Сывæллоны физикон рæзтмæ, физикон хъомыладмæ æппæт рæстæджыты дæр здæхт цыдис стыр хъусдард. Æмæ уый æмбæрстгонд дæр у. Адæймаг цæмæй цæра, куса, архайа уый тыххæй физикон æгъдауæй хъуамæ уа æнæниз, йæ бон æххæст кæнын уа, йæ разы цы хæстæ æвæры, уыдоны.

Ацы ахсджиаг хæс æвæрд ис куыд ныййарджытыл, афтæ скъолайыл  æмæ  скъолайы  агъоммæ уагдæттыл дæр. Мæн фæнды мæ хъуыдытæ зæгъын сывæллæтты хъомылады ацы здæхты стыр нысаниуæгыл. Бирæ азты дæргъы æз кусын  сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнæгæй æмæ йæ мæ фæлтæрддзинадæй зонын, цас ахсджиаг у сæ физикон рæзтыл аудын. Фæлæ уал зæгъдзынæн уый, æмæ фæстаг азты, уæлдайдæр та августы хæстæй фæстæмæ, скъолайы агъоммæйы уагдæтты куыстмæ сæрмагонд хъусдард кæй ис. Капиталон æндидзыд æмæ  цалцæг цæуынц сæ бæстыхæйттæ, ифтонг цæуынц æппæт хъæуæг æрмæджытæ æмæ инвентарæй. Августы хæсты хæдфæстæ йæ хуыз скалдта нæ сывæллæтты рæвдауæндоны бæстыхай дæр, куыд æдтейæ-мидæгæй, афтæ йæ территори дæр. Æмæ куыстæн æмбæлон уавæртæ та бирæбæрцæй, ахъаз кæнынц сывæллæттимæ æмбæлон хъомыладон куыст кæнынæн.

Зындгонд у, скъолайы агъоммæ кары сабиты æнæниздзинадæн, сæ  физикон рæзтæн бындур æвæрд кæй цæуы рæвдауæндоны. Уымæй кæнгæ у йæ фидæны царды йæ удварн, йæ дунеæмбарынад, хъуыдыкæнынад, зонындзинæдтæ исын, хи тыхтыл æууæндын.   Зындгонд педагогтæ нысан кæнынц, зæгъгæ, интеллектуалон архайд физикон архайдæй ивын хорзæрдæм æндавы хъомылгæнинаджы æнæниздзинадыл, йæ  ахуыры гъæдыл, йæ æппæтварсон рæзтыл. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ иттæг ахсджиаг у сывæллæтты ацы кары физкультурæйы ахуыртæ раст организаци кæнын. Скъолайы агъоммæ уагдæтты сæйраг хæс сывæллæтты скъолайы æнтыстджын ахуырмæ бацæттæ кæнын кæй у, уымæ гæсгæ нæ куыстæн йæ мидис у алы сывæллоны æппæтварсон рæзт, фыццаджыдæр, та гъæдджын физикон рæзт ифтонг кæнын.

Нæ тагъдивæг дуджы фылдæрæй-фылдæр домæнтæ æвæрд цæуы скъолайы фыццагкъласонты раз. Уый та, йæ рады, домы сывæллæтты рæвдауæндæтты ахуырадон-æмбарынгæнæн архайды гуырахст æмæ интенсивондзинад фылдæр кæнын. Уымæй, арæх, уæлдай уæз æрцæуы хъомылгæнинæгтыл æмæ тæссаг вæййы, куыд гоймаг, афтæ сæ рæзтæн се ‘нæниздзинадæн дæр разиан кæны-нæй.

Хъомылгæнинагæн зын процесс вæййы рæвдауæндонæй скъоламæ рахизын, уымæ гæсгæ мах, хъомылгæнджытæ, нæ хæс уынæм уый мидæг, цæмæй хистæр кары къордты ахуыртæ æрбаввахсдæр кæнæм скъолайы ахуыртæм. Æмæ ам дæр, скъолайы ахуыры процессыл  баст бирæ проблемæтæн аиуварсгæнæн ис физикон фæлтæрæнты руаджы. Куыд сбæлвырдчындæ-уыд, афтæмæй рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ скъолайыл зынтæй кæй æрцахуыр вæййынц, уымæн йæ аххосæгтæй иу у, се ‘нæниздзинады æмвæзад мæгуыраудæр кæй кæны æмæ ахуырмæ та домæнтæ фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц. Ам банысан хъæуы, Æнæниздзинад хъахъхъæныны Дунеон Организаци кæй расидт лозунг: «21 æнусы  – æнæниздзинад, планетæйы алы цæрæгæн дæр». Уыимæ æнæниздзинад бæлвырд цæуы, куыд физикон, психикон æмæ социалон фæрныгад. Афтæмæй физикон культурæйы нысаниуæг ист цæуы ног æмвæзадмæ æмæ хъуамæ суа адæмы æнæниз цардуаджы бындур. Уыцы бындур та æвæрд цæуы скъолайы агъоммæ кары. Растдæр ацы кары физикон хъомылад вæййы иууыл æнгомдæр баст иумæйаг хъомыладимæ.

Бæлвырд у, низтæ æмхиц кæмæ сты, рынчынгæнаг чи у, уый ахуыры рæстæджы тагъддæр фæллайы, йе ‘взыгъддзинæдтæ зындæрæй æргом кæнынц. Уымæ гæсгæ иттæг ахсджиаг у сывæллоны физикон хъомыладмæ æдзух хъус дарын. Уый организмæн фадат дæтты хъарутæ æмбырд кæнынæн, сывæллоны дарддæры æппæтварсон рæзтæн.

Сывæллæтты физикон хъомылад раст æххæст кæнын хъомылгæнæгæй домы, цæмæй арæхса сывæллæтты физикон æнæниздзинад цахæм у, уы-мæн аргъ скæнынмæ, физикон хъомылады фæдыл йæ хæстæ дырысæй бæлвырд кæнынмæ.

Физикон культурæ у иумæйаг культурæйы хай æмæ йын фæхицæнгæнæн нæй, æм-хъарутæй хъæуы кусын йæ рæзын кæныныл.

Бирæтæ нымайынц афтæ, зæгъгæ, физикон культурæ у æрмæстдæр физикон змæлд, физикон фæлтæрæнтæ, фæлæ уый раст нæу. Уымæ хауы хисæрмагонд гигиенæ, куысты æмæ цардуаджы цайдагъдзинæдтæ, фæтк æмæ сыгъдæгдзинад, фынæйы, хæлцы гигиенæ хъахъхъæнын, организмы фæлтæрын æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, физикон фæлтæрæнтæ.

Сывæллæттимæ ацы здæхты кусгæйæ, хъомылгæнæгæн бастдзинæдтæ хъуамæ уа куыд медицинон кусджытимæ, афтæ ныййарджытимæ дæр.

Ацы æмæ бирæ æндæр уагæвæрдтæй пайда кæнгæйæ, мах не ‘рвылбонон  куысты архайæм, цæмæй сывæллæтты иумæйаг хъомылады йæхи аккаг бынат ахса физикон хъомылад æмæ сын æдзух кæсæм сæ цардæфсæст цæстытæм.

ЕЛБАЧИТЫ Ламарæ,

Цхинвалы сывæллæтты 12-æм рæвдауæндоны

хъомылгæнæг

74/8, 06, 2017

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.