27-æм декабры, нæ республикæйы æрбайгом сæйраг наз бæлас. Сæдæгай сабитæ æрæмбырд сты Театралон фæзуатмæ, ирхæфстой сæ 27 Митын Дада, æмæ аргъæутты хъайтартæ, афтæ ма Цæгат Ирыстон-Аланийæ сфæлдыстадон къорд. Митын Дадатæ назбæласы алыварс  кафыдысты. Сабитæ æрхъула кодтой Митын Дадатыл – алчидæр архайдта кæлæнгæнæг хызынæй адджинæгтæ фелвасыныл. Сценæйыл кафт æмæ зарды номертæ æххæст кодтой сывæллæттæ сæхæдæг. Митын Дада æмæ Митын чызгæн æмдзæвгæтæ цы сабитæ дзырдтой, уыдон иу схорзæхджын кодтой лæвæрттæй.

Уый фæстæ сабиты ахуыдтой Кинотеатр «Чермен»-мæ цыран бæрæбонон мадзал æвдыста цæгатирыстойнаг сфæлдыстадон къорд. Ацы къорд нæ республикæйы архайдзæн цалдæр бон. Сабитæн равдисдзысты «Приключения Спанч Боба». «Маша и медведь» æмæ «Кавказкое новогоднее приключение».

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.