Дæргъвæтин азты кусы, нæ горæты Хетæгкаты Къостайы уынджы цы аптекæ ис, уый. Ацы уагдон нæ горæты арæзт æрцыд фыццаг æмæ йæ ном дæр абоны бонмæ баззад афтæмæй.

Райдианæй фæстæмæ ам куыста æмæ дзы ныр дæр фæллой кæны, йæ хъуыддаг хорз чи зоны æмæ йыл æнувыд чи у, цæрджыты æнæниздзинадыл зæрдæйæ чи тыхсы, ахæм медперсонал. Фыццæгæм аптекæйы хистæры хæстæ æххæстгæнæг у Санахъоты Азæ. Уый фар-мацевтон академи каст фæци Пермы горæты æмæ фæстæмæ йæ райгуырæн горæтмæ æрыздæхгæйæ, цæстуарзонæй лæггад кæны цæрджытæн. Райдианы уыд æфтауцдоны гæс, уый фæстæ та уыд провизор-технолог, фæстæдæр та йæ снысан кодтой дыккæгæм аптекæйы хистæрæй. Ацы уагдон цалдæр азы размæ йæ куыстæй куы æрлæууыд, уæд рахызт фыццæгæм аптекæмæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы хосгæнæн уагдон дæр æххæстæй дзуапп нал лæвæрдта адæмы домæнтæн, æрцыд мæгуырау уавæрмæ æмæ уымæ гæсгæ коллектив бауынаффæ кодтой, цæмæй йæ сцалцæг кæной сæхи фæрæзтæй. Уæдæй фæстæмæ бæстыхайы хуыз фæивта хуыздæрæрдæм æмæ дзы рухс кæны æрбацæуджыты зæрдæ.

Санахъоты чызг цыбыртæй радзырдта уагдоны куысты тыххæй, æрвылбон дæр æмбæстæгты æнæниздзинады тыххæй куыд фæллой кæны  алы адæймаг дæр, уыдæтты тыххæй. Зæгъын хъæуы, раздæры азтимæ абаргæйæ сæм æххуысы тыххæй къаддæр адæм цæуы, уымæн æмæ горæты хисæрмагонд аптекæты нымæц схызт. Паддзахадон æмæ хисæрмагонд аптекæты хицæндзинад ис æрмæстдæр уый мидæг, æмæ рынчынæн ам рецепттæм гæсгæ цæттæ кæнынц хостæ, стæй ма рецептурон рауагъд  кæй хонынц, уый дæр гæнæн ис паддзахадон аптекæйæн, хисæрмагонд аптекæтæ цæмæй хостæ уадзой, уый тыххæй сын хъæуы лицензи. Дарддæр уагдоны хистæр загъта, зæгъгæ, сæ хостæй ифтонг кæны сæ Министрад. Уый тыххæй 2013 азы республикæйы Хицауад райста уынаффæ æмæ æххæст дæр цæуы. Хостæ æнæаргъæй лæвæрд цæуынц сæкæры низ, онкологи, гепатит С æмæ æндæр рынчынтæн. Раздæры азты диабетæй рынчынтæн хостæ лæвæрдтам 3 адæймагæн, фæлæ, хъыгагæн, ацы низ дæр тынг сарæх æмæ ныртæккæ лæггад кæнæм 500 адæймагæй фылдæрæн. Иудзырдæй, цыдæриддæр зынаргъ хостæ сты æмæ адæймагæн йæхицæн йæ бон  сæ балхæнын нæу, уыдонæн нæ Хицауад æххуыс кæны.

Аптекæйы хостæ та цæттæ кæны Пермы медицинон уагдоны рауагъдон, провизор-технолог Чъелеты Аллæ. Дохтыр цы хостæ рафыссы рынчынтæн, уыдон цæттæ кæнæм куыд сывæллæттæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр. Цæвиттон, дохтыр сывæллонæн рафыста таблеткæ, фæлæ уый дохтыры банысангонд дозæимæ нæй аптекæйы æмæ йæ уæд йæ кармæ гæсгæ фæхъæуы дих кæнын. Вæййы афтæ æмæ иу таблеткæ, рынчыны кармæ гæсгæ фæхъæуы 50 хайыл дих кæнын, 70 хайыл та йæ фæхъæуы бынтон чысыл сывæллæттæн. Цæттæ кæнынц стоматологтæн ахæм хос, кæцыйы фæрцы уыдон базилынц сæ инструменттæм. Чъелеты чызг раппæлыд, иууыл хуыздæр æмæ ахадæндæр кæй сты, кæрдæджытæй цы хостæ аразынц, уыдон. Раст у, Уæрæсейы ацы хайадтæ сæхгæдтой, рентабелон кæй нал сты, уымæ гæсгæ. Низтæ æндæр æмæ æндæртæ сты æмæ сæ алкæмæн дæр ис йæхи дзæбæхгæнæн кæрдæг. Хатт вæййы афтæ æмæ хостæ цæттæ кæныныл æххæсгæ дæр нæ фæкæнынц, фæлæ хатт та сæ нымæц вæййы къаддæр. Аптекæимæ æмгуыст кæны цармы низты диспансер, рынчынты басгарыны фæстæ сын рафыссынц æмбæлон хостæ æмæ сæ Чъелеты чызг цыбыр æмгъуыдмæ бацæттæ кæны.

                                                   ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.