Азтæ, азтæ… Адæймаджы кадджын-тыхджындæр сымах кæнут æмæ йын йæ тых дæр сымах исут… Дугъон бæхтау размæ згъорут, æвзонгад уемæ скъæфут æмæ уæ фæдыл джихæй баззайы адæймаг… Рацыд 30 азы 1992 азы æндыгъд сæрды мæйтæй. 30 азы та цъус не сты, цæмæй иу чысыл уæддæр айрох уой, уыцы мæйты, бонты трагикон цаутæ, фæлæ та радгай цæстыты раз слæууынц. Мысынад гранитæй тыхджындæр у…

Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдыл лæууынц, 1992 азы июнь-июлы мæйты сæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ, хъæбатырæй цы ирон лæппутæ фæмард сты, уыдоны рухс нæмттæ. Уыдонæн сæ уарзон  Ирыстоны сæрвæлтау се ‘взонг удтæ куы аскъуыдысты, сæ туджы мæцгæйæ зæххыл хаудæй куы лæууыдысты, сæ царды плæнттæ æрдæгыл куы банцадысты, уыцы бонтæй рацыд 30 азы, фæлæ уæддæр сæ мысынад не ‘хсæн цæры æмæ цæрдзæн æнустæм ирон адæмы зæрдæты. Хъайтартæ нæ мæлынц, хъайтартæ æнæмæлгæ сты. Нæ горæты уынгты цæугæйæ, хатт адæймаджы зæрдæ йæхи риуы къултыл бахойы – уæртæ уыцы лæппу «Басмачы хуызæн куыд тынг у, уæртæ уыцы лæппуйæн та Михайленко Сашайы хуры хуызæн цæсгом куы ис, мæнæ ацы лæппутæ та Остъаты хъæбатыр æфсы-мæртæ Олег æмæ Аланы, Санахъоты Мерабы хуызæн куыд тынг сты. Мæнæ ацы лæппу та Санахъоты Гришикау куыд бæрзонд у. Фæлæ та уæззау æцæгдзинадыл ахъуыды кæнгæйæ зæрдæ уæлдай рыст скæны, цæссыгтæ та фемæхсынц…

1991-92 азты тынг уæззау дуг ныккодта хуссарирыстойнаг адæмыл. Адæймаг бонæй-бон цыфыддæр хабæрттæ хъуыста, бонæй-бон æвзæрдæр кодта нæ цард, бонæй-бон фылдæр кодта гуырдзыйы амæттæгты нымæц… Тынг зын ферохгæнæн сты, гуырдзиаг агрессортæ Хуссар Ирыстоны зæххыл цы сырдон митæ фæкодтой, уыдон. Нæ лæппутæ та ахæм тыхджын æхстыты бын хъæбатырæй лæууыдысты знаджы ныхмæ. РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд нысаниуæджы къордæн уыд æртæ взводы. Ацы æртæ взводы лæппутæ  лæууыдысты ныхмæлæуды иууыл тæссагдæр бынæтты.

1992 азы июнь-июлы фæмард тынг бирæ адæм, цæфтæ та фесты дæсгай адæймæгтæ. Мæнæ ацы æдзард лæппутæ сæ цард нæ бавгъау кодтой сæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, Ирыстоны, ирон адæмы рæсугъд фидæны сæраппонд: Æлборты Алан, Багаты Эрик, Бесаты Юри, Бестауты Аслан, Джиоты Владик (Басмач), Джиоты Маирбег, Джиоты Олег, Гуыбаты Зураб, Дыгъуызты Георги, Къæбулты Ирбег, Кæсойты Тамаз, Кæрчиты Альберт, Чилæхсаты Валентин, Чилæхсаты Рутен, Кокойты Сергей, Лалыты Инал, Остъаты Алан, Остъаты Олег, Пухаты Гурам, Санахъоты Мераб, Сатхъоты Ханджери, Табуты Радион, Тедеты Æхсар, Тедеты Вадим, Туаты Ансер, Михайленко Александр (Саша), Санахъоты Григори, Дзабиты Геннади æмæ бирæ æндæртæ.

1992 азы 7-æм июны Мидхъуыддæгты министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къорды æртыккаг взвод хъахъхъæдта ТЭК-ы районы пост. Взводы сконды уыдысты 17 адæймаджы – Дзабиты Геннади, Сана-хъоты Гришик æмæ æндæртæ. Взводы командир уыд Гуыбаты Зураб. Лæппутæй иууыл кæстæр Санахъоты Гришикыл цыд 17 азы æмæ иууыл хистæрыл та – 30 азы. Уыцы бон 11 сахатмæ æввахс уавæр цæхгæр фендыгъддæр. Райхъуыстысты тыхджын срæмыгъдтытæ, знæгтæ се ‘мбæхсæнтæй взводы позициты райдыдтой æхсын егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй. Æхстытæ не ‘рсабыр сты суанг изæрмæ, лæппутæн горæтимæ цы бастдзинад уыд, уый уайтагъд фесæфт. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхстытæ горæты цæрджытæ дæр хъуыстой æмæ катайы бахаудысты. Адæм тынг тыхстысты, фæлæ цы сæ бон уыд. ТЭК-ы район рыг æмæ фæздæджы бын фæцис, алырæтты дзы сармадзаны нæмгуытæ кæй пырх кодтой, уый фæстиуæгæн.

Дзабиты Геннади службæ кодта Афганистаны æмæ йæм уыд хæстон цæттæдзинад, фæлæ уый фæмард фыццаг. 12 сахатыл минæ спырх йæ цуры æмæ йыл йе схъис сæмбæлд. Йæ туджымæцгæйæ ма йæ Цхуырбаты Вова æмæ Туаты Алан Вовайы зæронд «Москвич»-ыл куыддæрты æрластой рынчындонмæ, фæлæ йын дохтыртæ дæр ницыуал баххуыс кодтой, афтæмæй йе ‘взонг цард аскъуыдис. Йæ хæстон æмбæлтты ныхæстæм гæсгæ, взводы командир Гуыбаты Зураб уыд тынг хъæбатыр æмæ уæндон. Арæх-иу рахызт знæгтæм æргомæй, æмæ-иу сæ афтæмæй æхста. Раст афтæмæй  сæмбæлд знаджы нæмыг йæ сæрыл æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ фæуæд. Зураб уый размæ цард Красноярскы, ахуыр кодта юридикон факультеты, уыдис ын цардæмбал æмæ иу чызг. Фæлæ йæ Райгуырæн бæстæ тыхст уавæры куы бахаудта, уæд Уæрæсейы зæххыл ныууагъта йæ ифтонг цард æмæ æрæздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ, цыран мæрдæнцойад ссардта цæрæнбонтæм.

Лæппутæ сæ командиры фесафгæйæ, æнхъæлмæ кастысты горæтæй æххуысмæ æмæ афтæмæй изæрмæ аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой знагæн, фæлæ сæ хæстон æрмæджытæ фесты. Знæгтæ дзуаппон æхстытæ куынæ уал хъуыстой, уæд  ТЭК-мæ фæзындысты цыппар БМП-ыл. Уыдонæй дыууæ æрбацыд Гуры  ‘рдыгæй æмæ дыууæ та – Присы ‘рдыгæй. Сæ фæстæ та цыдысты танкæтæ. Сырдон æгъдауæй амардтой Санахъоты Гришикы. Йе ‘взонг буарыл ахæм бынат нал баззад, уый æхст æмæ фыднад цыран нæ уыд, фæлæ уæддæр Ирыстоны хъайтар фæстаг сулæфты онг дæр хъæр кодта, «æз ирон дæн», зæгъгæ.

8-æм июны ТЭК-ы Джиоты Владик (Басмач) æмæ йæ хæстон æмбæлттæн гуырдзиаг лæгхортимæ бацайдагъ удуæлдай æнæмсæр тох. Владик уыд тынг æхсарджын адæймаг, тас  цы уыд, уый нæ зыдта, иууылдæр цыд лæппуты разæй. Уыимæ йæм уыд хæстон цæттæдзинад. Уый дæр службæ кодта Афганистаны. Владик йæхæдæг иунæгæй айнæг хохау удуæлдай тохы бацыд дæсгай знæгты ныхмæ æмæ хъæбатырæй фæмард. Гуырдзиæгтимæ уыд, Афганистаны кæимæ службæ кодта, ахæм лæппу æмæ фæстæдæр загъта, зæгъгæ, дам, йæ хæцæнгæрзты иу нæмыг дæр нал уыд, æхста, дам, фæстаг нæмыджы онг. Уый йæ разæй йе знæгтæй бирæйы барвыста. Нæ фæтарст Джиоты цæнгæтфарс лæппу кæд ыл знаджы нæмгуытæ ихуарæгау кодтой, уæддæр. О, цас хъару æмæ цас  тых уыд йе ‘взонг уæнгты, цæфæй дæр йæ ныфс нæ асаст, йæ хæцæнгарзыл фидар хæцыд æмæ фæстаг нæмыджы онг дæр æхста знæгты. 12-æм июны та, йæ райгуырæн Цхинвал хъахъхъæнгæйæ хъæбатырæй фæмард Табуты Ра-дион.

Æрмæст 12 июлы Тамаресмæ æввахс фæмард сты авд ирон лæппуйы æмæ 42 адæймаджы та цæфтæ фесты. Тедеты Æхсар æмæ Дриаты Олег дæр фæ-мард сты уыцы бон. 12 июлæй 13 июлмæ æхсæвы Тамаресы арæныл знаджы нæмыгæй мæлæтдзаг цæф фæцис Тедеты Æхсар. Йæ фæтæн риу нæмыджы раз фидар къулау чи æвæрдта, тæккæ зындæр хæстæ йæхимæ чи иста, уыцы ныфсы мæсыг ныр рафæлдæхт. Æххуысмæ ма йæм бæргæ балыгъд йæ хæстон æмбал, хæрзæвзонг Дриаты Олег, фæлæ уый дæр æдзардæй æрхауд йæ фарсмæ. Дыууæйæ иумæ зынгхуыст фесты, фидауынгæнæг тыхты æрбацыдмæ ма бæрцæй дыууæ боны куыд хъуыд, афтæ. 12-æм июлы снайперы нæмыгæй фæцæф Æлборты Алан. Бæргæ ма йæ аластой Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ, фæлæ йæ цардæй ахицæн 14-æм июлы, Хуссар Ирыстонмæ фидауынгæнæг тыхтæ куы æр-бацыдысты, уыцы бон.

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд арæзт куы æрцыд, уæд Михайленко Саша дæр бацыд ацы къордмæ. Гуырдзиаг фашистты ныхмæ хæцыны æмрæнхъ ма уый куыд дохтыр, афтæ фыццаг æххуыс дæр кодта цæф лæппутæн æмæ сæ ласта республикон рынчындонмæ. Цæф лæппутæй-иу туг кæй бахъуыд, уымæн-иу радта йæхи туг дæр. Сашæйæн йæ бон уыд æмæ соматикон рынчындоны дохтыртæн æххуыс кодтаид, ни-чи дæр дзы хъаст ракодтаид постытæм куынæ цыдаид, уæддæр, фæлæ уый бæсты æппынæдзух дæр уыд æндыгъд бынæтты. Уыцы æлгъыстаджы бон,  дæр, кæд йæ рад нæ уыд, уæддæр йе ‘мбæлтты цур балæууыд æмæ йыл йæ хур цæрæнбонтæм ахуыссыд. Уыд тынг зæр-дæхæлар æмæ æмгаруарзаг лæппу. Æдзух цæттæ уыд тыхст адæймагæн бах-хуыс кæнынмæ. Йæ адæймагон миниуджыты тыххæй йæ тынг уарзтой йе ‘мгæрттæ, йæ ахуыргæнджытæ. Ацы скъолайы историйы ахуыргæнæг, дзæнæттаг Джиоты Венерæ къласмæ бахизгæйæ, куыддæр Сашæйы æнæхин æрттивгæ цæстытæ ауыдта, афтæ йæ схуыдта «Солнечный мальчик» æмæ  нæ фæрæдыд, уымæн æмæ уый йæ цард нывондæн æрхаста Ирыстоны æнæмынæг хуры тыххæй. Знаджы нæмыгæй фæмард Чилæхсаты Рутен. Уый хæцыд Коцты Толикы къорды, хъахъхъæдта Къуернеты бæрзæндты.

Тедеты Вадимы æвзонг зæрдæ та йæ кусынæй æрлæууыд 11-æм июлы Дзæуджыхъæуы рынчындоны. 14-æм июлы йæ æрластой Гудзабары йæ хæдзармæ, стæй йæ уырдыгæй рахастой æмæ йæ баныгæдтой 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты. Вадимы Цхинвалмæ куы æрластой, раст уыцы бон Хуссар Ирыстонмæ æрбацыдысты Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ дæр. Рауад афтæ, цыма Ва-дим йæ фæстаг фæндагыл цæугæйæ, эстафетæ радта фидауынгæнæг тыхтæм, кæцыты æрбацыд ирон адæмæн уыд стыр бæрæгбоны хуызæн. Фæлæ Вадим нал бацин кодта фидауынгæнæг тыхты æрбацыдыл дæр.

Остъаты æфсымæртæ Олег æмæ Алан. О, цас тых æмæ цас хъару уыд се ‘взонг уæнгты ацы дыууæ цардбæллон æвзонг æфсымæрæн. О, Стыр Хуыцау иу дзы истæйы æфсон уæддæр бакъуылымпы кодтаис сæ адзалы фæндагыл куы цыдысты, уæд. Иу дзы уæззау цæфæй рынчындонмæ уæддæр куы бахаудаид, уæд аирвæзтаид мæлæтæй, фæлæ… Кæстæр æфсымæр Аланæн рацæрын бантыст æрмæстдæр 19 уалдзæджы æмæ хистæр æфсымæр Олегæн та æрмæстдæр – 25 уалдзæджы.

Нæ  бафсæстысты сæ уарзон Ирыстоныл цин кæнынæй, нæ сын бантыст, сæ цард нывондæн цæй тыххæй æрхастой, уыцы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад æрæййафын, хæдбар Ирыстоны рацæрын.

Æнæмæлæтæн кардзинад нæй. Ацы хъайтартæ æвзонгæй се ‘нусон бæстæм кæй аивгъуыдтой, уый фæстиуæгæн сын сæ фæлгæндзтæ мысгæйæ сæ цæсгæмттыл никуы фендзыстæм кары æнцъылдтытæ, нæ мысынады цæрæнбонтæм баззадысты æвзæнгтæй. Æрвылаз дæр июнь-июлы мæйты æрбалæудимæ цæстыты раз сыстынц кæрæдзийы фæдыл уыцы азты тугæвдылд цаутæ, кæй зыдтам æмæ кæй нал уынæм, нæ хæствæллад горæт-хъайтары  уынгты кæуыл нал æмбæлæм, æгъатыр мæлæт кæй ахаста, уыдоны цæсгæмттæ. Цас уыдысты, цас! Фылдæр æвзæнгтæ, йæ цард нырма æнæхъæнæй дæр разæй кæмæн уыд, ахæмтæ. Цы ракодтой Хуыцауы раз æмæ кæй æлгъаг къухæй фæмард сты, уыцы знæгты раз дæр? Мур дæр ницы. Æрмæст уарзтой сæ райгуырæн бæстæ, нæ сæ фæндыд цагъарæй искæйы къæхты бын цæрын. Фæлтау мæлæт хуыздæр! Афтæ хъуыды кодтой уыцы сахъгуырдтæ. Абон уый æппæт сахъ лæппутæ, амæй-ай хуыздæртæ Ирыстонæн сæрæгас куы уыдаиккой, уæд не ‘взонг республикæйы хъуыддæгтæ бирæ хуыздæр уаиккой. Уыдонæн сæ фылдæр æвæстаг фесты. Уадз, сæ тæригъæд æфтыд фæуæд нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгты фæстæ, Хуыцау сын ма ныббарæд, ирон адæмæн цас маст, цас хъизæмæрттæ æрхастой, уыдæттæ.

Абон мæ уацы, не скодтон фæмардуæвджытæй алкæйы кой дæр,  бæрæггæнæнтæ мæм  кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æмæ сын сæ бинонтæй  дæр æмæ сæхицæй дæр курын хатыр. Мах иууылдæр хæсджын стæм, цæмæй абон Ирыстоны сабыр арвы бын кæй фæрцы цæрæм, уыцы лæппуты ма рох кæнæм æмæ сын кад кæнæм, уымæн æмæ уыдон сты нæ дуджы æцæг хъайтартæ. Абон мах уыдоны фæрцы цæрæм сабыр цардæй, аразæм нæ сомбоны плæнттæ, хъомыл кæнæм нæ сывæллæтты, цæуæм нæ куыстытæм… Стыр бузныг уын, Ирыстоны хъайтартæ! Рухсаг ут ноджыдæр!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.