Нæ республикæйы хоркуыстгæнæг хæдзарадтæн æрбалæууыд ахсджиаг рæстæг – нæмыгон культурæтæ æфснайыны компани. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ацы аз  зынгæ кæй фæфылдæр сты, ахæм культурæты байтыдтыты фæ-зуæттæ. Хъæууон хæдзарады министрады зайæгойкуысты æмæ механизацийы управленийы хистæр Мулдарты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй Хуссар Ирыстоны районты æдæппæт хуым æмæ тыд æрцыдис 3 мин гектары бæрц. Уыдон сæйраджыдæр уыдысты нæмыгон культурæтæ – хъæбæрхор æмæ мæнæу. Ивгъуыд аз та, уыдонæн сæ байтыдтыты фæзуæттæ уыдысты 2500 гектары. Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ нæмыгон культурæтæ æфснайынц Знауыр æмæ Ленингоры районты. Ленингоры районы бафснаинаг ис 1200 гектары, Знауыры районы – 1591 гектары æмæ Цхинвалы районы та – 350 гектары.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ сæ ныфс ис гъæд-джын тыллæг райсынæй. Уымæн æмæ фаронæй ацы аз цы 500 гектары фылдæр байтыдтой, уыцы зæххытæ бирæ азты дæргъы уыдысты улæфт, куыст нæ цыдысты, афтæ ма боныгъæдтæ дæр, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, уыдысты хуыздæр.

Тыллæгæфснайæн куыстыты  æххæст кæны Паддзахадон унитарон куыстуат Ирагропромсервис.  Æмæ сæ дарддæр кæд боныгъæдтæ нæ бакъуылымпы кæной, уæд æппæт куыстытæ дæр бакæндзысты афоныл, бæрæг æмгъуыдты.

                      БЕСТАУТЫ Валя

 

СÆ БАКÆНГÆ КУЫСТЫ ФÆСТИУДЖЫТÆ

Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уымæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй районы фосдарды фермерон хæдзарадтæ æдæппæт нымадæуы 11 æмæ сæм иууыл иумæ ис 321 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ дæр. Уыдон сты 149. Хицæнтæй сисгæйæ, иууыл фылдæр стуртæ дары «Арцеу»-ы хæдзарад – 114, уыцы нымæцы хъуццытæ – 43, «Тъбет»-ы хæдзарадмæ ис 90 стуры æмæ сæм хъуццытæ та нымадæуы 35. Фылдæр фос ма цы хæдзарадтæм ис, уыдон сты: «Алан» – 50, уыдонæй хъуццытæ сты 30, «Фат»-мæ ис 20 стуры æмæ иууылдæр сты хъуццытæ. Стурвосдарды куыст ма кæнынц «Виктория», «Аз», «Цъунар», «Цъунар» Лохы фырт æмæ «Фат». Родты нымæц æдæппæт у 40 æмæ хицæнтæй сисгæйæ сты ахæм хæдзарадты: «Тъбет»-ы – 27, «Алан»-ы -7, «Арцеу»-ы – 4 æмæ дыууæ роды та хъомыл кæны «Фат». Фысдарды куыст рагæй кæны «Алан»-ы хæдзарад æмæ йæм лыстæг фос иууыл иумæ ис 250, йæ уæрыччыты нымæц та хæццæ кæны 50. «Алан» -ы хæдзарад ма кæны маргъдарды куыст дæр æмæ йын сты 100. Бæхты нымæц у 5 æмæ сты ахæм хæдзарадты: «Алан»-ы – 3 æмæ фæйнæ бæхы та дарынц «Цъунар» æмæ «Фат»-ы хæдзарадтæ.

 

ЗÆХКУЫСТЫ ФÆСТИУДЖЫТÆ

Зæхгуыст дæр районы кæнынц 9 хæдзарады æмæ сæм фæззыгæнд мæнæу иууыл иумæ тыд æрцыд 91 гектары. Иууыл фылдæр байтыдта «Тын»-ы хæдзарад (йæ разамонæг Сиукъаты А.). Арендатор Бибылты В.-йæн тыд ис 20 гектары, Къостайыхъæуы паддзахадон арендатортæ та æмткæй байтыдтой 19 гек-тары, фæйнæ 6 гектары та тыд æрцыд «Фат» æмæ «Аз»-æн æмæ 5 гектары та байтыдта «Цъунар»-ы хæдзарад (йæ разамонæг Бибылты С.). Уалдзыгæнд мæнæу 10 гектары фæзуатыл æрмæстдæр байтыдта «Алан»-ы хæдзарад, кæцыйæн разамынд кæны Хуыбиаты А.

Уалдзыгæнд хъæбæрхоры культурæ районы хæдзарадтæ байтыдтой фылдæр æмæ иууыл иумæ йæ фæзуат ахсы 181 гектары, уыцы нымæцы 128 гектары байтыдтой Къостайыхъæуы арендатортæ, 13 гектары байтыдта «Фат», «Тын»-12 æмæ афтæ дарддæр. Сысджы ра-йоны æдæппæт тыд æрцыд 67 гектары, уыцы нымæцы «Тъбет»-ы хæдзарад байтыдта 35 гектары, 20 гектары тыд æрцыд «Тын»-æн æмæ æндæртæ. «Тын»-ы хæдзарад ма байтыдта нартхор дæр æмæ йæ фæзуат у 10 гектары.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.