Микрорайон «Хурзæрин» ис Цхинвалы цæгатгæрон. Ам 2008 азы хæсты фæстæ сæ хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты æмæ ныппырх сты, уыдонæн арæзт æрцыд цыппар 124 фатерон бирæуæладзыгон хæдзар, æмæ 25 каттеджы. 2010 азы микрорайоны хæдзæрттæ байуæрст æрцыдысты уæлдæр загъд категорийы адæмæн. Хъыгагæн, район дæрддзæф кæй у горæтæй, уымæ гæсгæ йæм газы хæтæл уагъд не ‘рцыд. Уæды хицауад цæрджытæн дзырд радта, зæгъгæ, рæстæгмæ сæрибар æрцæудзыстут электроэнергийы фиддонтæй, цалынмæ ацы районмæ газ бауадзой, уæдмæ.

Ам æрцæрæг адæмæн æппæт дæр баст у электроэнергиимæ, уымæ гæсгæ мæйы мидæг астæуккаг нымадæй электоэнергийы хынцæнтæ  банымайынц 10 мин сомы онг. Цæрджытæй иуæй-иутæ куыд зæгъынц, афтæмæй уый у хынцæнты аххос – сты, дам, хæлд. Уымæн æмæ боны фылдæр хай уыдон сты куыстыты æмæ рухсæй пайда кæнынц æрмæстдæр райсом æмæ изæр. Ног хынцæнтæ чи сæвæрдта, зæгъгæ, уыдонæн афтæ бирæ нæ нымайын.

«Хурзæрин»-ы цæрджытæн электроэнергиимæ баст проблемæтæ фылдæр вæййынц зымæджы, аваритæ куы æрцæуы æмæ район æнæ рухсæй куы аззайы, уæд. Ноджы ма иу проблемæ – электроны рухс куы тыхджын вæййы, куы та лæмæгъ æмæ уый аххосæй арæх фехæлынц сæ электроприбортæ.

Цæрджытæ бирæ азты электроэнергийы аргъ кæй нæ фыстой, уымæ гæсгæ Паддзахадон унитарон куыстуат 2012 азæй фæстæмæ «Энергоресурс»-ы раз сæ хæс сырæзт аст милуан сомы бæрцмæ.

Ивгъуыд аз майы мæйы «Энергоресурс Хуссар Ирыстон» микрорайоны цæрджыты радта тæрхондонмæ, рухсы æхца кæй нæ фыстой, уый тыххæй. Раздæры Президент Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы цæрджытæ лæмбынæгæй æрдзырдтой сæ проблемæты тыххæй, йæ зæрдыл ын æрлæууын кодтой хицауады ныфсæвæрд.

Тыбылты Леонид уæд ныфс бавæрдта, президентон фондæй сын кæй рахицæн кæндзæн аст милуан сомы, цæмæй Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы раз сæ хæс бафидой, фæлæ бынтон сæрибар уой электроэнергийы аргъ фидынæй, уый растыл нæ банымадта.

Уæд ма ацы районы цæрджытæ дзырдтой транспорты проблемæйыл дæр, зæгъгæ, нæм æхсæнадон транспорт цæуы æрмæстдæр æртæ сахаты интервалимæ.

Цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ районмæ цы æхсæнадон транспорт цæуы, уый графикмæ хъæуы бахæссын ивындзинæдтæ, цæмæй боны райдианы æмæ боны кæрон автобус цæуа арæхдæр.

Уæд æз мæхæдæг редакцийы хæслæвæрдмæ гæсгæ сахуыр кодтон ацы проблемæ. Автобусы шофыр Тедеты Мельсикы ныхæстæм гæсгæ рейсты график фæуæрæхдæр кæнын æнæмæнг хъуыддаг нæу. «Ацы автобус у иууыл стырдæр цы æхсæнадон транспорт нæм ис, уыдонæй. Йедзаг вæййы æрмæстдæр райсомæй, адæм куыстытæм, ахуырмæ куы фæцæуынц, уæд. Изæры рейсы та автобус фылдæр хатт фæцæуы афтидæй, фæлæ дыууæ адæймаджы тыххæй дæр æз рейс сæххæст кæнын».

Фæлæ уæддæр сæйраг проблемæйыл нымайын, æрдзон газ сæм кæй нæ хæццæ кæны, уый.

Президентон æвзæрстыты фæстæ «Хурзæрин»-ы районы цæрджытæ ныр та бахатыдысты ног сæвзæрст Президент Бибылты Анатолимæ, цæмæй сын сæ район сифтонг кæной æрдзон газæй. Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта цæрджытæн уагъд сæм кæй æрцæудзæн æрдзон газ.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-æн хæсгонд æрцыд, цæмæй зымæгмæ газæй сифтонг кæной микрорайон æмткæй. Уый та, æнæмæнг, фадат ратдзæн æрмæст хæдзæрттæ хуыздæр хъарм кæнынæн нæ, фæлæ ма сæрибар æрцæудзысты электронон хъармгæнæнтæй пайда кæнынæй дæр.

Микрорайоны цæрджытимæ фембæлыны рæстæджы Бибылты Анатоли загъта: «Сæрдыгон рæстæг сымах нæ пайда кæнут хъармгæнæнтæй æмæ уæ курæг дæн, цæмæй æххæстæй фидат уæ фиддонтæ. Уыдон афтæ бирæ нæ уыдзысты, – загъта уый.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, газ цы районты нæй, уыцы цæрæн пунктты цæрджытæ рухсы æхца фидынц фæасламдæргонд тарифтæм гæсгæ. Иу кубикон метрæн 2,64 сомы бæсты фидынц æрмæстдæр 2 сомы.

Ныртæккæ куыст цæуы «Хурзæрин»-ы районмæ æрдзон газ бауадзыныл. Къахынц бынат хæтæлтæн. «Бацархайдзыстæм, цæмæй фæззыгон уазæлтты райдианмæ микрорайонмæ фæхæццæ уа газ. Нæ хъуыдымæ гæсгæ куыстытæ хъуамæ фæуой 20 октябрмæ», – зæгъы Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-ы хистæры хæдивæг Гæбæраты Анатоли.

Уазæгты Марфа

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.