Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет проект «Æргом хицауады» фæлгæтты дарддæр организаци кæны информацион фæрæзты минæвæрттæн пресс-конференцитæ. Ацы хатт та Дунеон пресс-центры бæрзонд уазæг уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Информацион фæрæзты руаджы æхсæнадимæ æргом ныхас, Хицауады Сæрдары хъуыдымæ гæсгæ, хорз хъуыддаг у, уымæн æмæ къухдариуæгад æмæ адæмы ‘хсæн æмбæхст, æхгæд дзуринæгтæ нæй.

«Республикæйы арæзт цы цæуы, Хицауад цы архайы, уый æппынæдзух у æргом æмæ ис информацион тыгъдады. Абон мах цы уавæрты стæм, уым архайæм иумæ адæмы хæрзæбонæн. Раст у, бæстонкæнинаг фарстатæ нын нырма ис, фæлæ, сæйраг уый у, æмæ уыцы фарстатæ скъуыддзаг кæнын куыд хъæуы, уый зонæм.

Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй Æхсæнхицауадон къамисы фæлгæтты реализаци цæуы нæ бæстæйы социалон-экономикон райрæзты фæдыл Инвестицион программæ. Ацы программæ Уæрæсейы зын уавæртæм нæ кæсгæйæ иу сом дæр нæ фæкъаддæр сты, Инвестицион программæйы фæлгæтты цы мадзæлттæ реализаци хъуамæ цæуой, уыдоны финансон гуырахст æххæстбæрцæй хъахъхъæд æрцыдысты. Уымæ гæсгæ мах нæ фидæнмæ хъуамæ кæсæм стыр оптимизмимæ  æмæ нæ хъæуы æрмæстдæр кусын æмæ кусын», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Ивгъуыд аз не стратегион партнер Уæрæсейы Федерациимæ цы стыр Бадзырдыл æрфыстæуыд къухтæ, уый Хицауады Сæрдары хъуыдымæ гæсгæ, нæ æмархайды ракодта ног æмвæзадмæ. Уыцы Бадзырды бындурыл ныридæгæн уæлæмхас Сразыдзинæдтæ арæзт æрцыд нæ бæстæты Ахуырад, Æнæниздзинад хъахъхъæнын, Культурæйы министрадты ‘хсæн. Æрæджы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадты ‘хсæн Сразыдзинад бафыст æрцыд иумиаг Координацион центр саразыны фæдыл. Къорд Сразыдзинæдтæ цæттæ цæуы æндæр министрадты ‘хсæн. Хъуылымбегты Доменти куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Бадзырд архайы æмæ нæ УФ-имæ ракодта ног бæрзонд, æфсымæрон, хæларадон ахастытæм. «Ахæм зæрдæйыуагимæ кусæм, архайæм, нæ разы цы хæсты лæууынц, уыдон аскъуыддзаг кæныныл, кæцыты нæ разы æрæвæрдта бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид. Архайæм, нæ æмбæстæгтæ нæм цæмæ æнхъæлмæ кæсынц, ууыл, цæмæй нæ иумиаг архайдæй адæмы цард бæрæг хуыздæр æмæ хæрзвадатдæр уа», – дзырдта Хицауады Сæрдар.

Дарддæр фарст-дзуаппы хуызы Хъуылымбегты Доменти дæргъвæтин рæстæг лæмбынæг æрдзырдта бæстæйы позитивон ивындзинæдтыл, аразинаг, бæстонкæнинаг хъуыддæгтыл æмæ фидæны перспекти-вæтыл.

Хуссар Ирыстоны сæудæджерадон уагдæтты фидæны фæдыл Хицауады Сæрдар афтæ банысан кодта, зæгъгæ, хъуамæ приватизаци æрцæуой, фæлæ уый хыгъд акциты контролон пакет уыдзæн хицауадмæ. Паддзахадон исады формæйæн нæй раппæлинаг фæстиуджытæ.

«Уыдонæй акционерон æхсæнадтæ арæзт куы æрцæуа, уæд сын паддзахад æххуыс кæндзæн, акционертæ та архайдзысты, цæмæй уагдæтты куыст райтынг уа.

Приватизацийы фæдыл сноггонд закъон йæ нормативон æмæ дæлзакъонон акттимæ ныридæгæн у цæттæ æмæ ист æрцæудзæн», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад финансон æххуыс бакодта хицæн уагдæттæн. Фæлæ, зæгъгæ, уыцы фæрæзтæ хардз æрцыдысты куыстмыздтæ, кредиттæ фидыны фæдыл. Ивгъуыд аз хицауады арæзт æрцыд кусæгон къорд, паддзахадон унитарон уагдæтты фæдыл мониторинг æмæ архайдæн анализ скæныны тыххæй. Уыцы куысты фæстиуæгæн ныридæгæн æхгæд æрцыд цыппар унитарон уагдоны. Ахæм процедурæ æнхъæлмæ кæсы къорд уагдонмæ дæр.

Пресс-конференцийы рæстæджы Хицауады Сæрдар æрдзырдта хисæрмагонд бюджеты æфтиæгтæ фæфылдæр кæнынæн фæрæзтæ бацагурыныл. Уый хыгъд амалиуæгады фиддонтæ фидыны системæ баззайдзæн максималон æгъдауæй ныллæгæй.

«Фиддонтæ фидыны фæдыл закъонмæ цы ивындзинæдтæ æрцыд хаст, уыдон уадиссаг уæз не руаддзысты амалиуæггæнджытыл. Æрæджыйы онг æрдзон газ æмæ электроэнер-гийы фиддонтæ цæрджытæ æмæ амалиуæггæнджытæн æмхуызон уыдысты, фæлæ сæ ныр амалиуæггæнджытæн бæрæг фæфылдæр кодтам. Уый цадæггай ноджы фæфылдæр уыдзæн, фæлæ уадиссаг ма хъуамæ бандава амалиуæггæнджытыл», – дзырдта уый.

Абоны бон хисæрмагонд æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны фæдыл фæсауæрцтæ агурын у хицауады сæйраг хæстæй сæ иу. Хисæрмагонд æфтиæгтæй дарддæр бирæ социалон фарстатæ æмæ цæрджыты хъуагдзинæдтæ æрбæстон кæныны фæдыл уæлæмхас фæрæзтæ ссарын йæ бон нæу хицауадæн. Уымæ гæсгæ амалиуæггæнджыты æмæхсæнад дæр æмбаргæ ахаст хъуамæ æвдиса ацы фарстмæ. Ныртæккæ хицауады раз ис ахæм хæс, цæмæй ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ацы аз фæфылдæр кæна хисæрмагонд æфтиæгты бæрц.

Æрдзон фæсауæрцтимæ организациты архайдыл контроль кæнын фæтыхджындæр кæнын Хицауады Сæрдар схуыдта хисæрмагонд æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны иу ратæдзæн. Афтæ ма план цæуы паддзахадон исады арендæйы аргъ фæфылдæр кæнын.

Пресс-конференцийы рæстæджы Хицауады Сæрдар хъусдард аздхæхта коммуналон лæггæдтæ рæстæгыл æмæ цæсгомджынæй фидыны хъуыддагмæ. Æрдзон газ æмæ электроэнергийы хæрдзты хæс хъуамæ хицауад бафида 300 милуан сомы. Хъуылымбегты Доментийы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы цæрджытæ газ æмæ электроэнергийы хæрдзтæн фидынц æрмæстдæр сæ 60 проценты.

Уыцы-иу рæстæджы ма уый зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæ кусæгон балцы рæстæджы УФ-йы «Газпром»-ы сæргълæууæг Алексей Миллеримæ фæмбæлды рæстæджы кæй бадзырдтой нæ республикæйы газификаци кæныны программæ адарддæр кæныныл. Уый, зæгъгæ, ахсджиаг социалон темæ у, «Газпром» æмæ нæ хицауадæн хæстæ ис æмæ фарст скъуыддзаг цæудзæн.

Æрæджыйы тæрккъæвдаты рæстæджы горæты бахъыгдард цæрæн хæдзæрттæ. Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти куыд загъта, уымæ гæсгæ сын паддзахад бакæндзæн бæрæг æххуыс сæ цæрæн хæдзæрттæ сæндидзын кæнынæн. Уымæн æмæ хицауад хæсджын у, стихион æнамонддзинады рæстæджы хъыгдард баййафæг æмбæс-тæгтæн баххуыс кæнын.

Бирæ цæрджытæ цымыдис кæнынц, нæ горæты Хъайтарты уынгыл цы бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдон цахæм категорийы æмбæстæгтыл дих цæудзысты, уымæ.

«Уыцы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ дих цæудзысты, бирæ рæстæг рады чи лæууы, бирæсывæллонджын бинонтæн – раст æмæ фæткмæ гæсгæ», – загъта уый.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ма лæмбынæг дзуаппытæ радта информацион фæрæзты минæвæрттæн. Уыдон цымыдис кодтой бынæттон цæрджыты арæзтадон куыстытæм фылдæр æрбахонын, бюджетон сферæйы кусджытæн куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын, Дзомагъ-Едысы нуазыны доны хаххыл сыгъдæггæнæн ифтонггæрзтæ сæвæрын, мобилон бастдзинад «Остелеком»-ы тарифтæ фæкъаддæр кæнын æмæ æндæр фарстатæм.

Хицауады Сæрдар фæдзæхста информацион фæрæзты, ныртæккæйы стабилон уавæр хъахъхъæнын æмæ размæ цæуын, оптимизмимæ фидæнмæ кæсын, нæ стратегион партнер Уæрæсеимæ размæ тырнын, иумиаг стратегион хæстæ скъуыддзаг кæнын. Мах, зæгъгæ, хъуамæ уæм иумæ, иу хъуыдыйыл хæст æмæ æмзонд.

«Алы адæмы хъысмæт дæр ис адæмæн сæхи къухты. Уымæ гæсгæ нæ алчидæр хъуамæ хъуыды кæна сомы боныл, хорз æмæ зæрдæрайæ йыл æмбæлын.

Реалон, бындур кæмæн ис, ахæм критикæ дæр хъуамæ уа. Уый амоны хуыздæр аразынмæ фæндæгтæ. Æндæрхуызон критикæ ма хъуамæ уа нæ æхсæнады», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Информацион фæрæзты минæвæрттæн ноджыдæр йæ цæст бауарзта бæстæйы размæцыды æмæ æнтыстытыл хæрзиуæгæн кусын.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.