Хуссар Ирыстоны хæстон рæстæджытæ кæуыл бандæвтой, уыдонæн æнæмæнг хъæуы психологон æххуыс. Уыцы фарстытыл æруынаффæ кæныны тыххæй дохтыртæ, психологтæ, логопедтæ, ахуырады, уæлвæткон уавæрты министрадты æмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минæвæрттæ æрæмбырд сты тымбыл фынджы фарсмæ. Сорганизаци йæ кодта æхсæнадон архайæг Джиоты Аэлитæ.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны адæм хорз æмбарынц, дæргъвæтин агрессийы фæстиуджытæ куыд æндавынц адæмы психологийыл. 2008 азы августы хæсты фæстæ фæзынд ног термин «цхинвайлаг синдром», ома, адæймаджы психикæ цъус куы фæцуды.

Ныридæгæн бирæ къахдзæфтæ арæзт æрцыд цæрджыты фарс психологон æгъдауæй балæууыны фæдыл. Фæлæ сæ фæнды, цæмæй ноджыдæр адæм бамбарой уыцы       хъуыддаг, æмæ профессионалмæ æххуысы тыххæй бахатын худинаг кæй нæу.

Аэлитæйы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны университеты психологон факультет конд кæй æрцыд, уый хорз хъуыддаг у, уымæн æмæ уым цæттæ цæуы квалификациджын специалисттæ, кæцытæ æххуыс кæнынц адæмæн.

Паддзахадон университеты ахуыргæнæг, психолог Гæбулты Индирæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ 2008 азы хæсты диссæгтæ чи бавзæрста, уыцы цæрджыты психологон реабилитацийыл ничи бакуыста, кæд хæст стыр психологон хъæнтæ ныууагъта адæмыл, уæддæр. Уыцы хæсты фæстиуджытæ, рæстæг куыд цæуы, афтæ ноджы арфдæр кæнынц. Уый æмрæнхъ адæймаг йæхæдæг нæ æнкъары йæ психологон цухдзинæдтæ.  

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæр йæхæдæг нæ ацæудзæн. Бирæ æвзонг лæппутæ ис, кæцытæ æфсæрмы кæнынц психологмæ бацæуын æмæ йын сæ проблемæ радзурынæй. Æмæ уыцы хъуыддаг хорз фæстиуджытæм не ‘ркæны, уый æркæны зæрдæ-дадзинты системæйы лæмæгъдзинадмæ, гипертони, онкологи, нуæртты проблемæтæм… Дарддæр уыдон фæлтæртыл бандавынц æмæ æркæнынц генетикон ивындзинæдтæм.

Ныхасгæнæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ нæ сывæллæтты цæхæрадæтты бæрæг цæуы ахæм сывæллæттæ, кæцытæн сæ бон нæу æмæ иу дамгъæ дæр зæгъой, дзурынмæ нæ рæхсынц.

«Уыцы хъуыддагмæ специалистты цæстæнгасæй акæсгæйæ ахæм хатдзæг саразæн ис – дзурынмæ чи нæ рæхсы, уымæн хъуыды кæнын дæр нæу йæ бон. Уымæ гæсгæ пайда кæнын хъæуы медицинон технологитæй, фæлæ алы дохтыры фарсмæ дæр хъуамæ уа психологтæ, кæцытæ кусдзысты рынчынтимæ. Уый тынг хорз практикæ у», – банысан кодта Индирæ.

Психологон æххуыс хъæуы бирæ æмбæстæгты

Æнæниздзинад хъахъхъæныны ми-нистры хæдивæг Сиукъаты Наирæ дæр банысан кодта уыцы хъуыддаг, ома, иу организаци дæр æмæ иу структурæ дæр фæсхæст нæ архайдтой Хуссар Ирыстоны адæмы психологон реабилитацийыл. Уый фæстиуæг у ахæм – дохтыртæм бирæ адæм хатынц, кæцытæ тыхсынц алыгъуызон фобитæ æмæ æндæр ахæм æнгæс низтæй. Йæ ныхæстæм гæс-гæ, æнæниздзинад хъахъхъæныны министры инициативæмæ гæсгæ план цæуы горæтон поликлиникæйы бындурыл консультацион кабинет сорганизаци кæнын. Уырдæм алы адæймагæн дæр фадат уыдзæн æр-бацæуын æмæ æмбæлон консультаци райсынæн.

«Махмæ бирæ психологтæ æмæ квалификациджын специалисттæ ис, æмæ куы хъæуа, уæд ахуырмæ дæр арвитдзыстæм, науæд Уæрæсейæ дæр æрхондзыстæм специалистты. Афтæмæй цадæггай ацы проблемæ бæстон цæудзæн, уымæн æмæ психологон æххуыс хъæуы алы дыккаг хуссарирыстойнаг цæрæджы», – банысан кодта министры хæдивæг.

      Хъæуы сæ специалисттæ

Уæлвæткон уавæрты министрады минæвар Марданты Димитр хъусдард аздæхта, бæрæг цауы бынатмæ ирвæзын кæнын æмæ æнамонд цау ма æруадзыны тыххæй кусджытæ куы ацæуынц, уæд сæ æнæмæнг кæй хъæуы психологы æххуыс дæр. Статистикæмæ гæсгæ æнамонд цауты 85 проценты æрцæуы нозтджынæй, фондз-æхсæз проценты та – наркотикон буарадтæй спайда кæныны рæстæджы. Дæс азы дæргъы регистраци æрцыд хи марыны авд цауы, уыдонæй цыппары рæстæджы, хъыгагæн, сæ бон нал бацис сæ аиуварс кæнын. Æппæт ацы цаутæ Уæлвæткон уавæрты министрады минæвар дæр бæтты хæстон уавæрты фæстæ синдромимæ, кæцыйæн фондз-авд азы фæстæ рабæрæг вæййынц йæ фæстиуджытæ. Æмæ бахатыд, цæмæй сын баххуыс кæной специалисттæ бацæттæ кæныны   хъуыддаджы. 

Президенты администрацийы мидæггагон политикæйы фæдыл управленийы сæргълæууæг Уанеты Мурат хъусдард аздæхта цæрджытæн психологон æххуыс æнæмæнгхъæуæг кæй у, фæлæ бирæ организациты нæй уыцы специалисттæ. Æмæ раст хъуыддагыл банымадта, профессионалон психологты уæлæмхас штаттæ сфидар кæнын.

Психологон службæ æнæмæнг хъæуы

Кардиолог Хъороты Светланæ дзырдта, дохтыртæм бирæ пациенттæ кæй хатынц, сæ нуæрттæ сæ кæй тыхсын кæнынц, уый тыххæй.  Уымæ гæсгæ сæ хъæуы психологон службæ. Бирæ хатт сæхæдæг дæр вæййынц психологтæ, цæмæй рынчыны разæнгард кæной рæстæгыл специалисттæм бацæуынмæ.

Тымбыл фынджы рæстæджы ма ацы ахсджиаг проблемæйыл сæ хъуыдытæ дзырдтой Ахуырады министрады минæвар Гаглойты Розæ, Харебаты Мæдинæ, кæцы йæхæдæг тыхсы сæрмагонд сывæллæттæн индивидуалон æмæ профессионалон æххуыс кæныны хъуыддаджы. Уый ныр цал-дæр азы ахуыр кæны аутизмæй рынчын сывæллæттимæ кусыны методикæ.

«Хуссар Ирыстоны ис бирæ инвалид сывæллæттæ – 400 бæрц, æмæ уыдонæн æнæмæнг хъæуы реабилитацион центр æмæ ма уый æмрæнхъ коррекцион скъола байгом кæнын. Уыцы ахсджиаг хъуыддæгтæ æнæ хицауады æххуысæй махæн саразын нæ тыхы нæ бауыдзæн. Индивидуалон куыст хъæуы иуæй-иу рынчын сывæллæттимæ æмæ логопедтæ æмæ психологтæ та хъæуы æдзухон бындурыл», – банысан кодта Мæдинæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.