон адæмы хуыздæр фыртты. Июны мæйы карз тохтæ цыдысты  горæты уынгты. Хъуылаты Созырыхъо йæ радзырд «Æртындæсæй иумæ»-йы фыссы: «Дысоны къæвда Чъребайы уынгтæ ныхсадта. Баззадысты йын æнæхсад æрмæст туджы лæсæнтæ, зноны хъазуат хæсты туджы лæсæнтæ. Уыдон афтæ æнцон æрæхсæн нæ уыдысты. Уæд æрцахстой æмæ уацары акодтой ныхмæлæуды активон хайадисджытæй 13 адæймаджы æмæ сæ бакодтой зæронд хидмæ æввахс цыдæр ныккæнды. 20-æм июны æхсæвы 3 сахатыл уыдоны ‘ркодтой ныккæндæй æмæ сæ нæмгæ-нæмгæ, тугкалгæ акодтой горæты скæсæнырдæм. Куы сæ бафарстой, ома, сæ кæдæм кæнут, уæд сæ дзуапп уыд, зæгъгæ, сæ кæнæм Гуры ахæстонмæ. Фæлæ уацайрæгты скодтой Згъудермæ. Уым уыдысты дохтыр Вацлав Херш æмæ сауджын Алекси Кванчахадзе. Уым фехъусын кодтой, зæгъгæ, коммунартæн рахастой æхсты тæрхон. Уацайрæгтæн сæхицæн къахын кодтой ингæнтæ, фæлæ уыдон не сразы сты æмæ сæ райдыдтой фыднад кæнын. Уæд уыдон Цхинвалæй ракодтой цалдæр бынæттон цæрæджы æмæ сын скъахын кодтой уæрм, цалынмæ уыдон уæрм къахтой, уæдмæ æрбабон. Гуырдзиаг гвардийы дæлхай конд уыд тбилисаг кусджытæй æмæ уыдон куынæ сразы сты сæ фехсыныл, уæд уыцы «куыст» бакодтой Гогия Касрадзе, Лохты Артем æмæ бынæттон меньшевикты минæвæрттæ. Уацайрæгты æрлæууын кодтой дыууæ рæнхъыл. Уыдонæй сæ иу Дзауы районы Моргойы хъæуккаг Джиоты Андрей бахатыд меньшевиктæм, цæмæй фыдракæнд  ма  саразой, фæлæ йæм хъусгæ дæр нæ бакодтой. Æрсидт ма фæстаг хатт йæ адæммæ: «Æмбæлттæ, чысыл фæстæдæр мах нал уыдзыстæм. Абон нæ иумиаг знæгтæ мах цæгъдынц. Фæлæ мах амарынæй кусæг къласы скуынæг кæнын сæ бон нæ бауыдзæн. Мах фæстæ сæ ныхмæ ралæудзæн минтæ, æмæ уæд додой сæ къона! Мах разы стæм мæлæтыл, æрмæст уæлахиз уæнт кусæг адæм…». Чизоны ма йæ ноджы цыдæр ныфсы ныхæстæ зæгъын фæндыд йæ радтæг адæмæн, фæлæ уæдмæ райхъуыстысты æхсты хъæртæ. Мæ фыд Александр Андрейимæ иу хъæук-кæгтæ уыдысты, æмæ йын йæхи дæр æмæ йæ ныййарджыты дæр хорз зыдта, кæд сæ  кæстæр уыд, уæддæр, æмæ-иу мын арæх кодта Андрейы хорзы кой. Уый, дам, уыд тынг хорз, раст æмæ зондджын адæймаг. Куыста ахуыргæнæгæй. Куы, дам, æй фехстой, уæд ма, дам, уый йæ фыртæвдæй алыгъд иу цалдæр метры, фæлæ, дам, æй бæхыл баййæфта йæ адæмыл гадзрахатæйрацæуæг Лохты Артем æмæ йæ бæхы къæхты бын фæкодта. Арæх-иу мын кодта Дзриайы хъæуккаг Котолиты Никъалайы хорзы кой дæр. Фæлæ сæ, хъыгагæн, иууыл нæ бахъуыды кодтон.

Уæдæ бæрæг куыд у, афтæмæй 1920 азты дæр ирон адæм гуырдзиаг фашистты аххосæй къаддæр уæззау рæстæджытæ нæ арвыстой æмæ ирон адæм макуы хъуамæ ферох кæной уыцы тугæйдзаг азты цауты дæр, хъæуы сыл арæхдæр фыссын. На-уæд, кæддæр нæ фæстагæттæ ферох кæн-дзысты 1989 -2008 азты ирон адæмæн гуырдзиаг лæгмартæ цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыцы цауты тыххæй. Фæстаг цалдæр азы Згъудеры  13 коммунары цырты раз мысæн мадзæлттæ уагъд кæй æрцæуынц, уый у хорз хъуыддаг. Æрвылаз дæр ацы цауы тыххæй мысын хъæуы, куыд Зары æмæ Ереды трагедитæ, афтæ.

Æрæмысæм ирон адæмы хъæбатыр фыртты рухс нæмттæ: Джиоты Андри, Цхуырбаты Тотыр æмæ Кышыл, Котолиты Никъала, Уалыты Данел æмæ Никъала, Тедеты Иван,  Дзеранты Бутъу, Гобозты Соскъо, Джиголаты Резо æмæ Сашæ, Ход-ты Пашкæ, Куымæридтаты Гиго. Æнусон кад сымахæн, Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады бындур æрæвæр-джытæ!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.