25-æм декабры нæ горæты Театралон фæзуаты байгом республикæйы сæйраг назбæлас. Йæ гом кæныны рæстæджы фæзуатмæ æрбацыдысты нæ республикæйы æмбæстæгтæ, скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимæ. Уыдон æвдисæн систы, ам  цы театралон равдыстытæ уыд, уыдонæн, цыран аргъæутты персонажтæ алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлтты ирхæфстой æрæмбырдуæвджыты. Митын Дада æмæ Митын Чызг сабитимæ кафыдысты назбæласы алыварс, дзырдтой æмдзæвгæтæ æмæ зарыдысты бæрæгбонон зарджытæ. Митын Дада æмæ Митын Чызгæн æмдзæвгæтæ цы сабитæ дзырдтой, уыдон-иу схорзæхджын кодтой лæвæрттæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр æрбацыд Театралон фæзуатмæ. Бæстæйы сæргълæууæг  ногазон арфæ ракодта нæ республикæйы сывæллæттæн. «Арфæ уын кæнын æрбалæугæ ног азы цытæн, фæнды мæ, цæмæй æппæт дунейы сывæллæттæ уой æнæниз æмæ хъомыл кæной сыгъдæг арвы бын. Сымах махæн стут иууыл хуыздæр æмæ курдиатджындæр кæстæртæ. Ут нын кæдфæндыдæр æнæ-низ æмæ амондджын», – загъта Бибылты Анатоли.

Фæзуатмæ цы сывæллæттæ æрбатымбыл сты, уыдон бирæ рæстæджы нæ ауагътой бæстæйы сæргълæууæджы,  алкæй дæр сæ фæндыд йемæ къамтæ сисын.

Театралон фæзуат уыд сæ бæрæгбонвæлыст, хъуыстысты бæрæгбонон музыкалон зæлтæ, афтæ ма сывæллæтты хъæлдзæг худт æмæ хъæлæба хаста зæрдæйæн æхсызгондзинад. Уый фæстæ сывæллæттæн сæ бæрæгбонон мадзал адарддæр кодтой нæ паддзахадон драмон театры актерты. Уыдон сæ чысыл театрдзауты размæ рахастой спектакль «Красная шапочка».

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.